Фæстаг рæстæджы та нæ горæты уынгты æдæрсгæйæ ацæуæн нал ис, дзæгъæл куыйтæ æгæр кæй сарæх сты, уый аххосæй.

Куыд зонæм, афтæмæй рæстæгæйрæстæгмæ Цхинвалы администраци бадзырд саразы ОМОН-ы кусджытимæ æмæ уыдон бацархайынц цæрджыты æдасдзинады нысанæн куыйты скуынæг кæныныл, фæлæ та цалдæр мæймæ сбирæ вæййынц. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ вæййынц æрранизæй рынчынтæ æмæ ахæм куыдзы хæст та адæймагæн хæссы тæссагдзинад.

Редакцимæ æрбацыд дыууæ сылгоймаджы æмæ радзырдтой ахæм цау. «Боны кæцыфæнды афон дæр горæты уынгты ис бирæ дзæгъæл куыйтæ, раздæр уыдон кæд фæсфæд рæтты сæхи аууон кодтой, уæддæр ныр чыртæй-чыртæй рацæуынц, бирæ адæм цы бынæтты змæлы, уырдæм дæр. Уымæ гæсгæ адæм фæцæуынц тæрсгæ-ризгæйæ. Хуыцаубон райсом раджы фæцæйцыдтæн базармæ æмæ федтон, уынгмæрзæг сылгоймагыл куыд ныттыгуыр сты цалдæр куыдзы æмæ йæм куыд лæбурдтой. Уый сæ йæ цъылынæй бæргæ сырдта, фæлæ… Æз æм баввахс дæн, мæ къухы цы хызын  уыд, уымæй сæ сырдтон, фæлæ мæнмæ дæр лæбурын райдыдтой. Нæ хъæрмæ-иу хæдзарæй нæл-гоймаг ралыгъд æмæ сæ уый асырдта. Уыцы нæлгоймаг куыд загъта, афтæмæй знон та фæхæцыдысты иу нæлгоймаджы къахыл. Уый таксийы абадт æмæ рынчындонмæ ацыд. Нæлгоймаг куыд загъта, афтæмæй уый райсом раджы арæх фæтезгъо кæны æмæ дзæгъæл куыйтæ уымæ дæр æнæнхъæлæджы рагæпп кæнынц».

Сылгоймаг нæм бахатыд, цæмæй дзæгъæл куыйты куынæг кæнын кæмæ хауы, уыдонмæ бахатæм æмæ исты  мадзæлттæ райсой. Республикон рынчындоны исæн хайады нын куыд загътой, афтæмæй уыдонмæ кæд арæх нæ, уæддæр бацæуынц, куыдзы фæхæсты фæстиуæгæн медицинон æххуыс кæй бахъæуы, ахæм адæймæгтæ. Ивгъуыд аз сæм регистраци æрцыд дзæгъæл куыйты фæхæцыны 395 цауы. Ам сын саразынц æрранизы ныхмæ судзинтæ. Фæлæ вæййы афтæ дæр, æмæ сæм цалдæр боны ахæм хос куынæ вæййы.

Дзæгъæл куыйтæ горæты уынгты кæй цоппай кæнынц, уый æппæрццагæй æндавы адæмы психикæйыл дæр. Цы хæцгæ низтæй рынчын вæййынц, уыдон, гæнæн ис æмæ æнцонтæй бахæцой сабитыл. Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты сабитæн цы хъазæнфæзтæ ис, уыдон æхгæд не сты. Сабитæ сæ æнæхин зæрдæйæ уарзынц хъазын  цæрæгойтимæ, къухæй  дæр сæм февналынц æмæ уый та тæссаг у се ‘нæниздзинадæн. Сабитыл арæх фæхæцынц сæхи куыйтæ дæр, уыдон кæд низджын не сты, уæддæр фæтæрсынц æмæ расайынц психологион травмæ. Уæлдайдæр та сæм уынджы куы ралæбура дзæгъæл куыдз. Нæ республикæйы цæрджытæй куыйтæ чи дары, уыдонæй дæр алчи бæрндзинад нæ хæссы. Рауадзынц сæ уынгмæ æмæ уым фæтезгъо кæнынц, адæмы фæхъыгдарынц. Чидæртæ ма дзы быцæу дæр фæкæнынц, зæгъгæ, мæ куыдз нæ хæцы. Алчидæр фæтæрсы стыр куыдзы уындæй, уæлдайдæр та йе ‘нæниздзинад лæмæгъ кæмæн у, уыдон.

Ветеринартæ куыд зæгъынц, афтæмæй крематоритæ куы скусиккой, уæд бæрæг хуыздæр уаид республикæйы экологийæн. Уæрмытæ кæд сæхгæнынц æмæ рекультиваци æрцæуынц, уæддæр уыдон сты тæссагдзинад хæссæг. Крематоритæ та æрдæг сахатмæ фæнык фестын кæнынц мард буары æмæ цыфæнды хæцгæ низæй дæр æдас вæййы.

Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хайады сæргълæууæг Ла-лыты Сослан та нын загъта:

«Дзæгъæл куыйты проблемæ нæ горæты вæййы æрвылаз дæр. Хъыгагæн, уыдон рæстæгæй-рæстæгмæ бахъæуы скуынæг кæнын, кæд ацы мадзал гуманон нæу, уæддæр. Размæдзыд бæстæты дзæгъæл куыйтæн ис сæрмагонд дарæн бынæттæ. Ацы сферæйы кусджытæ цæуынц, ахсынц æнæхицау куыйты æмæ сын судзинтæ саразынц, уый фæстæ сæ дарынц сæрмагонд бынæтты æмæ сæм уырдæм зилынц. Фæлæ мах хуызæн чысыл паддзахадтæ проблемæ аскъуыддзаг кæнынц æндæр хуызы. Куыйтæ цæмæй ма лæбурой æмæ тасдзинад ма æвзарын кæной цæрджытæн, уый тыххæй сæ регулярон æгъдауæй куынæг кæнынц. Бирæтæ разы нæ вæййынц уыцы цаутимæ, быцæу ныхас фæкæнынц горæты цæрæнуатон-коммуналон кусджытимæ, фæлæ статистикæ куыд амоны, афтæмæй дзæгъæл куыйтæн сæ фылдæр рынчын сты алыгъуызон хæцгæ низтæй. Арæх фæхæцынц горæты цæрджытыл. Мах сарæзтам бадзырд ОМОН-ы кусджытимæ, алы куыдзы амарыны тыххæй дæр сын бафидæм 250 сомы. Уымæ гæсгæ сидын хæдзарон куыйты хицæуттæм, цæмæй сæ куыйты ацы бонты уынгмæ ма рауадзой».

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.