Юморескæ

Куыдзы лæггæдтæ адæймаджы раз бирæ сты, тынг бирæ. Уартæ йæ незаманты æрцахуыр кодта йæхиуыл æмæ дзы уæдæй фæстæмæ нал æмæ нал хицæн кæны. Нæ йæ фæнды æмæ фæци! Фæхицæн уа, уый нæ фæнды адæймагæн йæхи дæр. Раст у, галау æй æфсондзы нæ сифтындзы æмæ дзы хуым нæ бакæны, бæхау ыл саргъ нæ сæвæры æмæ бæлцауты нæ ацæуы, уæдæ йæ æргæвдгæ дæр кæм акæны, фæлæ йын бирæ æндæр хъуыд-дæгты йæ къух аразы. Цæвиттон, куыдз адæймагæй къæрцхъусдæр у, стæй æмбудæнтæй дæр рæвдздæр у æмæ йын йæ хæдзары хъахъхъæны къæрныхтæй, абырджытæй. Цуаны уæвгæйæ дæр ын хорз æххуыс у – тагъддæр ссары сырды фæд. Нырыккон куыдз хорз арæхсы наркотиктæй базаргæнджыты, арæнты сæрты сусæгæй чи хизынц, уыдоны æмæ æндæр фыдгæнджыты ахсынмæ дæр.

Нæ цыппæркъахыг хæлар кæмдæрты, æгæрыстæмæй, махæй зондджындæр разыны. Адæймаг гæнæн ис, чи йыл баууæндыд, ууыл сайдæй разила, куыдз дыл баууæндыд  гадзрахатæй дыл никуы рацæудзæн. Йæ хæстæ æнувыдæй æххæст кæны, тынг зын ын куы уа, уæд дæр. Адæймаг нæу, фæлæ йæм ис, адæймаг дзы цы райса, ахæм хорз миниуджытæ. Иу ахæмы, дам, – нæ зонын мах онг æй чи æрхæццæ кодта æмæ цас раст у – адæймаг хъæддаг цард куы кодта, уæд, дам, арты фарсмæ æрæмбырд сты æмæ бадынц, семæ куыдз дæр, афтæмæй. Чи сæ стæвд вæййы, уый фæгæпп кæны æмæ дард алидзы. Куыдз дæр йæ фæстæгтыл бадт æмæ куы стæвд, уæд фæстæдæр абадт. Уый федтой, чи ма дзы баззадысты, уыцы адæймæгтæ æмæ уыдон дæр фæстæдæр абадтысты. Афтæмæй сын куыдз бамбарын кодта – цæмæй ма судзат артмæ, уый тыххæй лидзгæ нæ, фæлæ фæстæдæр абадут.

Уыдæттæ – хорз, фæлæ адæймаг уæддæр куыдзмæ ахасты алцы нывыл нæ кæны. Цæвиттон, иуты дзы сæхи бар ауагъта, йæхицæй сæ ахибар кодта, сдзæгъæл сты æмæ уынгты дыууæрдæм хъеллау кæнынц. Æндæрты та æррæвдыдта æмæ ма сын байбын, кæнæ куыдздон дæр фагыл нымайы! Куыннæ стæй! Бакодта сæ хæдзармæ æмæ йæ бинонтимæ иу цардæй цæрынц. Бирæ хæдзæртты иу нæ, фæлæ дыгай, æртыгай куыйтæ дæр дарынц æмæ æххæстæй нæ бамбардзынæ, бинонты цæрæндон у, æви куыдздон, уый.

Дзырд куыдзыл кæй цæуы, уымæ гæсгæ мæ зæрдыл æрбалæууыд иу ахæм хабар. Æрæджы мæ рагон зонгæйы хæдзармæ иу хъуыддаджы фæдыл бахаудтæн. Æхсызгон нын уыд кæрæдзийы фенд, фæлæ мæнæн тынг æхсызгон нæ уыд, сæ хæдзары куыдз кæй дардтой. Уæлдайдæр та, мæнæ хæмхудджынтæй – бульдог мыггагæй кæй уыд, уый. Йæхицæн хуыссыд стыр, фæлмæн къæлæтджыны æмæ мæ йæ тугæйдзаг цæстытæ нал æмæ нал иста. Куыйтæ дæр æмæ иннæ цæрæгойты дæр бирæ уарзын, фæлæ мæ зæрдæйæн ацы куыдзы мыггаг адджын нæ фæци. Æмæ мæ хъуыды раргом кодтон мæ хæларæн, зæгъын, амæй рæсугъддæр куыдзыл никуы бамбæлдтæ, зæгъын, ай цы дарыс дæ хæдзары? Æмæ куыд æнхъæлут – фæхъыг мæм ис, цæмæн, дам, мын æфхæрыс мæ куыдзы, мæ сывæллæтты бæрц, дам, æй уарзын, нæ бинонтæй, дам у, уый дæр. Æз та нал фæлæууыдтæн æмæ йын бацамыдтон, зæгъын, кæд дæ бинонтæй у, кæд æй адæймагыл нымайыс, уæд æй пластикон хирургмæ уæддæр бакæн, бирæтæ куыд кæнынц, афтæ æмæ йын йæ хæмхудтæ чысыл уæддæр барæсугъд кæна. Цæхæртæ дын нæ акалдта мæ хæлар! Ныууадз, дам, мын мæ куыдзы, тыхджын рæсугъд дæр, дам, у. мæ куыдзы, дам, мын чи æфхæры, уый, дам, мын мæхи дæр æфхæры. Мæхи нымæры, зæгъын, мæсты ма кæн, æндæр, кæд дæ фæнды куыйты фермæ бакæн дæ хæдзары.

Уæдмæ мæ хæлары чындздзон чызг рæхыс рахаста æмæ йæ куыдзы хъуырыл бабаста, йæ хæмхудтыл та йын сæрмагонд хыз бакодта æмæ хæдзарæй тезгъо кæнынмæ рахызтысты. Ууыл фæцис нæ ныхас дæр куыдзыл.

Цæмæн æркой кодтон ацы куыдзы тыххæй? Æгæр систам иуæй-иу куыйты, æгæр бирæ бартæ сын дæттæм. Æниу цас бæллиццаг у уыдонæн дæр сæ цард. Адæймагау сæрибар алчидæр уарзы æмæ уый та ахæм куыйтæн нæй. Дзæгъæл куыйтæн сæрибардзинад фагæй фылдæр ис, фæлæ уыдон та æфсæст цард нæ кæнынц.

Куыдз уæддæр куыдзæй баззадис.

Мах цæрын райдыдтам ног азы. Куыдзы аз æй рахуыдтой, мæн ничи бафарста, афтæмæй. Æмæ йыл сразы дæн. Уымæн æмæ адæм сæ худтæ сæ сæртыл чердæм æрсадзой, уыцы ‘рдæм æй хъуамæ æркæнон æз дæр. Афтæ куынæ бакæнон – худæджы хос сын уыдзынæн.

О, сразы дæн куыдзы азыл, фæлæ…  куыдзы цардыл – нæ!

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.