Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли арфæйы ны-хæстæ загъта «Демократи æмæ адæмты барты фарсхæцæг» паддзахадтæ-хайадисджыты æмæх-сæнады  Æхсæнпарламентон Ассамблейы VIII рабадты хайадисджытæн. Уый куыд загъта, афтæмæй йын тынг æхсызгон у, Ассамблейы рабадты хайадисджытыл Хуссар Ирыстоны зæххыл кæй æмбæлы, уый.

Уый банысан кодта Ассамблейы сырæзты ахсджиагдзинад.

«Иуæндæс азы размæ, 2006 азы 30 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы парламентты къухдариуæггæнджытæ, «Демократи æмæ адæмты барты фарсхæцæг» паддзахадтæ-хайадисджыты æмæхсæнады  Æхсæнпарламентон Ассамблейы сырæзты тыххæй сразыдзинадыл сæ къухты æрфыстæй байгом кодтой ног сæр нæ паддзахадты парламентаризмы рæзты историйы æмæ нæ адæмты æф-сымæрон цæдисы фидар кæнынынмæ сарæзтой ахсджиаг къах-дзæф», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Æхсæнпарламентон Ассамблейы сырæзт уыд, нæ адæмтæ закъонмæ гæсгæ кæй равзæрстой, нæ паддзахадты уыцы уæлдæр закъондæттæг органты æнæмæнгхъæуæг къахдзæф, кæцыты иу кæны сæ историон хъысмæттæ, сæрибардзинад æмæ æмбардзинады тых-хæй сæ тох æмæ Уæрæсейы Федерациимæ ахастытæ рæзын кæнынмæ сæ тырнындзинад.

Бибылты Анатоли йæ арфæйы ныхасы  банысан кодта, Æхсæнпарламентон Ассамблейы куыст нæ паддзахадты ‘хсæн ахастыты ног здæхт кæй сбæрæг кодта.

«Нæ парламентты æмархайды координаци æмæ организацимæ здæхт Æхсæнпарламентон Ассамблейы куыст ног здæхтытæ сбæрæг кодта  Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы ахастыты. Уымæй бирæбæрцæй баххуыс кодта кæрæдзийæн æххуысы æмгуыстад рауæрæх кæнынæн, сæ фæлтæрддзинад кæрæдзийæн амонынæн, æмархайды тыххæй ног фадæттæ сбæрæг кæнынæн», – загъта Президент æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны нымайынц, Ассамблей нысаниуæгджын хайбавæрд кæй бахаста нæ паддзахадты авторитет сфидар кæнынмæ, дунеон хъуыддæгты сын сæ позици размæ кæныны хъуыддагмæ, фæахъаз сабырад бахъахъхъæнынæн, стабилондзинад сфидар кæнынæн, демократийы рæзтæн, куыд нæ бæстæты паддзахаддзинады бындур, афтæ.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы хæдбардзинадтæ банымайыны хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахаста Ассамблейы куыст. Уый фæндвидарæй загъта, йæ рæстæджы  Приднестровьейы зæхмæ дæр  кæй æрцæудзæн хæдбардзинад банымайыны бæрæгбон.

«Æнæмæнгхъæуæгыл нымайын Æхсæнпарламентон Ассамблейы фæлгæтты парламентаризы рæзты тыххæй  дарддæр дæр æмархайд æмæ æмгуысткæнынад рæзын кæнын, сабырад æмæ демократи фидар кæнын, нæ паддзахадты адæмты бартæ хъахъхъæнын», – загъта Бибылты Анатоли æмæ æнтысты фæндиæгтæ загъта Ассамблейы куыстæн, йæ хайадисджытæн та  – æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ æнтысты фæндиæгтæ.

Бацæттæ йæ кодта Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.