Фæстаг цалдæр азы Дменисы хъæууон администрацийæн разамынд кодта цалдæр адæймаджы. Администрацийы абоны сæргълæууæг Къусраты Анатоли дзуапп дæтты нæ уацхæссæджы фарстытæн.

– Анатоли, ацы бынаты цас рæстæг кусыс æмæ дæ хæстæ æххæст кæнын цæмæй райдыдтай?

– Администрацийы разамонæгæй кусын ацæугæ аз декабры мæйæ фæстæмæ. Мæ куыстытæ æххæст кæнын райдыдтон Цхинвал-Ленингоры трасæйæ уæлæмæ, хъæуы астæуты  цы сæйраг фæндаг цæуы, уымæн йæ дыууæ фæрсты бæлæсты къалиутæ æхсæдынæй. Уыдон фæндаджы афтæ æрбауынгæг кодтой æмæ дзы дыууæ машинæ æдæрсгæ кæрæдзийы фæрсты нал хызтысты. Бахатыдтæн хъæуы цæрджытæй цалдæрмæ æмæ хъæуы иннæ кæронмæ, бæлæсты къалиутæ фæндаг кæмдæриддæр æрбауынгæг кодтой, уым сæ ралыг кодтам. Фæндаг фрайдзастдæр æмæ йыл ныр машинæтæ фæцæуынц сæрибарæй.

– Ныртæккæ та цы хæстæ лæууы уæ разы æмæ ма азы фæудмæ цы бакæнинаг стут?

– Алы куыст дæр нын у ахсджиаг. Хуыркалд фестæм æмæ слæгъз кодтам астæуккаг Дменисæй Сатихъары хъæумæйы фæндаг. Азы кæронмæ ма фæнд кæнæм астæуккаг Дменисæй Уанатмæ фæндаг цалцæг кæнын. Уымæн дæр ныридæгæн цалцæг фестæм йæ иу хай.

– Хъæуы цæрджытæй, сæйраджыдæр цæй фæдыл æрбацæуы  куырдиæттæ, сæ домæнтæ сын куыд феххæст кæнут?

– Куырдиæттæ арæх нæ райсæм. Кæй райсæм æмæ нæ бон сæххæст  кæнын кæмæн вæййы, уыдоныл бакусæм, иннæты та арвитæм районы разамынад æмæ Президенты Администрацимæ. Куыд æххæст фæцæуынц уымæ фæдарæм нæ хъус.

– Цахæм уавæры ис, хъæуы администрацийæн арæзт цы ног бæстыхай цæуы, уый. Администрацийæ дарддæр ма дзы бынат лæвæрд кæмæн æрцæудзæнис?

– Ам фесты сæйраг куыстытæ. Ныртæккæ æххæст цæуынц уæлæнгай куыстытæ. Уыдон дæр сты фæуынхъус. Банысан ма хъæуы уый дæр æмæ æппæт арæзтадон куыстытæ æххæст кæй цæуынц гъæдджынæй. Администрацийæ дарддæр ма дзы æрбынат кæндзысты культурæйы хæдзар, клуб, дыууæ хатæн библиотекæ æмæ милицийы хайад. Аразджытæ фæнд кæнынц цæмæй æппæт арæзтадон куыстытæ дæр бакæной азы фæудмæ.

– Хъæуы алыварс территорийы сыгъдæгдзинадмæ та цахæм хъусдард здæхт цæуы?

– Раст зæгъгæйæ, хъæуы цæрджытæй бирæтæ, ацы фарстмæ кастысты уæлæнгай цæстæнгасæй. Гуымир æгъдауæй хæлдтой фæтк. Ахæмтæ фæдзæхст æрцыдысты æмæ сарæзтой хатдзæгтæ. Чысыл Леуахийы былгæрæтæм дæр къорд азты хъусдард кæй нал уыд, уый тыххæй йæ былгæрæтты сæмбырд бирæ брон. Сæ ныссыгъдæг кæнынæн бахъуыд хъомысджын техникæ. Уый тыххæй бахатыдыстæм районы разамындмæ. Нæ домæн нын сæххæст кодтой. Хæдзæрттæй кæй хæссынц, уыцы брæттæн скъахтам уæрмытæ æмæ сæ баныгæдтам. Арæзтадон брон та ныллыстæг кодтам æмæ сæ алæгъз кодтам донбылгæрæтты.

– Хъæуы уынгтæ цалдæр ран фехæлдысты, сæ быны цы нуазыны доны хæтæлтæ цæуы, уыдон кæй фæхуынчъытæ сты æмæ дон хæрдмæ кæй кæлы, уый аххосæй. Ацы цухдзинад рараст кæныны тыххæй та цы хъуыды кæныс?

– Дзырд цы доны хæтæлтыл цæуы, уыдон арæзт æрцыдысты цыппор азы размæ. Æцæгæйдæр, бирæ бынæтты нал уромынц дон, кæлы хæрдмæ æмæ халынц уынгты. Фарсты фæдыл ныхас кодтон районы разамындимæ. Бадзырдтам, техникæ самал кæныныл æмæ уавæр рарастгонд æрцæудзæнис уалдзæджы.

– Доны хæтæлты тыххæй нæм ныхас кæй æрхаудта уый тыххæй ма мæ бафæрсын фæнды, абон хъæуы цæрджытæ донæй куыд ифтонг сты?

– Цалдæр азы размæ уыд зындзинæдтæ, фæлæ раздæры Ереды хæуæй дон куы рауагътой, уæдæй нырмæ уавæр фæхуыздæр. Зæгъдзынæн ахæм цæвитон. Раздæр Астæуккаг Дменисы, Уалыты сыхы уыд æрмæстдæр доны иу кран. Уыд хъæуы астæу æмæ йæм адæм сæ донгæрзтимæ цыдысты æмæ хастой дон. Ныр дзы ис 14 кранæй фылдæр, фæлæ сæрды рæстæджы дон нæ фæфаг кæны. Иуæй иутæ йæ сæ цæхæрадæттæм бауагътой æмæ дзы сæрды рæстæджы  фæдонхæр кæнынц. Афтæ уыд ацæугæ сæрд дæр æмæ ахæмтæ фæдзæхст æрцыдысты. Кæд ма бакæной афтæ, уæд сæ ныхмæ ист æрцæудзæнис карздæр мадзæлттæ.

– Цалдæр азы размæ скъолайы æххæст æрцыдысты  цалцæггæнæн куыстытæ. Абон йæ уавæр цахæм у, куыд сæмбæлд хъармгæнæн рæстæгыл?

– Скъолайы уавæрæй нæй рахъасткæнæн. Цалцæггæнджытæ йæ  бакуыстой цæсгомджынæй. Кълæстæ хъармгонд цæуынц электронон хъармгæнæнтæй, нæ сæ вæййы уазал.

– Советон дуджы хъæумæ горæтæй бон автобус цыд цыппар хатты. Ныр та цæуы дыууæ хатты. Адæм горæтмæ æмæ фæстæмæ æрбаздæхыныл нæ фæтыхсынц?

– Уæд хъæуы дæр цард фылдæр адæм. Бирæтæ куыстмæ цыдысты горæтмæ æмæ, кæд автобус цыд цыппар хатт, уæддæр тыхстысты. Абон хъæуы цæры къаддæр адæм. Куыстмæ дæр раздæрау бирæ нал фæцæуы. Стæй, чи цæуы уыдоны фылдæр хайæн ис хисæрмагонд машинæтæ æмæ сæ автобусы сæр уый бæрц нал дæр хъæуы.

– Гуырдзиаг-ирон хæсты фæстæ ивд æрцыдысты хъæуы рухсыты телхъæдтæ. Абон уыдон та цахæм уавæры сты?

– Не сты мæгуырау уавæры. Нæй дзы, раивын кæй хъæуы, ахæмтæ. Цы лампочкæтæ басудзынц, уыдон раивæм афоныл æмæ æхсæвыгæтты уынгты æппынæдзух вæййы рухс.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.