Алы хæдзарæн дæр йæхи фарн, йæхи æгъдау ис. Фыдæлты фарнæй цы хæдзар хайджын вæййы, не `гъдæуттæ тынгдæр цы бинонты `хсæн хъахъхъæд фæцæуынц, уыцы хæдзары бинонтæ адæмы æхсæн нымаддæр, кадджындæр вæййынц. Цънелисы хъæубæсты æмæ ам, горæты дæр, ахæм хæдзарыл нымад сты Дзеранты бинонтæ. Цънелисгомы æмæ горæты дæр ахæм адæймаг нæ разындзæн, уыдонæй æвзæрæрдæм иу цъар ныхас дæр чи зæгъа.

Цънелисы цардысты Мухар æмæ Фатимæ сæ хъæбултимæ. Се ‘взонгад, сæ царды рæсугъддæр бонтæ ам æрвыстой. Амондджыныл нымадтой сæхи. Ам уыд сæ куыст. Ам лæггад кодтой хъæуы рæзгæ фæлтæрæн æмæ сæ уарзон хъæубæстæн дæр. Сæ зæрдæйы хъарм алкæуылдæр æххæссыд æмæ абон дæр уымæн фæкæнынц сæ хорзы кой. Фатимæ куыста географийы ахуыргæнæгæй хъæуы скъолайы, Мухар та – директорæй æмæ ма уыимæ ахуыргæнинæгтæн амыдта физикæ æмæ математикæйы предметтæ дæр. Фæлæ, абон нæ ныхасы сæр йæхи хъæбултыл у, уæлдайдæр та дзæнæттаг Аланы тыххæй.

“Кæстæры сæфт уæлдай зындæр уæд вæййы æмæ йын йæ цыбыр царды бонтæ уырзтæй æвзарæгау куы кæнай æмæ йын йæ бакæнгæ хъуыддæгты æхсæн, зæрдæ йæм чысыл фæхъæбæрдæр уа, ахæмæй куы ницы арай. Ахæм уыд йæ цард мæ хъæбулæн. Цумахъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ зивæг цы уыд, уый нæ зыдта. Æмæ æрмæст махæн нæ уыд ныфсы хъæбул, фæлæ хъæубæстæн дæр иумæйаг уыд,” – зæгъы зæрдæрыстæй Фатимæ æмæ йæ рустыл фæрдгуытау æртылдысты ставд цæссыгтæ…

Иу дзæвгар æнæдзургæйæ алæууыд асæрфта сæ æмæ та йæ ныхас адарддæр кодта æрхæндæгæй.

– Ахуыры æмрæнхъ Алан активон хайад иста скъолайы æхсæнадон царды. Æххæст кодта фæскомцæдисон организацийы секретары хæстæ. Кафынмæ рæвдз кæй уыдис, уымæ гæсгæ уыдис аивадон хæдархайгæ къорды уæнг. Уæдæ спорты дæр æнæархайгæ нæ уыд. Ам ын йæ къух арæзта йæ фидар уæнгты конд. Хъæбысхæстæй райста дыккаг разряд. Циндзинад нын хаста йæ алы æнтыст дæр. Райгонд уыдыстæм нæ кæстæр хъæбултæ Хох æмæ Аллæйæ дæр. Цæвиттойнаг уыдысты уыдон дæр, куыд сæ ахуыры, афтæ хъæубæсты `хсæн сæ уагахаст æмæ æгъдауæй. Æртæ дæр зивæг цы уыд, уый нæ зыдтой. Зæрдæрайæ, амондджынæй цардыстæм Цънелисы. Уыдис нын нæхи æттæгуæлæ хæдзар, зæххы фадыг. Нæхæдæг рæзгæ хъæуы фæсивæды нæ хицæн кодтам, нæхи кæстæртæй, афтæмæй сæ æфтыдтам ахуыры фæндагыл. Амондæн ма æндæр цы хъæуы. Афтæ уыд, цалынмæ адæмы æнцой цард нæ фехæлд, уæдмæ.

Райдыдта хæст æмæ йæ фыццаг цæфтæ кæуыл æруадысты, уыдонæй уыдыстæм мах дæр. Гуырдзиаг æнæформалтæ Цънелисмæ лæбурын райдыдтой æмæ нæ хъæуы цæрджыты сæ цард бахъахъхъæныны тыххæй бахъуыд сæ уæзæг ныууадзын æмæ уырдыгæй фæлидзын. Ныууагътам мах дæр нæ хæдзар æмæ æрцыдыстæм Цхинвалмæ. Хæсты райдианæй йæ кæронмæ уыдыстæм блокадон горæты æмæ ма дзы цы цæрджытæ баззад, уыдонимæ дих кодтам уыцы дуджы æппæт зындзинæдтæ, хъизæмæрттæ. Нæ дыууæ дæр кусынмæ бацыдыстæм Цхинвалы иуæндæсæм скъоламæ, æз географийы ахуыргæнæгæй, Мухар та ам дæр ссис йæ директор.

Цънелисы нын цы хæдзар уыд, уый гуырдзиаг æнæформалтæ ныппырх кодтой хъæуы иннæ ирон цæрджыты хæдзæрттау, хæссынæн дзы цы бæззыд, æфтауæн дзы цæмæн уыд, уыдон рафтыдтой æмæ сæ ахастой. Алан æмæ Хох дæр, Цхинвалы уæвгæйæ, æдзух уыдысты горæт хъахъхъæнджыты рæнхъыты. Фæстæдæр, 1992 азы уалдзæджы сæ дыууæ дæр иумæ бацыдысты милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ. Фæлæ сæ дыууæйæ дæр ахуыр кæнын нæ ферох. Алан бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты иумиагтехникон факультетмæ, Хох та бацыд химикон-биологион факультетмæ. Фæстæдæр нæ чызг Аллæ дæр бацыд ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны технологион факультетмæ. Мæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Мæ хъæбултæ иууылдæр уæлдæр ахуырад райсдзысты. Диплом райсын æвзонг адæймаджы царды ахсджиаг, зæрдылдаринаг  цау вæййы. Хъыгагæн, йæ царды ахæм æхцондзинад бавзарыны амонд нал æрхауд мæ хъæбул Аланмæ. 1996 азы февралы нæ республикæйы æхсæнадон-политикон уавæр скарз. Уæд Алан цыппар лæппуимæ уыд Мæскуыйы, сæ профессионалон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй сæ арвыстой. Се `мгъуыд кæронмæ нæ фесты, афтæмæй сæ æркодтой. Куы æрцыдысты, уæд дыккаг бон йе `службæйон хæс æххæсткæнгæйæ фæмард Алан… Уырнгæ дæр мæ нæ кодта, нæма бафсæстæн йæ уындæй, афтæмæй мын æй сау мæлæт аскъæфта. Университетæй йын йæ диплом та йæ фыд райста…», –  загъта йæ ныхасы кæрон Фатимæ æмæ та йæ цæстысыгтæ фемæхстысты.

Адæймаг, хæрзæгъдау, намысджын, ныфсхаст куы уа, уæд сайын дæр нæ зондзæн. Сайын, хи цыфæнды хъуыддаджы дæр фæтыллиф кæнын нæ зыдта Алан. Æмæ ахæмæй баззад йе ʻмгæртты, хиуæтты мысынады.

Рафæлдæхт бинонты ныфс, Ирыстоны фидар цæджындзтæй сæ иу æмæ фæфылдæр кодта, уыцы трагикон азты чи фæмард сты, уыдоны нымæц…

Адæймаг фыццаджыдæр йæхицæн вæййы номгæнæг. Дзеранты Мухар æмæ Тыджыты Фатимæ ныр кæд кусгæ нал кæнынц, пенсийы сты, уæддæр сæ царды бонтæ кæй æхсæн æрвыстой æмæ æрвитынц, кæимæ фæкуыстой, уыдоны æхсæн кадджынæй кæй фæцардысты, уый сæхицæй кæнгæ уыд.

Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн, фæкъахыр кодта амондджын бинонты. Æмæ уыимæ та фæхъæдгом сты ныййарджыты зæрдæтæ дæр…

     БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.