«Водоканал»-ы генералон директоры фыццаг хæдивæг Джиоты Ингæ куыд зæгъы, афтæмæй сæйраг магистралон доны хахх «Едыс-Цхинвал»-ы гуырахст æрвыл аз дæр фæкъаддæр вæййы уалдзæджы, Брытатæй цы дон цæуы, уый кæй размæнты æмæ йæ кæй бахъæуы ахицæн кæ-нын, уый аххосæй. Уый тыххæй скъуыддзаг æрцыд, цæмæй дон хицæн цæуа æхсæв 24 сахатæй райсом 6 сахатмæ Мæскуыйаг микрорайон æмæ Дзауы поселочы. Бигæдзаумæтты фабрикæйы районмæ та дон лæвæрд цæудзæн изæры æхсæз сахатæй иуæндæс сахатмæ.

Джиоты Ингæ ма куыд зæгъы, афтæмæй, иумæйаг сисгæйæ, донæй ифтонгкæнынады проблемæ бæрæг фæхуыздæр. «Уанат-Цхинвал»-ы доныхахх кæй скуыста, уый. Фæлæ цæгатварс цæрджытæ адæм раздæрау пайда кæнынц «Едыс-Цхинвал»-ы доны хаххæй. Ацы магистралы хæтæлтæ бирæ азты дæргъы капиталонæй цалцæг никуы уыдысты. Ныр «Водоканал» æмæ Арæзтады министрад бакуыстой къорд мадзалыл, кæцытæ æвдыст æрцæудзысты 2023 азы инвестицион программæйы. Уый фæрцы хъуамæ цалцæг æрцæуой «Едыс-Цхинвал»-ы донæмбырдгæнæн æмæ 61 метр та доныхæтæлтæ. Кæд Инвестпрограммæмæ ацы мадзæлттæ хаст æрцæуой, уæд уый фæрцы фæфылдæр уыдзæн доны гуырахст æмæ гом хæххытæ æхгæд æрцæудзысты.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.