Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты æхсæнадæмон проект «Этнолагерь-2018 Аланты фæд»-ы дыкккаг фæлтæры хайадисджытæ. Уазджытыл Дæллаг Ручъы сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ – æртæ уæливых, бæгæныйы кæхц æмæ хорз арфæтимæ.

Проекты дыккаг фæлтæры хайад исынц 25 адæймаджы, кæцытæ сты Германы, Туркы, Казахстаны, Таджикистаны æмæ Францы ирон дисапорæты минæвæрттæ. Сæ тæлмæнтæ этно-лагеры хайадисджытæ радзырдтой хуссарирыстойнаг дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн.

Францийы диаспорæйы минæвар Наниты Захар бузныджы ныхæстæ загъта проекты организатортæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæд Ирыстоны нæ цæры, уæддæр хорз зоны ирон æвзаг.

«Хуссар Ирыстоны æз раджы уыдтæн, Наниты хъæу-Начърепайы. Цхинвалы дæн фыццаг хатт. Хуыцау зæгъæд, æмæ ахæм уавæрты цы æмбæлæм алы хатт дæр. Мæ райгуырæн зæххæн мæ цæст уарзы сабырад, цæмæй ноджы бонæй-бон фидардæр кæна æмæ дидин æфтауа», – банысан кодта Наниты фырт.

Мæхъиты Азæ æрцыд йæ лæппуимæ Германæй. Уый йæ райгуырæн зæххыл ис дыккаг хатт, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сæххæст,  ноджы ма иу хатт Хуссар Ирытонмæ æрцæуыны тыххæй йæ бæллиц.

«Мæ фыд у ирон, мæ мад та уырыссаг. Мах Липецкы цардыстæм, стæй Германмæ ацыдыстæм. Афтæ рауад æмæ ирон æвзаг мæ гыццылæй нæ сахуыр кодтон, фæлæ ныр архайын йæ ахуыр кæныныл. Мæ фыд мæ сахуыр кодта æрмæст дыууæ фразæйы: «радт дон» æмæ «радт дзул». Æз æй зыдтон, ацы ныхæстæ зонгæйæ æз Ирыстоны онг нæ бахауадзынæн», – дзуры Мæхъиты чызг.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй æхсæнадæмон этнографион, культурон-рухстауæн, ахуырадон проект «Этнолагерь-2018 Аланты фæд»-ы фыццаг хай райдыдта 23 июлы Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат-Ирыстоны паддзахадон университеты зонадон советы залы.

Æхсæнадæмон проект «Аланты фæд» реализаци цæуы 2015 азæй фæстæмæ. Уыцы рæстæджы Ирыстонмæ æрцыдысты Венгри, Латви, Казахстан, Турк, Сири, Украинæ, Франц æмæ æндæр бæстæты ирон диаспорæты минæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.