7-æм июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ йæ хæдивæг Битеты Сергей планон кусæгон балцы уыдысты Ленингоры районы Цъинагары хъæуы. Уырдæм ма æрбацыдысты Ленингоры  районы  прокурор Тыджыты  Станислав  æмæ  йе ‘ххуысгæнæг Гуырцъыты Давид.

Развæлгъау уазджыты æрбацыды тыххæй цæрджытæн кæй фехъусынчындæуыд, уымæ гæсгæ уыцы бон Цъинагары хъæууон администрацийы бæстыхайы цурмæ æрбамбырд бирæ адæм –  Монастъер, Абреу, Орчъосан, Дзукъатыхъæу, Цъинагар æмæ Гдулеты хъæуты цæрджытæ.  Æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кæныны фæстæ Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ Битеты Сергей бацыдысты бынæттон администрацийы бæстыхаймæ æмæ радгай сæхимæ исын райдыдтой цæрджыты.

Генералон прокуроры хæдивæг Битеты Сергей куыд загъта, афтæмæй сæм цæрджытæ лæвæрдтой алыгъуызон фарстытæ. Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджытæй иуæй-иуты тыхсын кæны хъæдын хæдзæртты фарст, кæцыты аразын райдыдтой 2014 азы бирæсывæл-лонджын æмæ æххуысхъуаг бинонтæн. Цæрджытæй кæд бирæтæн арæзт æрцыдысты хъæдын хæдзæрттæ, уæддæр дзы иуæй-иутæн та абоны онг дæр лæууынц æрдæгарæзтытæй.

Цæрджыты ма тыхсын кодтой куыд куыстæй сифтонг кæныны фарст, афтæ ма æндæр æмæ æндæр фарстытæ дæр. Зæгъæм, Быценты Руслан раздæр куыста Гуырдзыстоны авиазаводы æмæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд æй бахъуыд лигъдоны статусимæ Хуссар Ирыстонмæ рацæуыны сæр. Уый кæд ныридæгæн хъуамæ истаид льготон пенси, æнæниздзинадæн зианхæссæг заводы кæй куыста, уымæ гæсгæ, уæддæр абоны онг дæр нæ исы пенси. Дзæгъиаты Уырызмæг ын бауынаффæ кодта, цæмæй бацæуа РХИ-йы пенсион фондмæ æмæ йын цы дзуапп радтой, уый тыххæй йын фехъусын кæна. Цæрджытæ фарстытæ лæвæрдтой хъæууонхæдзарадон техникæйы хъуагдзинады тыххæй дæр. Генералон прокурор йæхимæ фæнысан кодта цæрджыты домындзинæдты тыххæй æмæ сын баныфсæвæрдта, зæгъгæ, сын сæ фарстыты тыххæй фехъусын кæндзæн РХИ-йы Хицауадмæ æмæ куыд гæнæн ис, афтæ скъуыддзаг æрцæудзысты сæ домындзинæдтæ.

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ нæ республикæйы къухдариуæгад стыр хъусдард кæй здахы хъæуты цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Уымæн та æвдисæн, Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджыты æнусон проблемæ – доны фарст скъуыддзаг кæй æрцыд, уый дæр. Зындгонд куыд у, уымæ гæсгæ 1991 азы 28-æм апрелы бершуеттаг абырджытæ Цъинагар æмæ Гдулеты хъæуты цæрджытæй амардтой авд нæлгоймаджы. Ацы трагедийыл 25 азы сæххæсты мысæн мадзалы хайад райста РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид. Уавæрæй спайда кæнгæйæ, бæстæйы сæргълæууæгмæ цæрджытæ лæвæрдтой алыгъуызон фарстытæ. Уыдон тыхсын кодта Цъинагары хъæумæ цыбырдæр фæндаджы арæзтад дæр. Президент сын баныфсæвæрдта, ацы фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн, уымæй.

Уалыты Зоя, Цъинагар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.