Нæ горæт канд йæ ногарæзт уынгтæй, ногарæзт хæдзæрттæ æмæ æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæй нæ рæсугъд кæны, фæлæ ма йæ рæсугъд кæнынц, цы алыгъуызон цъæхдарæнтæ, дидинджытæ æмæ дзы бæлæстæ ис, уыдон дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ тротуартыл цы бæлæстæ ис, уыдон канд цæстæн нæ хæссынц æхцондзинад, фæлæ ма кæй сыгъдæг кæнынц уæлдæф дæр, стæй æхцондзинад дæр фæисæм, сæ бынты аууæтты тæвд рæстæджы куы фæцæуæм, уæд.

Æмæ нын цæмæй дарддæр дæр ахъаз уой, уый тыххæй та сæм хъæуы зилын. Чи зæронд кæны, уый хъæуы калын, иннæтæн та сæ къалиутæ хъæуы æхсæдын. Ныр дæр та у ахæм рæстæг, зилын, æхсæдын сæ куы хъæуы. Æмæ та ацы куыстытæм ацы бонты æрæвнæлдтой нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхдарæнты хайады кусджытæ. Арæх фенæн вæййы, ацы уагдоны кусджытæ куыд архайынц горæт срæсугъд кæныныл, уый. Фæсадзынц дидинджытæ, алыгъуызон цъæхдарæнтæ. Ацы бонты дæр сты æнæвдæлон, уымæн æмæ ныртæккæ хус къалиутæ æхсæдынæн у тынг хорз рæстæг. Æхсæст чи æрцæуа, уыдон уалдзæджы суадздзысты ног таутæ æмæ иуæй йæ къалиутæ бирæ февзонгдæр уыдзысты, иннæмæй та бæлас фæрæсугъддæр уыдзæнис. Кусджытæ бахсæстой, Исахъы уынджы цы бæлæстæ ис, уыдоны. Ныр та æрæвнæлдтой, Сталины уынджы цы бæлæстæ ис, уыдон æхсæдынмæ. Афтæ æхсæст æрцæудзысты, марты мæйы кæронмæ иннæ уынгты цы бæлæстæ ис, уыдон дæр.

Бæлæстæн се ‘хсæдын æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый не ‘мбарынц цæрджытæй иуæй-иутæ æмæ равдисынц се ‘нæразыдзинад кусджытæм. Фæлæ уый раст нæу. Алцы дæр домы зилын, аудын. Афтæ у бæласæн дæр йæ хъуыддаг. Цы аз æм нæ базилай, уыцы аз февзæрдæр вæййы æмæ йæ хъуамæ æмбара алы æмбæстаг дæр. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ, махæй бирæтæ, сæ куыст лæмбынæг бакæныныл нæ архайынц, фæлæ æндæры куыстæн сæхи зонæг скæнынц.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.