Нæ фыдæлтæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ – дауджытæм куывтой бахъуыды рæстæджы, фæлæ сын æмхуызон нымад нæдæр афонæй уыдысты, нæдæр бынатæй. Зæдтæм амыдтой комкоммæ сæрмагонд нæмттæй æмæ сын арæзтой кувæндæттæ – дзуæрттæ. Уыдысты сын уæларвон æмæ зæххон, дзырдтой сæм бардуагæй, ахстой бæрæгæй бæрзонд æмæ ныллæг бынæттæ, тахтысты базырджынтæй уæлæрвты, фæлгæсыдысты фылдæр бæрзондæй ныллæгмæ. Дауджытæ фæбадынц ныллæджыты æмæ сын нæмттæ нæ уыд. Уыцы уырнынады, æмбарынадыл хъуыстысты фыдæлты ныхæстæ, кувыны хъуыдытæ афон æмæ бынат хынцгæйæ, ахæм хуызты: хохы зæдтæ æмæ быдыры дауджытæ; зæдтæ æмæ дауджытæ; изæры зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; сæумæйы зæдтæ æмæ æхсæвы дауджытæ; уæларвон зæдтæ æмæ зæххон дуæгтæ; цы зæд, цы дуаг дæ, ахъаз бакæн!

Зæды номæй дзурынц бæрæг бынæттæм – Сæрызæд, Хъæуызæд. Дуаджы номæй уыцы хуызы нæ дзырдтой. Уæдæ зæдтæ фыдæлтæн тахтысты хохæй хохмæ, дзуарæй дзуармæ. Дуаг æртахти, зæгъгæ, никуы уыд фехъусæн,  уымæн, æмæ фыдæлтæн дуæгтæ-дауджытæ уыдысты зæххон æмæ тæхгæ нæ кодтой. Зæдтæй иутæ цардысты уæлæрвты (Аларды, Йелиа, Уастырджи, Куырдалæгон, Хуртыхурзæрин), иннæтæн сæ бынæттæ уыдысты зæххыл (Фæлвæрайæн, Тутырæн, Уациллайæн, Ӕфсатийæн, Сафайæн, Сæрызæдæн, Хъæуызæдæн, Бынатыхицауæн, Мадизæнæн).

Дауджытæ сты зæххон æмæ бадтысты, змæлыдысты сæ кувæг адæмы  кусæн, улæфæн, цæуæн æмæ кувæн бынæттæм хæстæджыты æмæ хъуыстой алы афæтты царды хъæрмæ, змæлдмæ.

Уыдон дæр зæдты хуызæн Хуыцауы фæндонæй афæдз цыппар хатты фæбадынц тæрхæтты-уынаффæтты.

Кæрдæгхæссæнæй къуыри фæстæдæр ирæттæ арæзтой æмæ аразынц Дауджыты бæрæгбон. Уæд ссарынц Дауджытæн сегасы нæмттæ дæр. Бæрæгбонæн йæ ном дæр йæ уæлæ ис – равзæрди дзырд дуагæй. Рагон ирайнæгтæм уый нысан кодта “æрвон тых”.

Дауджытæй райдайынц сæрды æмæ фæззæджы бæрæгбонтæ. Сегасы размæ дæр лæууы иу нысан – фæззæджы хортæ æрдзы фыдбылызхæссæг тыхтæй бахизын. Бæрæгбонтæ арæзт цæуынц уæларвон тыхтæн кад кæныны охыл, цæмæй уыдон хъахъхъæной зæхкусæджы куыствæллой. Дауджыты бæрæгбон æппæты кадджындæр уыди Куырттаты комы.  Йæ кувæндон ис “Дзиридзуары” хохы къабæзтæй иуыл. Куырттаты комы кувæндæттæй уый уыди æппæты бæрзонддæр ран æмæ афтæ зыны, цыма комбæсты сæрты тæхы. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, æппæты цытджындæр дзуæртты бынæттæ уыдысты æппæты бæрзонддæр рæтты, зæгъгæ.

Бæрæгбонмæ-иу бахсыстой бæгæны, рауагътой-иу арахъ. Кæмæн куыд йæ къух амыдта, ахæм кусарт-иу акодта, фæлæ арæхдæр æргæвстой уæрыкк. Бæрæгбоны фынгыл-иу æрæвæрдтой æртæ чъирийы, æртæ фæрскы, кусарты хуылфыдзаумæттæй физонæг, афтæмæй-иу скуывтой Дауджытæм.

Кувæндонмæ ахæссынц æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ нозт. Дзуары лæг куывта Дауджытæм. Сæ хорзæх сæ куыд уа, азæй-азмæ æртæ чьирийæ куыд кувой. Уый фæстæ æрбадынц æмæ райдайынц сæ куывд.

Куывддзæуттæ-иу раздæр хъæутæм куы здæхтысты, уæд-иу хъазт сарæзтой

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.