Гуманитарон конвой бацыд Скæсæйнаг Гутамæ

ИНО-йы æмæ «Сырх æрдæгмæйы» гуманитарон конвой бацыд Скæсæйнаг Гутамæ, боевиктæ сæ кæй æхстой, уымæ нæ кæсгæйæ, – хъусын кæны знагиуæг фæрсты фидыдады уæрæсейаг центры хистæр, инæлар-майор Юри  Евтушенко. Йæ ныхæстæм гæсгæ гуманитарон миссийы кусджытæй хъыгдард ничи баййæфта. Боевиктæ конвойы баурæдтой 2 сахаты бæрц, фæлæ уæддæр акци ацыд æнтыстджынæй. Фæстæмæ здæхгæйæ уыдон семæ ракодтой 13 сабыр цæрæджы, уыцы нымæцы 5 сывæллоны. Конвойы уыдысты 45 уæзласæн машинæйы хæлцадон продукттæ æмæ хостимæ, афтæ ма мобилон госпиталь дæр. Сæ иумиаг уæз уыд 247 тоннæйы.

Ныхас кодтой телефоны

Уæрæсейы æмæ Францы Президенттæ Владимир Путин æмæ Эммануэль Макрон телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой Сирийы уавæрыл. Макрон Путины хъусдард аздæхта Уæрæсейы ‘рдыгæй карз мадзæлтты æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй, цæмæй сириаг хицауад сифтонг кæна ИНО-йы Æдасдзинады советы резолюцийы бахъахъхъæд.

***

Владимир Путин ма телефоны ныхас кодта Турчы президент Эрдоганимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой Скæсæйнаг Гутайы карз уавæрыл, афтæ ма дыууæфарсон æмгуыстады актуалон темæтыл дæр.

Ауæй кодтой хæцæнгарз

2017 азы Уæрæсе хæцæнгарз ауæй кодта 15 миллиард доллары аргъ. Уæрæсе рæзын кæндзæн æфсæддон-техникон æмгуыстад цымыдисгæнæг паддзахадтимæ. Уыимæ Мæскуы хъахъхъæны æппæт дунеон-барадон хæстæ æмæ коммерцион пайда не ‘вæры глобалон æдасдзинадæй уæлдæр, – уый тыххæй фехъусын кодта Владимир Путин.

Сæвæрдтой Къостайы бюст

Болгарийы Фысджыты аллеяйы æвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы бюст. Цырты скульптор у Хайаты Ибрагим. Уый бронзæйон цырты равдыста хохаджы фæлгондз, кæцыйы ныридæгæн бауарзтой Болгарийы, куыд йе ‘нусон æмдзæвгæты, афтæ.

Кæрон сын скодтой сæ архайдæн

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы коллегийы рауæрæхгонд æмбырды Владимир Путин йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, 2017 азы УФ-йы территорийыл æрурæдтой (пресекли) фæсарæйнаг спецслужбæты 72 кадрон кусæджы æмæ 397 агенты архайд. Æдæппæтæй 2000 азæй фæстæмæ Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæ æрурæдта 3 мин дзырдхæссæджы (шпионы) архайд.

Лавровы африкæйаг турне

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров 5-9 марты ис Африкæйы бæстæтæм турнейы. Уый фембæлд Анголайы президент Жоау Лоуренсуимæ, Намибийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Нетумбо Нанди-Ндайтваимæ. Уæрæсейаг министрæн ма фембæлдтытæ уыдзæн Зимбабве, Эфиопи æмæ Мозамбикы къухдариуæгадимæ. Ацы бæстæтимæ Уæрæсейæн ис хæларадон ахастытæ рагæй фæстæмæ.

Фембæлд Хуссар Кореяйы делегациимæ

Кореяйы Адæмон Демократон Республикæйы лидер Ким Чен Ын бæстæйы столицæ Пхеньяны фембæлд Хуссар Кореяйы делегациимæ æмæ сын уыд фыццаг баныхæстæ. Пхеньян фехъусын кодта Сеулимæ баныхæстæм йæ цæттæдзинады тыххæй. Афтæ ма фæрстæ бадзырдтой апрелы кæрон æхсæнкорейæйаг саммит ауадзыны тыххæй.

Урæд æрцыдысты

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæ Мидхъуыддæгты министрады кусджытимæ иумæ Махачкалайы баурæдтой Уæрæсейы территорийыл бар кæмæн нæй, уыцы террористон къорд ИГИЛ-ы 5 фарсхæцæджы. Сиримæ дагъыстайнæгты вербовкæ кæныны организатор æмæ йæ 4 фарсхæцæджы. Бæрæг куыд æрцыд уымæ гæсгæ, уыдон свербовкæ кодтой цыппар адæймаджы, кæцытæ хæцыдысты ИГИЛ-ы æвварс. Разынд сæм хæцæнгæрзтæ, хæстон æмæ рæмудзæн æрмæджытæ. ИГИЛ-ы фарсхæцджытæ УФ-йы территорийыл хъавыдысты теракттæ саразынмæ.

Æрхаудта хæдтæхæг

Сирийы Хмеймимы аэродроммæ æввахс æрхауд уæрæсейаг хæдтæхæг Ан-26. Хæдтæхæджы уыдысты 39 адæймаджы  экипажы 6 уæнджы æмæ 33 бæлццоны. Фæмардуæвджытæ иууылдæр уыдысты уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ.

Фехалдзæн контракттæ

«Газпром» фехъусын кодта Украинæйы «Нафтогаз»-имæ контракттæ фехалыны тыххæй. Ацы уынаффæйы æвварс рахæцыд УФ-йы Энергетикон министрад, – уый тыххæй фехъусын кодта министрады сæргълæууæг Александр Новак. Контракттæ фехалыны тыххæй «Газпром» Украинæйы «Нафтогаз»-æн фехъусын кодта Стокгольмы тæрхондонон арбитражы руаджы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.