Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй Уæрæсейы Федерацийы минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манько фембæлд, цы къамис арæзт æрцыд, уый уæнгтимæ.

Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæ банымайæн ис 2018 азы ахсджиагдæр политикон цауыл. Мах архайæм æмæ нæ хæс у афтæ бакусын, цæмæй æвзæрстытæ уагъд æрцæуой бæрзонд æмвæзадыл, закъоны домæнтæм гæсгæ. Æвзæрстыты агъоммæ къамис закъонæй йын цы бартæ ис, уыдонæй пайда кæнгæйæ, æмархайд кæны республикæйы къухдариуæгадимæ республикæйы прокуратурæ æмæ Мидхъуыддæгты министрадимæ», – загъта Сергей Манько.

Рабадты æркастысты, æвзарæн фадгуытæ техникон æгъдауæй куыд ифтонг цæудзысты, уыцы фарстамæ дæр.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл бирæ хъæутæ, дæрддаг хæххон бынæтты кæй сты, уый хынцгæйæ ахæм бынæтты хъæлæсдæттын райдыдта æмгъуыдæй раздæр – 5-æм мартæй. Æмгъуыдæй раздæр хъæлæс дæттой хъæутæн йæхи мидæг чи цæры, уыцы уæрæсейаг æмбæстæгтæ. Манько куыд банысан кодта, афтæмæй фадыгон æвзарæн къамисты сæрдæрттæ нысан æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæварады барамындæй æмæ сæ фидар та скодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад.

Йæ ныхæстæм гæсгæ 5 марты уагъдæрцæуæг развæлгъау æвзæрстытæ ацыдысты, æмбæлон æмвæзадыл. Уымæ, зæгъгæ, йæ хайбавæрд бахаста республикæйы къухдариуæгад. Бузныджы ныхæстæ загъта районон æмæ хъæууон администрациты сæргълæуджытæн, афтæ ма æвзарæн фадгуытæ цы ахуыргæнæн æмæ æндæр уагдæтты сты, уыдоны къухдариуæггæнджытæн.

«Мах нæ зæрдыл дарæм ныртæккæ Ленингоры районы æдасдзинады фарстатæ æндыгъд кæй сты. Уымæ гæсгæ æвзарæн фадыджы бæстыхай хъахъхъæдтой барадхъахъхъæнæг органтæ æмæ дзы æппындæр ницы эксцесстæ æрцыд. Ныфс мæ ис ныр дæр æппæт дæр кæй ацæудзæнис сабырæй», –  банысан кодта Сергей Манько.

Уый ма фехъусын кодта æвзæрстыты бон æвзарæн фадгуытæм æрцæуын кæй хъæуы гоймаг бæлвырдгæнæг уæрæсейаг документимæ. Æмбæстагæн йæ бон æвзарæн фадыгмæ æрцæуын куынæ уа æвзæрстыты бон, уæд хъуамæ фехъусын кæна æвзарæн фадыгмæ, цæмæй йæм хæдзармæ бацæуой æмæ бынаты хъæ-лæс радта.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.