Фæсыкк кодтой гуманитарон паузæ

Сирийы Скæсæйнаг Гутайы экстремисттæ фæсыкк кодтой, 27-æм февралы райсомæй цы гуманитарон паузæ райдыдта, уый. Ацы территорийыл фæстаг бонты æппынæдзух цæуынц карз тохтæ экстремисттимæ, уымæ гæсгæ сабыр цæрджытæн бакодтой сæрмагонд къæлидор тæссаг зонæйæ рацæуыны тыххæй. Фæлæ цæрджытæй никæмæн ссис йæ бон гуманитарон паузæйæ спайда кæнын, боевиктæ æнæрынцойæ анклавæй рахизæн кæй æхсынц, уый аххосæй. Гуманитарон паузæ ацы районы хъуамæ архайдтаид 9 сахатæй 14 сахатмæ 30 боны дæргъы.

Ныхас кодтой телефоны

Уæрæсе æмæ Германы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Сергей Лавров æмæ Зигмар Габриэль телефоны æруынаффæ кодтой Сирийы уавæрыл. Уæрæсейаг ведомствойы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, фæрстæ хъуамæ сæххæст кæной ИНО-йы Æдасдзинады советы резолюци. Габриэль дæр фидарæй загъта, цæмæй æппæт дæр арæзт æрцæуа Сирийы æхстытæ æруромыны тыххæй.

Не сразы резолюцийыл

ИНО-йы Æдасдзинады советы Уæрæсе рацыд Йеменмæ ахасты санкцитæ адарддæр кæныны тыххæй Стырбританийы бацæттæгонд резолюцийы ныхмæ. Документ бæрндзинад æвæрдта Ираныл, Йемены хæцæнгарзæй ифтонг кæнын тыххæй. Документы æвварс рахæцыдысты 11 бæстæйы, йæ ныхмæ рацыдысты Уæрæсе æмæ Боливи, сæхиуыл фæхæцыдысты Китай æмæ Казахстан. ИНО-йы Уæрæсейы æдзухон минæвар Василий Небензя банысан кодта, зæгъгæ, УФ-йæн йæ бон нæу бритайнаг проекты æвварс рахæцын. Хъæлæсæппæрсты фæстæ Уæрæсе спайда кодта ветойы барæй. Уый фæстæ хъæлæс кæнынмæ рахастæуыд документы уæрæсейаг вариант, кæцы ист æрцыд æмхъæлæсæй. Тексты хынцыд æрцыд хæцæнгарзы эмбарго æмæ æндæр санкцитæ 2019 азы 26-æм февралмæ адарддæр кæныны тыххæй.

Æрцахстой наркодилерты

УФ-йы Мидхъуыддæгты министрад куыд  хъусын кæны, уымæ гæсгæ министрады кусджытæ баурæдтой бæстæйы цалдæр регионы территорийыл архайæг егъау наркокъордты 27 хайадисæгæй фылдæры, уыцы нымæцы Мæскуыйы, Новосибирскы, Челябинскы областты æмæ Хабаровскы крайы. Полицийæгтæ сбæрæг кодтой цыппар нарколабораторийы, кæцытæ иу къуыримæ уагътой 20 килограммæй 100 килограммы онг синтетикон наркотиктæ. Иумиагæй барадхъахъхъæнæг органтæ наркодилертæй байстой 350 килограммы синтетикон наркотиктæ. Ныртæккæ наркобазаргæнджыты æрцахсыны специалон операции уагъд цæуы Дагъыстаны Дербенты, джигул кæнынц 20 адресы. Операцийы архайныц барадхъахъхæнæг органты 100 кусæджы.

***

Наркотикты контрабандæйы тыххæй ахст æрцыд Арген-тинæйы Уæрæсейы минæварады экскусæг. Мæскуыйы горæтон тæрхондон растыл банымадта фæстаг азты иууыл хъаугъайондæр хъуыддæгтæй сæ иуы  400 килограмм кокаины контрабандæйы тыххæй, кæцы сорганизаци кодта Аргентинæйы Уæрæсейы минæварады раздæры техникон кусæг. Наркотиктимæ 12 чемоданы æвæрд уыдысты минæварады скъолайы, цалынмæ сæ УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы контролы бын Мæскуымæ нæ арвыстой, уæдмæ. Аргентинæйы æрцахстой контрабандæйы дыууæ хайадисæджы. Ноджы иу адæймаг Андрей Ковальчук, кæцы алыгъд Германмæ, расидт æрцыд фæдагуырды.

Дыууæ министры баныхæстæ

Сирийы сæвзæргæ уавæры тыххæй Мæскуымæ æрцыд Францы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Жан-Ив Ле Дриан. Уымæн баныхæстæ уыд йæ уæрæсейаг коллегæ Сергей Лавровимæ. Баныхæсты сæйраг темæ уыд Скæсæйнаг Гутайы критикон уавæр æмæ гуманитарон фидыдад. Скæсæйнаг Гутайы анклавы Уæрæсейы расидгæ 5-сахатон фидыдад Франц нымайы прогрессыл. Баныхæсты рæстæджы стыр хъусдард здæхт æрцыд майы мæйы Уæрæсемæ Францы президент Эманюэль Макроны визитмæ. Уый хайад райсдзæн Петербургы дунеон экономикон форумы пленарон рабадты. Марты уыдзæн ноджы иу ахсджиаг проект  «Уырыссаг æмæ французаг æвзæгты æмæ литературæйы аз».

Депортацигонд æрцыдысты

Германæй æрвыст цæуынц, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй ацы бæстæйы æмбæхсæндон чи нæ райста, уыдон, – фехъусын кодта Франкфурты Гуырдзыстоны генералон консул Иосиф Чхиквишвили. Ныридæгæн Германæй депортацигонд æрцыдысты 65 гуырдзиаджы, ноджы 500-600 гуырдзиаджы та арвитдзысты марты мæйы. Уыдон Германмæ бацыдысты, æнæвизæйон режим цалынмæ ист не ‘рцыд, уæдмæ. Иуæй-иутæн дзы ис, Германы сын чи райгуырд, ахæм сывæллæттæ. Фæстаг рæстæджы къорд европæйаг бæстæйы, сæрмагондæй Герман, Исланди æмæ Швеци сæ катайдзинад равдыстой, Гуырдзыстоны æмбæстæгты саразгæ фыдракæндтæ кæй рæзынц, уый фæдыл.

Фæмард 24 адæймаджы

АИШ-ы коалици бомбæтæ æркалдта сирийаг горæт Дейр-эз-Зорыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 24 адæймаджы. Уый фæдыл Сирийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сидт сарæзта ИНО-йы Æдасдзинады советмæ, цæмæй уыдон баххуыс кæной коалицийы фыдракæндтæн кæрон скæнынæн.

Космикон нау æрбадт Казахстаны

Космикон нау «Союз МС-06» эипажы æртæ уæнджы – космонавт  Александр Мисуркин æмæ НАСА-йы астронавттæ Марк Ванде Хайем æмæ Джозеф Акабойимæ æрбадт Казахстаны. Уыдон космосы фесты 168 суткæйы. Ныртæккæ станцы баззадысты уæрæсейаг Антон Шкаплеров, америкæйаг Скотт Тингл æмæ япойнаг Норишиге Канаи.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.