АМАРЫНМÆ БАФÆЛВÆРД

Венесуэлæйы президент Николас Мадуройы амарынмæ бафæлвæрд уыд Каракасы парады йæ раныхасы рæстæджы. Йæ цуры уыдысты йæ цардæмбал, хъахъхъæнынады министр æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.  Трибунæйы ‘рдæм тахтысты рæмудзæн æрмæгæй йедзаг цалдæр æнæпилотон тæхæг аппараты, фæлæ сæ снайпертæ спырх кодтой. Мадуро ралæууыд хъусынгæнинагимæ, цыран арфæйы ныхæстæ загъта дунеон æмæхсæнадæн сæ фарсхæцынады тыххæй.

ÆВЗÆРЫЛ БАНЫМАДТА АМАРЫНМÆ БАФÆЛВÆРДÆН

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад цæхгæр æвзæрыл нымайы Венесуэлæйы президент Николас Мадуройы амарынмæ бафæлвæрдæн, «политикон тохы инструментты хуызы террористон методтæй пайда кæнын райсинаг нæу». Ахæм архайдтытæ здæхт сты бæстæйы уавæр сдестабилизаци кæнынмæ ацы бонты Венесуэлæйы уагъдæрцæуæг Социалистон иугонд партийы съезд ауадзыны фæстæ, цыран фыццаградон къахдзæфтыл нысан æрцыд национ экономикæ сæндидзын кæнын.

ÆРХАУД ВЕРТОЛЕТ

Красноярскы крайы горæт Игаркимæ æввахс цы вертолет Ми-8 æрхауд, уый ласта  хъаргъулты нефты гуырæн бынæттæм. Машинæ æрхауд, куыддæр стахт, афтæ æмæ ссыгъд. Йæ мидæг уыдысты 18 адæймаджы, уыдон иу-уылдæр фæмард сты. 6-æм августы Красноярскы крайы расидт æрцыд фыдохы бонæй. Фæмардуæвджыты бинонтæн бакæндзысты материалон æмæ моралон æххуыс.

ЗАГЪТОЙ МÆСÆЛЛÆЙЫ НЫХÆСТÆ

Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты лидертæ – Сомихстоны премьер-министр Никол Пашинян, Азербай-джаны президент Ильхам Алиев, Узбекистаны сæргълæууæг Шавкат Мирзиеев æмæ æндæртæ мæсæллæйы ныхæстæ загътой УФ-йы Президент Владимир Путинæн вертолет кæй æрхауд, уый сæраппонд.

ФÆФЫЛДÆР КОДТА ФИДДОНТÆ

Китайы Паддзахадон Совет сфидар кодта ног номхыгъд Иугонд Штатты уагъдцæуæг товарты стыр номхыгъдыл фиддонтæ фæфылдæр кæныны тыххæй, кæцыты аргъ уыдзæн 60 миллиард доллары. Ахæм мадзал райстой дзуаппæн Вашингтоны уынаффæйы ныхмæ. 2493 америкæйаг продукцийæн тарифтæ фæфылдæр уыдзысты 25%, æмæ ноджы 1078 пунктæн та – 20% онг, 974 хуызы продукцийæн – 10 % онг, 662 пунктæн – 5% онг. 25 проценты фæфылдæр уыдзысты фиддонтæ хъæууонхæдзарадон продукци, химион буарадтæ, парфюмери, косметкæ æмæ бирæ æндæр продукцийыл.

ДЗУАППОН КЪАХДЗÆФ

Уæрæсе 5-æм августæй америкæйаг къорд товартыл 25% фæфылдæр кодта фиддонтæ АИШ-ы аналогон архайдтытæн дзуаппæн. Бакæнгæ мадзæлттæ хауынц уæзтæласæн транспортон фæрæзты хицæн хуызтæм, арæзтадон-фæндагон техникæ, нефт-газы ифтонгад, згъæркуыстгæнæн инструменттæ æмæ бирæ æндæртæм. Уæрæсейæ æмæ къорд æндæр бæстæтæй æндон æмæ алюминийы уæлæмхас импортон фиддонтæ архайынц ацы аз 23-æм мартæй фæстæмæ. Уæрæсейаг экспортертæн базарадон арæнтæ зиан æрхастой 537,6 милуан доллары, номхуындæй, уыйбæрц суммæ АИШ-æн хъуамæ уæлæмхасæй фидой уæрæсейаг æввонггæнджытæ. Уæрæсейаг дзуаппон къахдзæф ацы этапы фадат ратдзæн æрмæстдæр зианы иу хай – 87,6 милуан доллары скомпенсаци кæнынæн. Уый фæдыл УФ-йы экономикон рæзты министрад гæнæн ис  бакæна уæлæмхас фиддонтæ АИШ-ы товартыл æрмæстдæр æртæ азы фæстæ.

ФЕХСТА СЕКТОР ГАЗИЙЫ

Израилы хъахъхъæнынады æфсады хæдтæхæг фехста палестинæйаг радикалты къорды Газы секторы, кæцытæ  судзгæ предметтимæ уæлдæфон къоритæ уагътой Израилы территоримæ. Палестинæйаг радикалтæ райдыдтой уæлдæфон кæлмытæ æмæ судзгæ предметтимæ къоритæ  уадзын Израилы территоримæ дзыллон ралæудтыты рæстæджы. Ахæм къахдзæф Израиль нымайы террористон архайдыл. Уæлдæфон кæлмытæ æмæ къоритæ уадзыны фæстиуæгæн Израилы ничи фæмард, фæлæ сын зынгсирвæзтыты зиан слæудзæн милуангай доллартæ.

ÆНДИДЗЫД ЦÆУЫНЦ

Сирийы фидыдады фæдыл уæрæсейаг центры бæрæг-гæнæнтæм гæсгæ бæстæйы æндидзыд æрцыдсты 89 медицинон æмæ 214 ахуырадон уагдоны, 241 цæрæн хæдзары, сцалцæг кодтой 269,5 километры автомобилон фæндаг, са-рæзтой 199 километры электроадæттæн хаххы, эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты 85 электродæлстанцы, донифтонгады 71 объекты æмæ дыууæ æртагон-энергетикон комплексы.

ФÆСИДТ ЙÆ МИНÆВАРМÆ

Саудаг Арави фæсидт Канадæйы йæ минæвармæ. Эр-Риядейы канадæйаг минæвар расидт æрцыд нон граты персонæйæ. Саудаг Аравийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бæстæйæ ацæуынæн дипломатæн радта 24 сахаты. Министрады куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ ацы уынаффæ у дзуаппон къахдзæф Саудаг Аравийы мидæггагон хъуыддæгты хи схæццæ кæнынæн, кæцы ныхмæвæрд у дунеон нормæтæн æмæ халы суверенитеты принцип. Канадæйы позици у Саудаг Аравимæ æрбабырсты хуызæн, кæцыйæн гæнæн нæй паддзахадты ‘хсæн ахастытæн. Министрады хъусынгæнинаджы дзырдæуы, зæгъгæ, дзырд цæуы Саудаг Аравийы æмбæстагон активистты буромыны уавæры тыххæй.

САНКЦИТÆ ИРАНЫ НЫХМÆ

АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпео фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ фæнд кæны Тегераны ныхмæ ноджы карздæр санкцитæ бакæнын. Санкцитæ бакæндзысты Ираны автомобилон секторы ныхмæ, афтæ ма сыгъзæрин æмæ згъæрæй базар кæныны ныхмæ.

МЫСЫДЫСТЫ АМÆТТÆГТЫ

Японы иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой, Хиросимæйыл атомон бомбæтæ æркалыны фæстиуæгæн чи фæмард, уыдоны нæмттæ. Церемони уагъд æрцыд Сабырады Паркы æмæ дзы хайад райстой 85 бæстæйы æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ. Мадзалы горæты мэр Кадзуми Мацуи банысан кодта, зæгъгæ, абон дунейы нырма ис 14 мин ядерон хæцæнгарзы. Æмæ иуæй-иу бæстæтæ та архайынц сæ ядерон потенциал смодернизаци кæныныл.

ÆРХАУД ХÆДТÆХÆГ

Швейцарийы æрхауд бæлцæттæласæн хæдтæхæг. Уыдысты дзы 20 адæймаджы. Уыдон иууылдæр фæмард сты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.