УÆРÆСЕЙЫ РАЙДЫДТА ПРЕЗИДЕНТОН ÆВЗÆРСТЫТЫ КОМПАНИ

Уæрæсейы официалонæй райдыдта 2018 азы Президентон æвзæрстыты ком-пани. УФ-йы Федерацийы Совет фехъусын кодта 2018 азы 18 марты Уæрæсейы Президенты æвзæрстытæ снысан кæныны тыххæй.  Ацы уынаффæйы тыххæй схъæлæс кодтой 15 декабры Федерацийы Советы рабадты хайадисæг 160 сенаторы се ‘ппæт дæр. Ацы документ ныммыхуыр кæныны фæстæ партитæн сæ бон уыдзæн æвзæрстыты размæйы съездтæ уадзын.

Хъавыдысты аргъуан спырх кæнынмæ

Санкт-Петербурджы спецоперацийы фæстиуæгæн урæд æрцыдысты авд террористы. Уыдон хъавыдысты Казаны аргъуан спырх кæнынмæ. Рæмудзæн æрмæджыты сæйраг æмбырдгæнæг у 18-аздзыд Евгений Ефимов. Авд террористæй зындгонд сты дыууæйы нæмттæ, фæлæ дарддæр  уагъд цæуынц фæдагурæн куыстытæ.

Путин бузныг загъта Трампæн

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны фæдзырдта АИШ-ы Президент Дональд Трампмæ æмæ йын раарфæ кодта, АИШ-ы Централон  развæдсгарæн управлени сын  террористты тыххæй зонæнтæ кæй радта, уый фæстиуæгæн. Владимир Путин бахатыд йæ коллегæмæ, цæмæй централон развæдсгарæн управленийы сæргълæууæгæн æмæ оперативон кусджытæн йæ номæй зæгъа бузныджы ныхæстæ.

Уымæй дарддæр ма йын Путин загъта, зæгъгæ, уæрæсейаг спецслужбæтæ АИШ-мæ ахасты террористон тæссагдзинæдты фæдыл информаци райсыны рæстæджы æнæмæнгæй дæр кæй фехъусын кæндзысты америкæйаг коллегæтæн, раздæр куыд уыд, афтæ.

Сæхи хæццæ кæнынц æвзæрстыты

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров куыд фехъусын кодта, афтæмæй АИШ алы хатт дæр регуляронæй сæхи хæццæ кæнынц уæрæсейаг æвзæрстыты. Уæлдай тынгдæр уым сæхи равдисынц Уæрæсейы АИШ-ы минæварад. «Нæ президент иу æмæ дыууæ хатты не ‘рхаста конкретон цæвиттонтæ АИШ-ы минæварады уыцы архайды тыххæй. Уымæй дарддæр ма америкæйаг дипломаттæ хайад фæисынц оппозицион партиты митингты», – загъта С. Лавров.

 

Пхеньян дарддæр дæр кусдзæн  ядерон хæцæнгарзы рæзтыл

Цæгат Корея фыццаг хатт раныхас кодта ИНО-йы Æдасдзинады советы Корейаг æрдæгсакъадахы темæйы фæдыл. Йæ раныхасы ИНО-йы Цæгат Кореяйы æдзухон минæвар бафидар кодта, зæгъгæ, Пхеньян дарддæр дæр кусдзæн ядерон хæцæнгарзы рæзтыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, сæ ядерон хæцæнгарз хъæуы хи бахъахъхъæныны тыххæй. Кореяйаг æрдæгсакъадахы æндыгъддзинады тыххæй бæрндзинад сæвæрдта АИШ æмæ йе ‘мцæдисонтыл, кæцытæ регулярон æгъдауæй масштабон æфсæддон ахуыртæ фæуадзынц регионы. ИНО-йы Генералон секретарь раныхас кодта регионы æфсæддонты бастдзинады каналтæ сæндидзын кæныны тыххæй, афтæ ма фæндон бахаста Цæгат Кореяйы алыварс кризис æрбæс-тон кæныны фæдыл æхсæны лæджы лæггæдты тыххæй.

* * *

УФ-йы Экономикон рæзты раздæры министр Алексей Улюкаевæн рахастæуыд 8 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Экс-министр уыдзæн карз режимы колонийы. Тæрхонгæнæг Лариса Семенова тæрхон кæсгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, Улюкаев «сарæзта фыдракæнд, номхуындæй, райста гæртам уæлдай стырдæр бæрцы». Уымæй дарддæр ма Улюкаев хъуамæ ивар бафида 130 милуан сомы.

Бар нæ дæтты

Дунеон Олимпион комитет бар нæ дæтты Уæрæсейы спортсментæн 2018 азы Пхенчханы Олимпион хъæзтыты рæстæджы национ символикæйæ спайда кæнынæн.

Дыууæ Хъырымаг хиды

Уæрæсейы уыдзæн дыууæ Хъырымаг хиды. Ахæм ном райста, Хъырымы æрдæгсакъадахы цы хид арæзт цæуы, уый. Хидæн ном æвзæрстой Мæскуы, Санкт-Петербург, Хъырым æмæ Краснодары крайы цæрджытæ. Иууыл хуыздæрыл банымадтой «Хъырымаг хид»-ы. Уый тыххæй схъæлæс кодтой цæрджыты 64 проценты. Афтæмæй Уæрæсейы уыдзæн дыууæ Хъырымаг хиды. Фыццаг – Мæскуыйы центры, кæцы арæзт æрцыд 1938 азы.

 

Национ фронты лидеры сидт

«Францы Национ фронты» лидер Марин Ле Пен фехъусын кодта, зæгъгæ, Евроцæдис «континенты кæны сæфтмæ» æмæ хъуамæ «ныппырх уа мидæгæй» æмæ æрсидт «ацы тæссаг Евроцæдис» «Европæйаг нациты цæдисæй» баивынмæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.