Знауыры районы Ахуырады хайады сæргълæууæг Гæбæраты Эльвирæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ныртæккæ районы ис æхсæз астæуккаг скъолайы. Ног ахуыры аз ахуыргæнинæгты нымæц, иннæ азтимæ абаргæйæ у бæрæг фылдæр. Кæд фарон районы ахуыргæнинæгты нымæц 264 уыд, уæд ацы аз та у 304. Районы скъолаты ахуыр кæнынц уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты сывæллæттæ дæр.

Уымæй дарддæр ма районы кусы дыууæ сывæллæтты рæвдауæндон-цæхæрадоны. Уыдонæй иу ис Цъорбисы хъæуы скъолайы бæстыхайы. Æрцыд капиталон цалцæг. Уымæй тынг фæрогдæр ис ныййарджыты уавæр.

«Иттæг хорз, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм уавæртæ ис Знауыры поселочы рæвдауæндон-цæхæрадоны. Сабиты рæвдауæндо-ны хъомылгæнджытæ тынг хорз кæсынц сæ чысыл хъомылгæнинæгтæм. Уыдон рæстæгыл ифтонг цæуынц хæлцæй, кусы дзы хъармгæнæн системæ, сыгъдæг, райдзаст уавæрты сты районы чысыл сабитæ. Алы бæрæгбонмæ дæр ам бацæттæ кæнынц хиирхæфсæн мадзæлттæ, кæцытæй барухс кæнынц сæ ныййар-джытæ æмæ хъомылгæнджыты зæрдæтæ», – зæгъы администрацийы ахуырады хайады сæргълæууæг.

Уымæй дарддæр ма районы архайы сывæллæтты сфæлдыстады галуан, цыран ис тынг бирæ ахуыргæнинæгтæ. Фæлæ дзы ис иу цухдзинад – нæй дзы бирæ кружоктæ, уымæн та ис йæхи аххосаг – уыцы кружоктæй бирæтæ сты хъæуты скъолатæн сæхи мидæг. Зæгъæм, Бехъмары скъолайы ис дыууæ кружокы – сæ иу у компьютерон, иннæ та «Арæхстджын къухтæ», зæгъгæ. Хъорнисы скъолайы та архайы нывкæныны кружок, Уахтъанайы скъолайы – хореографийы, Терегуаны скъолайы – шашкæты  æмæ компьютерон кружоктæ.

Знауыры  астæуккаг  скъолайы ахуыргæнинæгтæй бирæтæ урокты фæстæ сæ фæндаг акæнынц сфæлдыстады галуаныл, цыран дзы алкæ-цы дæр хæст у йæ уарзондæр хъуыддагыл.

Гæбæраты Эльвирæйы ныхæстæм гæсгæ, районы скъолатæ æмæ скъолайы агъоммæйы уагдæттæ кадртæй хъуагдзинад не ‘ййафынц. Куыд иннæ районтæм, афтæ ацы районы скъолатæм дæр бирæ ахуыргæнджытæ цæуынц горæтæй – Уахтъанамæ, Балтамæ æмæ æндæр хъæутæм.

Ахуыргæнджытæ сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны нысанæн æрвыл аз дæр рацæуынц аттестаци.

«Алы скъолайæн дæр ис йæхи сæрмагонд план скъолайæн æддейæ куысты фæдыл. Уыцы планмæ гæсгæ уагъд фæцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Не скъолаты ахуыргæ-нинæгтæ хайад фæисынц, куыд районон, афтæ республикон æмвæзадыл цы конкурстæ æмæ мадзæлттæ фæуагъдæуы, уыдоны æмæ сын вæййы хорз æнтыстытæ. Уымæй мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ нæм кæй ис æвзыгъд æмæ раппæлинаг сывæллæттæ.

Дыууæ азы фæд-фæдыл мах ауагътам конкурс «Азы ахуыргæнинаг». Конкурсы призер дыууæ азы фæд-фæдыл ссис уыцыиу ахуыргæнинаг. Афтæ кæй рауад уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтам, цæмæй конкурс уагъд цæуа дыууæ азы иу хатт. Кæй зæгъын æй хъæуы, конкурс  уагъд æрцæуы бæрзонд æмвæзадыл. Йæ уæлахиздзаутæ дæр райсынц æм-бæлон призтæ», – банысан кодта Эльвирæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæй  ахуырмæ  иууыл æвзыгъддæртæ хайад райсынц æн-дæр æмæ æндæр предметтæй республикон олимпиадæты.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй ахуыргæнæн чингуытæй скъолатæ сты ифтонг. Фæлæ сын, хъыгагæн, нæ фаг кæны «Дамгъуат» чингуытæ. Цалдæр азы дæргъы нæ райстой ацы чиныг, фæлæ æндæр хъæуæг чингуыты фæдыл закъаз куы раттынц, уæд ифтонг æрцæуынц.

– Кæй зæгъын æй хъæуы, алы куысты дæр вæййы цухдзинæдтæ æмæ уыдонæй хызт не стæм мах дæр. Алкæцы скъолайы дæр ахуыргæнинæгтæн фадат ис хъарм хæринаг бахæрынæн. Фæлæ нын, хъыгагæн, алы скъолайы уымæн æмбæлон уавæртæ нæй къуындæгдзинады аххосæгтæм гæсгæ. Зæгъæм, Уахтъанайы хъæуы скъолайы бæс-тыхай йæ рæстæджы арæзт æрцыд Сырх Дзуары дунеон комитеты руаджы æмæ дзы нæ разынд хæринаг цæттæ кæнынæн бынат. Ацы хъуыддагыл тынг тыхсæм æмæ агурæм алыгъуызон фадæттæ, цæмæй бæстыхаймæ бафтауæм уæлæмхас хатæн.

Спортивон залтæ нæй Хъорнис, Уахтъана æмæ Балтайы хъæуты скъолаты. Уый фæстиуæгæн зымæджы тынг фæтыхсынц куыд ахуыр-гæнджытæ, афтæ ахуыргæнинæгтæ дæр», – дзырдта Эльвирæ.

Скъолатæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæттæ ифтонг сты инвентарæй. Ацы аз Мугуты хъæуы скъолайæн æлхæд æрцыд партæтæ, уыимæ иумæ æрцыд цалцæг дæр. Хъармгæнæн системæйæ ифтонг сты куыд скъолатæ, афтæ сывæллæтты цæхæрадæттæ дæр. Фæлæ Ногхъæуы, раздæры Ахалшены, скъолайы нырма нырыккон хъармгæнæн системæйы бæсты æвæрд ис пец.

Районы ахуырады хайад дыууæ интерактивон фæйнæг балхæдта Терегуан æмæ Бехъмары астæуккаг скъолатæн. РХИ-йы Ахуырады министрад та ахæм фæйнæг балæвар кодта Знауыры поселочы астæуккаг скъолайæн.

Районы Ахуырады хайад автотранспорты хъуагдзинад кæй æййафы, уымæ гæсгæ бадзырды бындурыл пайда кæнынц хисæрмагонд транспортæй. Фæлæ хорз уаит, æмæ хайадæн йæхицæн амал куы æрцæуит йæхи транспорт. Ацы хъуыддаг у æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ ра-йоны скъолатæ кæрæдзимæ сты дард æмæ сыл азилын æнцонвадат нæу. Сæ балансыл цы бæлццæттæласæн автобус ис, уый у зæронд æмæ бирæ хæрдзтæ домы.

Ногазы къæсæрыл районы скъолатæ æмæ цæхæрадæттæ сæхи цæттæ кæнынц бæрæгбонон ма-дзæлттæм. Уый æддейæ ма районон æмвæзадыл бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд æрцæуынц сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары. Уый фадат дæтты районы скъолаты æрбангом кæнынæн. Куыд æрвыл аз, афтæ ацы аз дæр Мæскуымæ Кремлы Наз-бæласмæ районæй арвыстæуы иу сывæллон, уый вæййы кæнæ бирæсывæллонджын, кæнæ æвæрæз бинонтæй.

ТАНДЕЛАТЫ В.

КЪÆБУЛТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.