КОЛЛЕГÆТЫ БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу раныхас кодта Паддзахадон Думæйы депутатты раз хъахъхъæнынады фæдыл комитеты рауæрæхгонд ра-бадты рæстæджы. Уый фæстæ Шойгу дыууæ сахатæй фылдæр æхгæд режимы ныхас кодтой депутаттимæ. Парламентариты цымыдис кодтой ногдæр хæцæнгæрзтæй æфсæдты сифтонг кæныны æмгъуыдтæ, Сирийы уавæр æмæ бирæ æндæр фарстытæ.

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ КОНТРАКТЫЛ

Уæрæсейы паддзахадон корпораци «Росатом» æмæ Китайы CNNC корпорацийы куыстуæттæ Пекины сæ къухтæ æрфыстой генералон контрактыл Тяньваны атомон электростанцы дыууæ блокы саразыны тыххæй. Тянь-ваны атомон электростанц у уæрæсейагкитайаг экономикон æмгуыстады иууыл егъаудæр объект. Фыццаг æмæ дыккаг энергоблоктæ скуыстой 2007 азы, æртыккаг блок та – 2017 азы декабры, цыппæрæм –  2018 азы октябры мæйы.

ИСТ ÆРЦЫД ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

Паддзахадон Думæйы уынаффæ кодтой уæлæмхас социалон бафыстыты тыххæй. Депутаттæ фыццаг бакас-ты хорзыл банымадтой фæкæсынхъуаг пенсиисджыты пенситæм бафтауыны тыххæй закъоны проекты. Архайгæ нормæтæм гæсгæ, уæрæсейаг пенсиисæг пенси ма хъуамæ иса цæрыны минимумæй къаддæр, уымæ гæсгæ пенсиисджытæн сфидар кодтой уæлæмхас бафыстытæ регионалон кæнæ федералон бюджетæй.

БАКОДТА РАДОН АРÆНТÆ

8-æм мартæй УФ-йы «Россельхознадзор» радон хатт фæкъаддæр кодта Уæрæсемæ къорд белорусаг продук-туадзджыты продукцийы гуырахст. Ахæм уынаффæйы бындур ссис, ацы куыстуæттæ радон хатт Евразиаг эконо-микон цæдис æмæ Уæрæсейы Федерацийы ветеринарон-санитарон домæнтæ кæй фехæлдтой, уый. Уымæй дарддæр ма, «Россельхознадзор» ацы аххосæгтæм гæсгæ бакодта лабораторон контролы режим белорусаг 10 продуктуадзджытыл.

БАДЗЫРДТОЙ ЮРИДИКОН ГАРАНТИТЫЛ

Евроцæдис æмæ Стырбритани бадзырдтой Лондонæн юридикон гарантиты тыххæй ирландиаг арæныл контроль кæныны тыххæй, кæцытæ хъуамæ бар радтой Евроцæдисæй Стырбританийы рахызты тыххæй уынаффæ сфидар кæны-нæн, – уый тыххæй дзырдæуы Еврокъамисы сæргълæууæг Жан-Клод Юнкер æмæ Стырбританийы премьер-министр Тереза Мэйы баныхæсты фæстиуджыты фæдыл хъусынгæнинаджы. Фæрстæ бадзырдтой брекзиты фæстæ фæлдзæуæн рæстæджы кæронмæ (2020 азы 31 декабры онг) уæ-лæмхас баныхæстæ ауадзыны тыххæй, кæцыты уынаффæ кæндзысты Ирландиимæ арæны тыххæй.

НÆ РАХÆЦЫДЫСТЫ СРАЗЫДЗИНАДЫ ÆВВАРС

Британийы общинæты палатæ нæ рахæцыд Евроцæдисæй бæстæйы рахызты фæдыл сразыдзинады ног варианты æвварс. Ног варианты тыххæй схъæлæс кодтой 242 депутаты  æмæ йæ ныхмæ та рацыдысты 391 депутаты.

АЛЫГЪД МИТИНГÆЙ

Украинæйы президент Петр Порошенко Житомиры ми-тингæй алыгъд националистты тыххæй, кæцытæ не ‘руагътой агитацион митинг ауадзын. Радикалтæ домдтой паддзахады сæргълæууæджы ахæстоны сбадын кæнын. Националисттæ ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, фæсыкк кæндзысты Порошенкойы иннæ ралæудтытæ дæр, цалынмæ «Укроборонпром»-ы коррупцийы фарст скъуыддзаг æрцæуа, уæдмæ.

ХЪАХЪХЪÆНДЗЫСТЫ БÆСТÆЙЫ ЭНЕРГОСИСТЕМÆЙЫ

Венесуэлæйы æфсад хъахъхъæндзæн бæстæйы энер-гоифтонгады системæйы стратегион объектты, – уый тыххæй фехъусын кодта Боливариаг Республикæйы хъахъхъæнынады министр Владимир Падрино Лопес. Йæ ныхæстæм гæсгæ æфсæддонтæ фæнд кæнынц энергетикæйы объекттыл цахæмфæнды атакæ дæр аиуварс кæнын. «Мах фæнд кæнæм национ энергосистемæ æрбæстон кæнын æмæ цахæмфæнды гæнæнуæвæг атакæ дæр ма бауадзын», – загъта уый. Уый размæ Венесуэлæйы президент Николас Мадуро бахæс кодта хъахъхъæнынады министрадæн энергоифтонгад хъахъхъæ-ныны тыххæй. Бынæттон прессæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Венесуэлæйы 22 штатæй æнæ электроэнерги баззадысты 20 штаты. Зæгъæн ис, электроэнерги  нæ уыд бæстæйы æппæт территорийыл.

12-æм марты Венесуэлæйы æппæт территорийыл æххæстæй æндидзыд æрцыд электроифтонгад.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ ДЫУУÆ АДÆЙМАДЖЫ

Венесуэлæйы барадхъахъхъæнæг органтæ баурæдтой, Симон Боливары номыл гидроэлектростанцыл сатакæ кæныны кæй аххосджын кæнынц, уыцы дыууæ адæймаджы, – уый тыххæй фехъусын кодта бæстæйы президент Николас Мадуро. «Мах æрцахстам дыууæ адæймаджы, кæцытæ бафæлвæрдтой донæмбырдгæнæн Гурийы гидроэлектрос-танцы бастдзинады системæ фехалын.  Райгуырæн бæс-тæйыл гадзрахатæй рацæуыны аххосджынтæ хъуамæ дзуапп радтой закъоны раз», – загъта уый.

ÆРУЫНАФФÆ КОДТОЙ ЭЛЕКТРОХЫЗÆГТЫ БАИУ КÆНЫНЫЛ

Ираны энергетикæйы министр Реза Ардаканиян телефоны йæ уæрæсейаг коллегæ Александр Новакимæ ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодта Азербайджан, Гуырдзыстон кæнæ Сомихстоны территорийыл дыууæ бæстæйы электрохызæгтæ баиу кæныны перспективæйыл. Уымæй дарддæр ма министртæ бадзырдтой Тегеран æмæ Исфаханы æхсæнхицауадон къамисы æртæбонон рабадт ауадзыны тыххæй, кæцы хъуамæ райдайа 16 июны. Афтæ ма фæрстæ аскъуыддзаг кодтой 15 майы ирайнаг столицæйы Иран æмæ Цæгат Кавказы экономикон æмæ базарадон æмгуыстады фарсты фæдыл конференци сорганизаци кæнын. Февралы мæйы Ираны УФ-йы минæвар Леван Джагарян фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ-ы санкцитæ нæ бандавдзысты энергетикон фадыджы Уæрæсе æмæ Ираны æмгуыстадыл æмæ къухтæ фыст цы контракттыл æрцыдысты, уыдоны сæххæст кæныныл.

УНИВЕРСИАДÆ СÆХГÆНЫНЫ ЦЕРЕМОНИ

Красноярскы «Платинум Арена»-йы стадионы уагъд æрцыд Универсиадæйы сæхгæныны цытджын церемони. Зымæгон хъæзтытæ фесты Универсиадæйы бæстæтæ-хайадисджыты спортсменты парадæй. Спортсментæ æмæ уазджытæн ра-арфæ кодта Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев. Красноярскы сæргълæууæг Студентон хъæзтыты тырыса радта Швейцарийы Люцерны мэрмæ, цыран уагъд æрцæудзæн 2021 азы зымæгон Универсиадæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.