ЙÆ КЪУХ ÆРФЫСТА БАРАМЫНДЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста Барамындыл Луганскы æмæ Донецкы Адæмон Республикæты цæрджытæн Уæрæсейы æмбæстагдзинад фæхуымæтæгдæр фæтк радтыны тыххæй. Уый размæ закъон райста УФ-йы Пад-дзахадон Думæ. «Украинæйы Донецкы æмæ Луганскы областты хицæн районты тер-риториты æдзух цæрæг адæймæгтæн бар ис фæхуымæтæгдæр фæткы Уæрæсейы Феде-рацийы æмбæстагдзинад райсыны тыххæй куырдиатимæ бахатын», – дзырдæуы Бара-мынды. Документы нысан цæуы, зæгъгæ, бацамынд районты цæрджытæн сæ бон у УФ-йы æмбæстагдзинад райсыны тыххæй куырдиæттæ ныффыссын УФ-йы Мидхъуыд-дæгты министрады æххæстбарджын территориалон органтæм. Ацы куырдиæттæм хъуамæ æркастæуа æртæ мæйы æмгъуыдмæ.

   ПУТИН ÆМÆ КИМ ЧЕН ЫН-ы ФЕМБÆЛД

Фыццаг хатт Уæрæсемæ официалон визитимæ æрцыд Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ын. 25-æм апрелы Владивостокы Владимир Путин æмæ Ким Чен Ынæн уыд æххæстформатон фембæлд. Уыдон нырма дыууæ сахаты бæрц ныхас кодтой лæгæй лæгмæ, æмæ уый фæстæ иу сахат æмæ æрдæг та уæрæх форматы. Дыууæ лидеры æруынаффæ кодтой Уæрæсе æмæ Цæгат Кореяйы ахастыты историйыл æмæ ахас-тыты рæзты перспективæтыл, ядерон гæрзтæ æрæвæрыны æмæ Кореяйы æрдæгсакъадахы уавæрыл. Уыдон бадзырдтой дæргъвæтин рæстæджы фæстæ æмгуыстад æрнывыл кæныны тыххæй. Дыууæ лидеры куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ фембæлд рауад мидисджын.

       РАНЫХАС КОДТА ФОРУМЫ

Китайы уагъдцæуæг дунеон форум «Один пояс, один путь»-ы хайад райстой 80 бæстæйæ фылдæр сæргълæуджытæ æмæ дунейы егъаудæр корпорациты минæвæрттæ. Уыдон æруынаффæ кодтой экономикон æмархайд æмæ Азийæ Европæмæ ног базарадон-транспортон къæлидор саразыны тыххæй. Форум байгом кæныны церемонийы раныхас кодта Владимир Путин. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе фæнд кæны дарддæр дæр Европæ æмæ Азийы æппæт бæстæтимæ экономикон бастдзинæдтæ фидар кæнын. Форумы фæлгæтты Путинæн фембæлдтытæ уыд цалдæр бæс-тæйы сæргълæуджытимæ.

             ДУНЕОН КОНФЕРЕНЦИ

Мæскуыйы уагъдцæуæг дунеон конференцийы хайад райстой 100 бæстæйы æмæ организацийы минæвæрттæ. Уæрæсейæ конференцийы хайад райстой фæсарæйнаг æмæ хъахъхъæнынады министртæ. Конференцимæ фæхуыдтой Пентагонды дæр, фæлæ уыдон не ‘рцыдысты. Боны фæткы уыд бирæ фарстытæ дунеон терроризм, Æввахс Хурскæсæны уавæр, гибридон хæстытæ, хуызджын революцитæ, кибер тæссаг-дзинæдтæ, космосы милитаризаци, Арктикæйы фæсидтытæ, астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырдæй АИШ-ы рахызт æмæ æндæртæ.

ДОМЫ БАРАМЫНД АИВЫН

Украинæйы Уæлдæр Рада райста уынаффæ, цыран домы Донбассы территоритыл цæрджытæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад фæхуымæтæгдæрæй радтыны тыххæй Уæрæсейы Президенты Барамынд аивын. Афтæ ма Уæлдæр Рада æрсидт дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй уынаффæйы тыххæй Уæрæсейы ныхмæ фæтыхджындæр кæной санкцитæ.

УÆЛДÆР РАДА РАЙСТА ЗАКЪОН УКРАИНÆЙАГ ÆВЗАДЖЫ ТЫХХÆЙ

Украинæйы Уæлдæр Радайы депутаттæ райстой закъон, кæцымæ гæсгæ украинæйаг æвзаг бæстæйы уыдзæн иунæг паддзахадон æвзаг. Документы тыххæй схъæлæс кодтой 278 депутаты. Ныр æмбæстæгтæн бар нал уыдзæн уырыссаг æмæ æндæр æвзæгтæй пайда кæнынæн, царды æппæт фадгуыты. Закъон куыд æххæст цæудзæн, уымæ сæ хъус дардзысты сæрмагонд «æвзæгты инспек-тортæ».

             ЭКСТРЕНОН РАБАДТ

Украинæйы домæнмæ гæсгæ ИНО-йы Æдасдзинады совет ауагъта æнæрадон экстренон рабадт Донбассы цæрджытæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад радтыны тых-хæй. ИНО-йы Уæрæсейы æдзухон минæвар Василий Небензя банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы президенты Барамынд дунейæн тæссагдзинад нæ хæссы. «Фæнды мæ ноджы иу хатт бафæрсын, Минскы бадзырдтæй кæцы пункт фехæлдтам? Донбассы цæрджытæн бар ис сæ закъонон бартæ бахъахъхъæнын. Украинæ сын ницахæм бартæ дæтты, уымæ гæсгæ мах бахъуыд уыдонæн баххуыс кæнын. Уæрæсе йæхимæ райста экономикон æмæ социалон уаргъ. Украинæйы цæрджытæн æмбæстагдзинад фæхуымæтæгдæр режимы чи дæтты, Уæрæсе ахæм иунæг паддзахад нæу. Киев ацы республикæты цæрджытæн бар нæ радта президентон æвзæрстыты хайад райсынæн», – фехъусын кодта Василий Небензя.

 БАЛХÆНДЗЫСТЫ ХÆДТÆХДЖЫТÆ

УФ-йы Хицауад хорзыл банымадта уæрæхфизеляжон, дардмагистралон Boeing æмæ Airbus 100 хæдтæхæджы «Аэрофлотæн» балхæнын 2019-2023 азты, – фехъусын кодта УФ-йы сæудæджерад æмæ базарады министр Денис Мантуров. Фæлæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, 2030 азмæ «Аэрофлолты» паркы алы дыккаг хæдтæхæг дæр уыдзæн  уæрæсейаг.  Ныртæккæ   «Аэрофлот»-ы паркы ис 370 хæдтæхæгæй фылдæр.

ÆРБАЗДÆХТЫСТЫ СÆ ЦÆРÆН БЫНÆТТÆМ

Уæрæсе æмæ Сирийы иумиаг архайды фæстиуæгæн ныртæккæ сæ цæрæн бынæттæм æрбаздæхтысты 1,72 милуан сирийаг æмбæстаджы, уыдонæй 1,29 милуан адæймаджы сты бæстæйы территорийыл лигъдæттæ æмæ 429 мин лигъдонæй фылдæр та фæсарæйнаг бæстæты территоритæй. Лигъдæттæ Сиримæ цæуынц сæйраджыдæр Иордани æмæ Ливаны арæнтыл.

ХÆСТЫ ФÆСТИУÆГ

Сирийы хæсты рæстæджы ныппырх сты егъаудæр горæтты инфрастуктурæты 40 процентæй 70 проценты онг. 6 милуан сирийагæй фылдæры бахъуыд бæстæйæ ацæуын хæстон архайдтыты фæстиуæгæн.

ФÆМАРД СТЫ 51 АДÆЙМАДЖЫ

Хуссар Африкæйы Республикæйы скæсæн хайы Квазулу-Наталы провинцийы тæрккъæвдаты фæстиуæгæн фæмард сты 51 адæймаджы. Провинцийы уагъд цæуынц ирвæзынгæнæн куыстытæ. Тæрккъæвдаты аххосæй фæндæгтæ доны бын фесты, хъыгдард баййæфта инфраструктурæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.