Куыд Хуссар Ирыстоны æппæт ахуыргæнæн уагдæтты афтæ Дменисы астæуккаг скъолайы дæр ног ахуыры аз райдыдта 4-æм сентябры.

Бæрæгбонон мадзал райдыдта цытджын линейкæйæ. Ацы аз Дменисы иумæйаг ахуыргæнæн скъолайы фыццаг къласмæ бацыд 7 ахуыргæнинаджы. Ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ныййарджытыл райзæрдæимæ æмбæлдысты ахуыргæнджытæ. Скъолайы директор Дудайты Зема бæрæгбонон арфæтимæ, уæлдай хъусдард здæхта 1-аг къласмæ чи æрбацыд, уыцы чысыл ахуырдзаутæм. Скъолайы æппæт ахуыргæнинæгтæн йæ цæст бауарзта, цæмæй суой фыдыбæстæйы аккаг æмбæстæгтæ. Фехъусын кодта, ивгъуыд аз фыццагкъласонтæ фылдæр кæй уыдысты. «Дменисы хуызæн стыр хъæуæн 7 сывæллоны цъус у. Ныфс мæ ис, иннæ аз нæм фылдæр ахуыргæнинæгтæ кæй æрбацæудзæнис. Бирæ ныййарджытæ катай кодтой, ног ахуыры азы  ахуыр кæй уыдзæн дистанцион, ууыл. Фæлæ, мах æхсызгонæй фехъусын кодтам ахуыр традицион вариантыл кæй райдайдзæн. Кæд бахъæуа æмæ эпидеми уа, уæд та мах дæр ахуырады министрады амындмæ гæсгæ архайдзыстæм. Ивгъуыд ахуыры азы махмæ дæр скъолайы ахуыр фæцис æмгъуыдæй раздæр. Мах дæр, куыд æндæр скъолатæ, афтæ, тырныдтам дистанцион режим хъахъхъæнын, фæлæ сывæллæттæн сæ фылдæрæн нæ уыд интернет, кæмæндæрты та бынтондæр нæй смартфон телефонтæ. Уымæ гæсгæ уыцы ахуыр нæ уыд эффективон», – загъта скъолайы директор Дудайты Земæ.

Бæрæгбонон линейкæйы хайад райстой Цхинвалы районы ахуырады хайады сæргълæууæг Лолоты Барис æмæ ацы хъæуы цæрæг Бастдзинад   æмæ массон коммуникациты Сæрдар Джиголаты Хасан дæр. Уый Дменисы скъолайы ахуыргæнинæгтæн раарфæ кодта нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатолийы номæй. Йемæ ма бахаста лæвæрттæ дæр –  фыццагкъласонты цы ахуыргæнæн дзаумæттæ хъæуы, уыдон æмæ ма æхцайы фæрæзтæ дæр. Зæгъын хъæуы уый æмæ Джиголаты Хасан æхцайы фæрæзтæй кæй барæвдыдта ацы скъолайы рауагъдонты æмæ сæ ахуыргæнджыты ивгъуыд  ахуыры азы кæрон дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.