РХИ-йы æдасдзинады министрады кусджытæ нæ горæты скъолайы агъоммæйы уагдæтты ауагътой инструктаж.

Министрады инструктор Хуыгаты Зауыр куыд хъусын кæны, афтæмæй сæ куысты программæмæ хаст у, æрвылаз дæр ахуырадон уагдæтты æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн инструктажтæ уадзын. «Ахуыры азы райдайæнæй нырмæ дæс рæвдауæндоны ауагътам ахуыртæ, кæдон дихгонд сты æртæ хайыл: теори, практикæ æмæ æрцæугæ цау аиуварс кæныны амæлттæ. Кусæм, куыд хъомылгæнджытимæ, афтæ сабитимæ дæр, сæ кар сын хынцгæйæ. Хъомылгæнджыты базонгæ кодтам зынгсирвæзты рæстæджы туаггуыры баллонтæй куыд пайда кæнын хъæуы, уыдæттимæ. Афтæ ма сын бакастыстæм, æндæр тæссаг уавæрты сабиты æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй лекцитæ», –  загъта Хуыгайы фырт.

Инструктор ма куыд загъта, афтæмæй æрмæстдæр иу рæвдауæндоны кусы  сигнализаци, уый баст у МЧС-ы пультмæ. Æвирхъау цауы рæстæджы скусдзæнис автоматонæй. Кæд аразæн æмæ цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы алы рæвдауæндоны дæр хъуамæ арæзт æрцыдаиккой ахæм линитæ, уæддæр, хъыгагæн, ацы фарст нырма дæр скъуыддзаг не ‘рцыд. «Æрвылаз дæр, æдасдзинад бахъахъхъæныны куыстыты рæстæджы, саразæм акт æмæ йæ адæттæм æмбæлон органтæм, цæмæй иннæ рæвдауæндæтты дæр æмбæлон уагмæ æркæной автономон сигнализаци. Фæлæ цалдæр азы дæргъы ацы фарстмæ хъусдард нæй», – хъусын кæны дзурæг.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй рæвдауæндæтты хъахъхъæд сты уæлвæткон уавæрты рæстæджы фыццаг мадзæлттæ райсыны тыххæй нормæтæ, хъомылгæнджытæ æмæ рæвдауæндæтты къухдариуæгад дæр зонгæ сты æнæмæнгхъæугæ мадзæлттимæ, æмæ бахъуыды рæстæджы сæ бон суыдзæнис МЧС-ы æрбацыдмæ уавæр аиуварс кæнын.

Инструктор ма куыд загъта, афтæмæй æввахс рæстæджы æнгæс куыстытæ баконд æрцæудзысты нæ республикæйы ахуырадон уагдæтты се ‘ппæты дæр.

Хуыгаты Милена

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.