Цхинвалы горæтон тæрхондоны дарддæр цæуы Дзабиты Иналы амæлæты фæдыл процесс.
Фыдракæнды кæуыл дызæрдыг кæныныц, уыдонæй Хуыгаты Марат, Джиоты Андрей,  Бибылты Джумбер, Сланты Ирбег æмæ Къозонты Сергей ахст сты. Наниты Ацæмæз, Багаты Алан æмæ Годжыцаты Зауыр та – не сты,  республикæйæн æддæмæ кæй нæ ацæудзысты, уый тыххæй сæ  къухтæ кæй æрфыстой, уый ‘руаджы.

Фыццаг æвдисæн – рынчындоны дохтыр-реаниматолог Æлборты Батыр радзырдта, зæгъгæ, 2020 азы 28 августы, республикон рынчындоны радгæс куы уыд, уæд æм фæдзырдтой рынчынтæ исæн хайадмæ, æдзард æвзонг лæппуйы сæм кæй æрбаластой, уый тыххæй.

«Уадидæгæн ныххызтæн исæн хайадмæ, басгæрстон, кæй æрбаластой, уыцы лæппуйы, фæлæ йыл удæгасы нысæнттæ нал уыд – нал улæфыд, йæ пульс нал цавта, йæ буар дæр уыд уазал. Йæ цасгомыл, йæ къæхтæ æмæ къухтæй цы зынд, уыдоныл уыд цъæхтæ æмæ цъæррæмыхстытæ. Лæппу мард кæй у, уый банысан кодтой æртæ дохтыры æмæ тагъд æххуысы дохтыр дæр. Рынчындонмæ йæ мардæй кæй æрбаластой, уый тыххæй йæ нал бахъуыд реанимацион процедурæ дæр. Уый фæстæ лæппуйы мард буар бамбæрстой æмæ йæ аластой шокы ныхмæ (противошоковое)   палатæмæ», – радзырдта Æлборты Батыр.

Мидхъуыддæгты министрады кусæг Мамиты Альберт банысан кодта, зæгъгæ, фыдракæндыл азтæ кæй рацыд, уый тыххæй рæстмæ нал хъуыды кæны уыцы бонты æрцæугæ цаутæ.

«Кæцы бон уыд, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ августы бонтæй сæ иуы контролон-уадзæн пункты радгæс куы уыдтæн, уæд æрбацыд Мидхъуыддæгты министрады службæйон машинæ æмæ 30-40 минуты фæстæ аздæхт фæстæмæ. Уымæй дыууæ сахаты фæстæ нæм фæсидтысты рынчындонмæ. Рынчындоны уыд æвзонг адæймаджы мард буар. Дохтыртæй йæ базыдтам мард лæппу Дзабиты Инал кæй у.  Дохтыртæй йын кæцыдæр йæ цæсгомы æмбæрзт куы айгом кодта, уæд разындысты йæ цæсгомы цъæррæмыхстытæ æмæ цъæхтæ.

Тагъд фердæхты сæрмагонд къорды кусæг Бестауты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, Цхуырбаты Никъалайы куы хъахъхъæдта, уæд æм  бахызтысты (Цхуырбайы фыртмæ) Æлборты Людвиг æмæ Наниты Ацæмæз.

«Уыдон ныхас кодтой Цхуырбайы фыртимæ, фæлæ цæуыл дзырдтой, уый мæм нæ хъуыст. Æз радгæс куы уыдтæн, уыцы рæстæг  Никъаламæ нæ уыд тыхбахаст», – банысан кодта æвдисæн.

Развæлгъау æмæ ныры æвдисæн дзырдтæ æмхуызон кæй нæ уыдысты, уый тыххæй зылынгæнæг фарсæрдыгæй уыд куырдиат развæлгъау æвдисæн дзырдтæ бакæсыны тыххæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй Бестауты Зауыр раздæр дзырдта, зæгъгæ, Цхуырбайы фырт хъæрзыдта æмæ йын  фенын кодта йæ цæфты. Фæлæ ныр æвдисæн нал басаст йæ раздæры æвдисæн-дзырдтыл.

Тагъд фердæхты сæрмагонд къорды кусæг Æрсойты Ирбег  дæр банысан кодта, йе сменæйы рæстæджы Цхуырбаты Никъаламæ Наниты Ацæмæз æмæ Æлборты Людвиг кæй бахызтысты.

«Цхуырбайы фырты къахвæрæнмæ куы ракодтам, уæд йæхæдæг цыд æнæ мах æххуысæй. Цæфты нысан дæр ыл нæ уыд», – дзырдта æвдисæн.

Ныр дæр та зылынгæнæг фарсæрдыгæй уыд куырдиат Æрсойы фырты развæлгъау æвдисæн дзырдтæ раргом кæныны тыххæй. Уымæн æмæ раздæр, уый дзырдта, зæгъгæ, Цхуырбайы фырт къуылых цыд, къахвæрæнмæ  йæ куы фæцæйкодта, уæд.

Иннæ æвдисæн Хъæцмæзты Сæрмæт радзырдта Дзабиты  Иналы ЦАРЗ-ы микрорайонæй Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнхъахъхъæнæг управленийы бæстыхаймæ йе ‘мкусджытимæ куыд ракодтой, уый тыххæй.

«Арæнхъахъхъæнæг управленийы бæстыхайы цы рæстæг уыдтæн, уымæй Дзабиты Иналмæ ныххызт Наниты Ацæмæз. Цæуыл дзырдтой, уый нæ хъуыстам, ныккæнды дуар æхгæд кæй уыд, уый тыххæй. Нанийы фырт куы рахызт, уый фæстæ махæй ничи бахызт Иналмæ.

Æмæ та ныр дæр æвдисæны развæлгъау æмæ ныры  æвдисæн дзырдтæ хицæн кодтой кæрæдзийæ.

Развæлгъау æвдисæн дзырдты Сæрмæт банысан кодта, Дзабиты Иналимæ Наниты Ацæмæз бæрзонд хъæлæсæй кæй дзырдта, уый. Ома, Наниты Ацæмæз Иналæй домдта, цæмæй радзура, æцæгæй цы æрцыд, уый тыххæй.

«Сæ ныхасæй  йæ бамбæрстон  Инал кæй нæ разы кодта  бакæнгæ фыдракæнды хайадистыл. Ацæмæзы та нæ уырныдта æмæ йын дзырдта, цæмæй Инал басæтта фыдракæндыл», – фыст уыд, Сæрмæты къухфыстимæ йæ развæлгъау æвдисæн дзырды гæххæтты. О, фæлæ сыл Хъæцмæзты Сæрмæт нал сразы, æз, дам, ахæмæй ницы дзырдтон.

Иннæ æвдисæн та уыд Лалыты Андрей. Уый дæр уыд, Дзабиты Иналы йæ хæдзарæй чи ракодта, уыдонимæ.

Уый дæр бафидар кодта, Наниты Ацæмæз æмæ Дзабиты Инал хъæрæй кæй дзырдтой, уый. Фæлæ цæуыл дзырдтой, уый нæ бамбæрста.

Бафарстой Арæнхъахъхъæнæг управленийы кусджытæй Куымæридтаты Русланы, Джиоты Георгийы, Плиты Игоры, Гаглойты Александры æмæ Сидæмонты Родионы.

Фыццаг цыппар адæймаджы сæ развæлгъау æвдисæн дзырдтæ сфæлхатт кодтой. Ома, сменæ куы райстой, уæд сын загъдæуыд, зæгъгæ, камерæйы ис ахст адæймаг æмæ йæм бацæуыны бар нæй. Уый тыххæй нæ базыдтой чи уыд уыцы адæймаг.

Сидæмонты Радион  радзырдта,  2020 азы 28 августы иннæ бонтæй уæлдай кæй ницы фæхатыд. Уыцы бон уый кабинеты уыд, Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ та  æддейæ уыдысты. Æмæ æддейæ цы цыд, уый нæ базыдта. Æртæ азы размæ цы уыд, уый рæстмæ нал хъуыды кæнын, зæгъгæ.

Адвокаты ныхæстæм гæсгæ та  раздæры æвдисæн дзырдтæ бынтон æндæр уыдысты. Раздæр уый дзырдта, зæгъгæ, куысты фæдыл рахызт æддæмæ æмæ федта: «Тагъд фердæхты сæрмагонд къорды кусджытæ гамхудты камерæйæ  ракодтой ахст адæймаджы æмæ йæ машинæйыл сбадын кодтой. Камерæйы дæгъæлтæ хъуамæ радгæсмæ радтаиккой, фæлæ сæ æз райстон. Къорды кусджытимæ сау дарæсы цы адæймаг уыд, уый та сæ хистæр уыд».

Сидæмонты Родион сразы йæ раздæры æвдисæн дзырдтыл.

Цы 11 æвдисæны бафарста тæрхонгæнæг, уыдонмæ, фыдракæнды кæуыл дызæрдыг кæныныц, уыдон сæхæдæг лæвæрдтой ахæм фарст: «2020 азы 23 августæй 28 августмæ  махæй исчи Дзабиты Иналимæ ныхас кодта кæнæ йæм æввахс бацыд, кæнæ махæй искæйы федтай, Инал кæм уыд, уыцы территоримæ æввахс?».

Диссаг уый у, æмæ æвдисæнтæ иууылдæр, цыма кæрæдзиимæ æмдзырд бакодтой, уыйау фидарæй дзырдтой, æппындæр сæ кæй никæйы федтой Иналмæ хæстæг бацæугæ дæр.

26 февралы ма тæрхондонмæ хъуамæ æрбацыдаиккой 6 æвдисæны, фæлæ не ‘рцыдысты. Тæрхонгæнæг фехъусын кодта, зæгъгæ, спайда кодтой æппæт амæлттæй дæр. Æвдисæнтæй чидæртæ республикæйæн æддейæ сты, чи рынчын у, чи та удæгас нал у. Иу æвдисæн та регистраци у, цы хæдзар нæй, ахæмы.

Тæхондоны радон рабадт уыдзæн 4-æм марты.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.