Ацы фæстаг рæстæджы дунейы хъусдард здæхт у Сирийы цæуæг хæстон цаутæм. Ам уавæр бæрæг фендыгъддæр 27-æм февралы, уæд террористон къорд «Хайят Тахрир аш-Шам»-ы боевиктæ бафæлвæрдтой цæрæн пункт Бехуны районы сирийаг æфсæдты позицимæ бабырсын. Дзуаппон уæлдæфон атакæйы фæстиуæгæн фæмард 33 туркаг хæстоны, кæцытæ Анкарайы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыцы районы ма хъуамæ уыдаиккой. НАТО-йы Туркы партнертæ цауты ахæм рæзтмæ цæттæ нæ уыдысты.  Уæрæсейаг фарс райста мадзæлттæ сириаг фарсы ‘рдыгæй æхстытæ æххæстæй æруромыны тыххæй æмæ сифтонг кодта фæмардуæвджыты æмæ цæфты эвакуаци. Уый фæстæ Турк аскъуыддзаг кодта сириаг æфсæдты позицитыл зæххы æмæ уæлдæфон цæфтæ ныккæнын. Æрцæугæ цауы Анкара схуыдта НАТО-мæ «æрбабырст» æмæ сæм фæсидт æххуысмæ, афтæ ма æркуырдтой альянсы бæстæтыуæнгты минæвæртты æмвæзадыл консультацитæ. АИШ-ы паддзахадон департаменты банысан кодтой, зæгъгæ, хæцынц Туркы æвварс, куыд НАТО-йы  æмцæдисон, афтæ. Сириаг Идлибы туркаг хæстонтæ кæй фæмард сты, уый тыххæй Туркы президенты уынаффæгæнæг Джашин, фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ бæстæ цæттæ у Уæрæсеимæ хæцынмæ. Турк, дам,  йæ историйы дæргъы 16 хатты хæцыд уæрæсейаг паддзахадимæ. Уый фæдыл уæрæсейаг фарс зæрдыл æрлæууын кодта, уыцы 16 хæсты куыд фесты, уый. Æркæсæт, дам, картæмæ, уыцы 16 хæсты фæстæ ма Туркæй цы баззад, уымæ.

Турк хæст нæ расидт Сирийы æмæ нæ бафæлвæрдта Уæрæсеимæ комкоммæ конфронтацийы бацæуыныл. Афтæ ма консультацитæ дарддæр кодта  Уæрæсеимæ Идлибы фæдыл æмæ архайдта конфликт æрбæстон кæныны тыххæй уæлдæр æмвзадыл контакттæ ауадзыныл. Нæдæр АИШ æмæ нæдæр НАТО ныртæккæ цæттæ не сты Сирийы хъуыддæгты хæстон æгъдауæй сæхи хæццæ кæнынмæ.  Иннæмæй та уым æгæр тыхджын сты Мæскуы æмæ Дамаскы позицитæ æмæ рискыл нæ ацæудзысты.

Ис къорд фарстайы, кæцытæн хъæуы дзуапп радтын: Эрдоганы цы хъæуы æцæгæлон бæстæйы? Цахæм архайдтытæм æнхъæлмæ кæсæн ис Евроцæдис æмæ НАТО-йæ æввахсдæр перспективæйы? Цахæм хъуамæ уа ацы кризис аскъуыддзаг кæныны тыххæй Уæрæсейы оптималон стратеги?

Туркы хицауад нал зоны, цы саразын хъæуы æмæ уавæрæй куыд рахиза, уый. Ацы бæстæйы сæргълæууæг Эрдоган бафæлвæрдта æцæгæлон территорийыл чысыл уæлахизхæссæг хæстмæ, фæлæ уый бæсты райста егъау конфликты тæссагдзинад æмæ зиæнттæ. Уый у тынг уæззау политикон цæф Турчы лидерæн, цыран æфсад историон æгъдауæй у сæрмагонд политикон тых, æмæ бæстæйы æфсæддон фæфæлдæхтытæ та сты хицауад арæх раивыны амал. 1960 азæй ацы бæстæйы арæзт æрцыд фæфæлдæхты цыппар æнтыстджын бафæлвæрды. 2016 азы фæфæлдæхты фæндзæм бафæлвæрд фæсыкк.

Идлибы Анкара хæцы къорд террористон къордты æвварс, ифтонг сæ кæны хæцæн-гæрзтæй æмæ сын æххуыс кæны сириаг æфсæдты ныхмæ бабырстытæн. 27-æм февралы Туркæн уыд иууыл мæлæтхæссæгдæр бон сириаг конфликты. Чи фæмард, уыцы хæстонтæн сæ фылдæр уыдысты сæрмагонд нысаниуæджы æфсæддон тыхты кадртæ.

Цы аразы Турк Идлибы?

Ацы фарст раздæр Турчы ничи лæвæрдта, уый Анкарайы  æрвылбон дæр хъуысын райдыдта фæстаг къуыриты. Цæрджыты алыгъуызон фæлтæрты минæвæрттæ цымыдис кæнынц, Туркæн æцæгæлон бæстæйы территорийы цы нысæнттæ ис, уымæ. Цалынмæ уыцы æцæгдзинад уæвынад кодта, зæгъгæ, боевиктæ фæуæлахиз уыдзысты æмбæстагон хæсты, кæнæ та æппынкъаддæрæй Дамаскæн фадат нæ ратдзысты арабаг республикæйы æппæт районтыл контроль кæнынæн, уæдмæ Анкара, гæнæн ис, æмæ фæнд кодта сириаг территорийы хай фактон æгъдауæй æрбаиу кæнын. Уыцы хъуыддаг саразын сæ къухты бафтыдаид, кæд æмæ Сирийы ныгуылæн хайы среализаци кодтаид ливиаг сценари, ома, централон паддзахаддзинад куынæг æрцыд æмæ бирæ азты дæргъы æмбæстагон хæст кæм ныддаргъ, уыцы кæддæры дидинкалæг бæстæ ссис никæй зæхх. Ахæм цауы Анкарайæн йæ бон уыдаид уым марионеткæты паддзахад сорганизаци кæнын туркаг æххæст контролы бын. Уымæн удæгас цæвиттон у Цæгат Кипр. Абон ахæм фадат нал уæвынад кæны. Мæскуы æмæ Дамаск ирдæй бамбарын кодтой, зæгъгæ, фæнд кæнынц Сирийы территориалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæныны процесс кæронмæ фæуын. Сочийы баныхæстæ Анкарайæн фадат лæвæрдтой хайгай йæ амбицитæ сæххæст кæнын æмæ конфликтæй сыгъдæгæй рахизынæн. Турк, кæцыйæн æндæвдад ис, Идлибы цы боевиктæ баззад, уыдоныл, хъуамæ ахицæн кодтаид радикалон исламистты рæстæмбис тыхтæй. Дарддæр террористтæн хъуамæ сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрын кодтаид æмæ сæ тæрхондонмæ радтаид, æмæ рæстæмбис тыхты та сириаг политикон процессмæ æрбакодтаид. Туркæн уыцы-иу рæстæджы йæ бон суыдаид  бæстæйы цæгаттаг провинциты администрацийы йæхицæн уæлдай тыхджындæр позицитæ саразын. 

   Бирæ эксперттæ фарст дæттынц, зæгъгæ, Эрдоган цæмæн бафæлвæрдта Ливийы уавæры хæстон æгъдауæй йæхи фæхæццæ кæнынмæ. Фæлæ фарст хуымæтæг у – уый бафæлвæрдта иу æхстæн дыууæ тæрхъусы амарын. Идлибы радикалты, сæ хæцæнгæрзтæ сын æнæ æрывæрын кæнгæйæ, Сирийæ ракæнын æмæ сæ Ливимæ арвитын Туркы интерестæн лæггад кæныны тыххæй. Фæлæ куыд зыны, афтæмæй Идлибы боевиктыл Анкарайы æндæвдад фаг нæ разынд. Уый фæстиуæгæн Анкарайы бахъуыд боевикты хæстон архайдтыты хайад райсын.

Буферон зонæйы тыххæй бæлицц

Гæнæн ис, æмæ Туркы абон ныфс ис, æбæрæг æмгъуыдмæ Идлибы террористтæ цы анклав сарæзтой, уый нындзыг кæнынæй, цæмæй йын цæгаты уа ахæм тых, кæцыйæн йæ бон уыдзæн, куы бахъæуа, уæд курдты къордты ныхмæ æрлæууын.

Турчы президент Эрдоган æрсидт УФ-йы Президент Владимир Путинмæ, цæмæй йæ Анкарайы иунæгæй, «лæгæй-лæгмæ» ныууадза  сириаг хицауадимæ. Уымæн УФ-йы президенты пресс-секретарь сдзуапп кодта, зæгъгæ, Уæрæсе регионы ис легитимон сирийаг къухдариуæгады куырдиатмæ гæсгæ. Æндæр бæстæты иннæ хæстонтæ Сирийы сты дунеон барады нормæтæ æмæ принциптæ фехалгæйæ. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, сирийаг хæстонтæ тох кæнынц террористтимæ, кæцытæ æхсынц Сирийы уæрæсейаг æфсæддон объектты дæр. Уымæ гæсгæ, террористон элементтимæ тох дарддæр кæндзæн. УФ-йы Президенты пресс-секретарь ма фехъусын кодта, зæгъгæ, 5-æм  марты Мæскуыйы фембæлд уыдзæн Эрдоган æмæ Путинæн. «Уый хуымæтæджы фембæлд нæ уыдзæн, фæлæ паддзахадты сæргълæуджытæ бафидар кодтой сæ ориентаци Идлибы уавæр æрбæстон кæныны æмæ Сочийы баныхæстыл иузæрдыгдзинады тыххæй. Уый тынг ахсджиаг у», – банысан кодта уый.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.