Нæ республикæйы Дзауы район зындгонд у æрмæст йæ алæмæттаг æрдзæй нæ, фæлæ йæ куыстуарзаг цæрджытæй дæр. Йæ ивгъуыдмæ йын куы акæсæм, уæд дзы цы бирæ хъæутæ уыдис, уыдоны цард æхсидæгау кодта, сæхи ифтонг кодтой алыгъуызон хъæууонхæдзарадон продукттæй. Уыимæ ма дзы хицауадмæ дæр лæвæрдтой æмæ дзы базæртты дæр уæй кодтой. Фæлæ, хъыгагæн, цард цæхгæр фæивта мæгуырауæрдæм æмæ цæрджытæ цы хæрзиуджытæй пайда кодтой, уыдонæй, зæгъæн ис, æмæ æнæхай аззадысты. Фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ цард уæддæр размæ цæуы æмæ районы цæрджытæ дæр сæ фидæнмæ кæсынц ныфсимæ.
Ивгъуыд азы æмбисы районы сæргълæууæгæй нысан æрцыд Тыбылты Вандæ. Ацы бынатмæ уый бацыд йæ районы адæмæн исты хорздзинæдты бацæуыны тыххæй æмæ цы цыбыр рæстæг кусы, уымæй бæрæг у, æцæгæйдæр æй кæй фæнды æмæ кæй архайы цæрджытæн сæ царды уавæртæ хуыздæр кæныныл. Вандæ, уымæй размæ дæр амалиуæггæнæг уыд æмæ йæ бон куыд уыд, афтæ-иу баххуыс кодта æвæрæз адæймæгтæн.

– Вандæ, радзурма нын дæ куыст цæмæй райдыдтай æмæ йæм цахæм зæрдæйы равгимæ æрывнæлдтай?

– Райдианы цы проблемæтыл сæмбæлдтæн, уый мын уыд тынг æнæнхъæлæджы. Уыцы хъуыддаг ныр дæр мæ зæрдыл куы æрбалæууы, уæд мæ цæстысыг акæлы. Æндæр фæндтимæ хъуамæ æрывнæлдтаин мæ куыстмæ, фæлæ куыд акæнынц, мæгуыр лæг, дам, фæндтæ кодта, æмæ йыл Хуыцау худтис. А-ныр куыстмæ ахизон, афтæ æхсæвы районы территорийыл цы тæрккъæвдатæ ныууарыд, уыдон стыр зиæнттæ ракодтой фæндæгтæн, хидтæн. Бахъуыд донгæрæтты фидаргæнæн куыстытæ бакæнын. Фæндæгты та бахъуыд сцалцæг кæнын Машхара, Цъамад, Дыууæдоныастæу, Сохтæ, Чеселт, Сыба, Челиат, Църу, Къроз, Морго, Ногхъæу, Сачъре æмæ Хслебы хъæутæм. Згъуыбиры хъæумæ фæндаджы та дон бынтондæр бахордта æмæ уый дæр арæзт æрцыд. Ацы хъæумæ æввахс ма æххæст æрцыдысты донбыл фидаргæнæн куыстытæ. Æрдзон фыдбылызы фæстиуæгæн Чеселты хъæуы хиды аласта цæугæдон æмæ уый дæр æндидзыд æрцыд. Афтæ ма донбыл дæр сфидар кодтой. Ацы куыстытæ бакæнын домдтой кусæгдых æмæ æхцайы фæрæзтæ. Фæлæ цы гæнæн уыд, кæд тынг зын уыд, уæддæр æппæт куыстытæ дæр æххæст æрцыдысты.

Уыцы куыстытæй дарддæр ма рог цалцæг æрцыдысты райцентры Сталины, Санахъоты Геннадийы, Чкаловы, Космодемьянская, Лесная, Хетæгкаты Къостайы, Тыджыйы фырты, Къæбысты Аланы, Цоцийы фырты, Санахъоты Гришикы уынгтæ, афтæ ма Бузаламæ фæндаг. Ныртæккæ Къостайы уынджы “Дзау”-ы санаторимæ хæстæг цæуынц хæрзарæзтадон куыстытæ. Ам  сырæздзæнис ног сквер дæр. Бакуыстам райцентры схæрзарæзт кæныныл æмæ дзы цъæхдарæнтæ ныссадзыныл дæр. Центрмæ æввахс сагъд æрцыдысты хихджын бæлæстæ. Уыцы куыстытæ адарддæр кæндзыстæм уалдзæджы æрбалæудимæ. Уынгты æвæрд æрцæудзысты, рухс чи кæны, ахæм баннертæ.

– Æнæ донæй цард нæй. Куыд у уавæр уæ районы?

– Доны хъуыддаг фаронимæ абаргæйæ нæ районы хъæуты ноджы февзæрдæр. Суадæттæ басур сты бирæ рæтты. Барсы хъæуы нæй дон, Гуфтамæ дæр дон кæнæм ласгæ, ахæм уавæры сты Дзакъултайы хъæуы цæрджытæ дæр. Уыдонмæ дон Хъорсеуы хъæуæй цæуы, сæрмагондæй цы цистернæ сæвæрдтой, уый æмæ куы байдзаг вæййы, уæд æй ауадзынц цæрджытæм. Фæлæ, ацы зымæгон бонты уыдон дæр фæтыхстысты. Бирæтæ сæ доны крантæ ныууадзынц гомæй æмæ  дзæгъæлы фæцæуы. Æмæ уый раст нæу. Кæрæдзийы уавæры хъуамæ цæуæм.

– Уавæр куыд рараст кæндзыстут, доны хъуагдзинад тынг кæм æййафынц,  уыцы хъæуты?

– Дон æнæмæнг хъуамæ рауадзæм Гуфтамæ æмæ кæрон скæнæм ацы проблемæйæн. Дон Барсмæ рауадзын бирæ зындæр у æмæ горæтæй æрбахуыдтам, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм специалисты æмæ нын ныфс бавæрдта, куы фæхъæрмттæ уа, уæд кæй бацархайдзысты ацы хъуыддаг цадæггай аскъуыддзаг кæныныл. Дæттæ ныссалдысты Къусджыты хъæуы дæр æмæ уым дæр стыхстысты цæрджытæ.

Доны хæтæлтæ цалцæг æрцыдысты райцентры Тыджыйы фырты, Зоя Космодемьянская æмæ Къæбысы фырты уынгты. Уымæй дарддæр ма поселочы æвæрд æрцыдысты быронкалæн асыччытæ дæр.

– Уыцыфарсы хъæуы цæрджытæ рагæй архайдтой, цæмæй уыдон дæр хайджын уыдаиккой æрдзон газы хæрзиуджытæй, фæлæ сын не`нтыст сæ хæдзæрттæм æй бауадзын. Дæуæн куыд æнцонæй бантыст ацы хъуыддаг аскъуыддзаг кæнын?

– Æнцон мын уымæн уыд æмæ нæ республикæйы Президент Гаглойты Аланæн куы бамбарын кодтон цæрджыты домæн, уæд мын баныфсæвæрдта, сархай, зæгъгæ, æмæ мах дæр дæ фарсмæ балæудзыстæм. Цæрджытæ сæхæдæг дæр куыд æхцайы фæрæзтæй, афтæ кусæгдыхæй дæр архайдтой кусджытимæ иумæ куыстытæ тагъддæр бакæныныл. Хъуыддаг аскъуыддзаг кæрæдзи æмбаргæйæ. Газы хæтæл ауагътам фæндагæй хиды кæронмæ, стæй йæ цæрджытæ хæдзæрттæм ауагътой сæхæдæг. Уыцы хæрдзтæ сын слæууыдысты фæйнæ 35 мины бæрц. Æмæ ныр кæнынц удæнцой цард.

– Фосдарды къабазы та куыд у хъуыддаг?

– Нæ районы фермерон хæдзарадты ног азы райдианмæ нымадæуыд 208 сæры ставдкъах фос. Уыдонæй 84 сты хъуццытæ. Хисæрмагонд хæдзарадты та  ис 3007 стуры, уыдонæй хъуццытæ сты 1454 сæры, 230 сæры – сæгътæ æмæ фыстæ, 405 сæры – хуытæ, 72 та – бæхтæ.

Районы цæрджытæй бирæтæ кæнынц мыддарды куыст дæр.

– Районы хъæууон хæдзарад та цы уавæры ис иумæйагæй сисгæйæ?

– Хъæууон лæг хъæуы куы цæра, уæд йæ зæххы фадгуытæ куынæ куса, фос куынæ дара, уæд йæ цард хъæуы ницæмæн у. Нæ районы æдæппæт райстæуыд 3156 центнеры дзидза, 1933 центнеры æхсыр, 228 центнеры мыд, 2496 центнеры картоф, 648 центнеры халсæрттæ æмæ 1518 та – дыргътæ. Æрцæттæ кодтой 19045 центнеры холлæгтæ. Æмæ фос ныртæккæ æрвитынц æдыхст зымæгиуат. Раст зæгъгæйæ, район æййафы хъæууонхæдзарадон техникæйы цухдзинад.

Цард ногæй ивы хуыздæрæрдæм

Аивгъуыйгæ аз районы территорийыл фæзынд хуыты африкæйаг емынæ æмæ райсгæ мадзæлтты руаджы куынæг æрцыд ацы низ.

Районы ахуырадон скъолаты та уавæр куыд у?

– Ахуырады къабазы хъусдард здæхт цыдис ахуыры гъæд фæбæрзонддæр кæнынмæ, иумæйаг ахуырады ног стандарттæ ныббиноныг кæнынмæ. Районы архайынц авд иумæйагахуырадон скъолайы, афтæ ма скъолайы агъоммæ дыууæ уагдоны. Ивгъуыд азы кæронмæ районы скъолаты ахуыр кодта 540 ахуыргæнинаджы. Уыдон ивгъуыд ахуыры азимæ абаргæйæ фæфылдæр сты 5 сывæллоны. Ахуыргæнинæгты æхсæн тынг хорз нысæнттыл чи ахуыр кæны, уыдон та сты 41.

Скъолаты организаци æрцыд хæлцæй ифтонг кæныны хъуыддаг. Æдæппæт сæ кусы 172 ахуыргæнæджы. Ивгъуыд аз районы скъолатæ рауагътой 41 рауагъдоны. Уыдонæй бирæтæ сæ ахуыр адарддæр кодтой æндæр æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты.

– Цы зæгъдзынæ районы культурæйы уагдæтты тыххæй та?

– Нæ районы сæ архайд кæнынц 4 хъæууон культурæйы хæдзары, централон библиотекæ æмæ хъæууон библиотекæтæ. Уыдон цæрджыты æхсæн архайынц культурон, хиирхæфсæн æмæ рухсадон куыст кæныныл. Фæлæ цы бæстыхæйтты архайынц, уыдон сты мæгуырау уавæры æмæ сын зын кæны сæ хæстæ æххæст кæнын. Уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр уагъд цыдысты алыгъуызон мадзæлттæ. Централон библиотекæйы фонд та баххæст æрцыд 160 чиныгæй.

– Уæ районы æвæрæз адæймæгтæ дæр уыдзæнис æмæ сæм цахæм хъусдард здахут?

– Районы администраци сæрмагонд хъусдард здæхта районы æвæрæз цæрджытæн баххуыс кæнынмæ. Цæвиттон, 26 бинонтæ ифтонг æрцыдысты сугæй. Районы иунæг æмæ æвæрæз цæрджытæн хæдзæрттæм ног азы агъоммæ бахастам æнæмæнгхъæуæг продукттæ, афтæ ма сын бакодтам ногазон лæвæрттæ дæр.

– Дæ фæндиæгтæ цахæм сты районы цæрджытæн?

– Фыццаджыдæр мæ фæнды, цæмæй уой æнæниз, куыстхъом æмæ раздæр куыд уыд, афтæ ныр дæр кæрæдзийæн аргъ кæной. Æмæ мæнæн дæр куыд мæ бон уа, афтæ се ‘нцой лæудзынæн сæ тыхсты æмæ хорз хъуыддæгты дæр.

                                  БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.