Ивгъуыд аз æнтыстджын уыд нæ республикæйæн æндæр æмæ æндæр къабæзты. Уырдæм сæ хайбавæрд бахастой Цхинвалы район дæр. Куыд бæрæг у, афтæмæй гуырдзиаг-ирон хæсты иууыл стырдæр зиæнттæ æрцыд ацы районыл. Сафтид сты йæ хъæутæй бирæтæ сæ бирæ цæрджытæй. Фæлæ фæстаг азты стыр куыст цæуы хъæууон цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Бирæ арæзт æрцыд районы, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, аразинæгтæ нырма дæр бирæ ис. Районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг иузæрдионæй архайы цæрджыты проблемæтæ цадæггай аскъуыддзаг кæныныл. Йæхæдæг дæр, хъæууон лæппу уæвгæйæ, хорз æмбары хъæууон цæрджыты домæнтæ, уымæ гæсгæ сын æнтыстджын уыд 2019-æм аз. Уыдонæн сæ къухты бафтыд, тыхдымгæты, тæрккъæвдаты фæстиуæгæн цы хæдзæрттæ бахъыгдард сты, уыдонæн сæ æмбæрзтытæ раивын.  Ахæм хæдзæрттæ æдæппæт уыдысты 15. Фыццаг рады уал раивтой Цыбырты Давиды хæдзары æмбæрзт. Уый æнæхъæнæй стыдта тыхдымгæ. Хæдзары хицау райгондæй баззад æмæ арфæйы ныхæстæ загъта аразджытæн æмæ районы сæргълæууæгæн дæр.

Районы администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, уыдон азылдысты æмæ сæхи цæстæй федтой районы хъæуты цæрджытæн, ихуарды фæстиуæгæн, цахæм зиæнттæ ракондæуыд, уыдæттæ, цæмæй сын æрцæуа æмбæлон аргъ. Æрмæстдæр, уый фæстæ арæзт æр-цыд, цæрджытæй кæй хæдзæртты сæртæ хъуамæ ивд æрцыдаиккой, уыдоны номхыгъд. Æппæт уыцы куыстытæ баконд æрцыдысты районы администрацийы фæрæзтæй. Аразгæ та сæ скодтой районы коммуналон хæдзарады кусджытæ. Хæдзæртты хицæуттæй йæ хæдзары сæр раивын кæй нæ бафæндыд, уыдон та ифтонг æрцыдысты арæзтадон æрмæджытæй.

Районы сæргълæууæг хорз æмбары хъæууон цæрæгæн сæйраг кæй сты фæндаг, рухс æмæ дон. Стыр куыст бакондæуыд фæндæгты æмæ социалон нысаниуæджы объектты арæзтады фæдыл. Ацæугæ азы Цхинвалы районы администрацийы тыхтæй цалцæггонд æрцыдысты 14 километры фæндæгтæ æндæр æмæ æндæр хъæутæм. Цалцæггæнæн куыстытæ, сæйраджыдæр, конд цыдысты Тъбеты, Сатихъары, Наниаурийы, Къостайыхъæуы, Гудзабары æмæ æндæр хъæуты дæр. Цхинвалы районы Громы хъæуы фыццаг хатт асфальтгонд æрцыд хъæуы мидæг фæндаг. Цæрджытæ баззадысты тынг райгондæй. Уымæй уæлдай ма хъæумæ рауагътой нуазыны дон дæр. Æмбæлон уагмæ æркодтой транспортон хызæгтæ.

2018 азы ма скъуыддзаг æрцыд Гудзабары хъæуы цæрджыты бирæазон проблемæ. Уæдмæ хъæуы нæ уыд канализацион хæххытæ. Ныр уыцы проблемæ дæр иуварс æрцыд.

Районы къухдариуæгад ма архайы хъæуты уынгты телцæджындзтыл цырæгътæ бакæныныл. Уыдонæн уал цалдæр хъæуы бантыст телцæджындзтæ раивын. Уый та уыд æнæмæнгхъæуæг, хъæутæм æхсæвыгон бирæгътæ, рувæстæ сæ ныфс бахæссынц æмæ сын сæ фосæн разиан кæнынц. Хъæуты уынгтæ срухс кæныны фæдыл куыст дарддæр дæр кæндзысты. Районы дæсгай азты дæргъы цы бирæ хæдзæрттæ ныппырх сты æмæ басыгъдысты, уыдоны хицæуттæй хъæутæм здæхыны фæнд чи скæна, уыдонæн архайдзысты сæ хæдзæрттæ саразын æмæ сцалцæг кæныныл.

«Зæрдæйæн æхсызгон у, æппæт зындзинæд-тæм нæ кæсгæйæ, хъæууон цæрджытæй бирæтæ кæй здæхынц сæ уæзгуытæм. Уыдон  сæ цард ногæй сæндидзын кæнынц æмæ махæн дæр нæ бон куыд уа, афтæ сæм дардзыстæм не ‘ххуысы къух», – зæгъы Мамытаты Вахтанг.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.