Районы социалон-экономикон рæзт, проблемон фарстатæ, фыццаградон аскъуыддзагкæнинаг хъуыддæгтæ, фæндæгты цалцæг, хъæуты донæй ифтонг кæнын æмæ æмткæй йæ районы хъæуты цæрджытæ цы бæллицтæй цæрынц, уыдон тыххæй нын радзырдта Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал.

Арæнтæм хæстæг хъæуты уавæр

Республикæйы районтæй иууыл егъаудæрыл нымад у Цхинвалы район. Æдæппæт дзы ис 15 хъæууон администрацийы. Хъæутæ сæ фылдæр сты гуырдзиаг-ирон паддзахадон арæнтæм хæстæг. Уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны аххосæй ацы хъæуты цæрджытæ бирæ тухитæ бавзæрстой æмæ абоны онг дæр æвзарынц.  2008 азы хæсты фæстæ Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæнтæ бæлвырд куы æрцыдысты, уæд бирæ ирон хъæуты цæрджытæй кæмæн сæ цæрæн хæдзæрттæ, кæмæн йæ дыргъдон æмæ цæхæрадон ахаудысты Гуырдзыстоны территоримæ. Уый фæстиуæгæн хъæуты цæрджытæй бирæты бахъуыд ногæй дыргъдæттæ æмæ цæхæрадæттæ сæндидзын кæнын. Ирон лæг та кæд нæ уарзта фæллой кæнын æмæ сæхи тыхтæй, стæй районы æххуысæй фæстæмæ сарæзтой дыргъдæттæ æмæ ныр разæнгардæй кусынц. Алтъами, бал, члауи, фæткъуытæ, кæрдотæ æмæ алыгъуызон дыргътæ уалдзæгæй фæззæгмæ бынæттон базары уæй кæнынц Арцеу, Хелцуа, Дменис, Сатихъары хъæуты цæрджытæ. Хъæздыг тыллæг æрзайын кæнынц Гром, Бихъар æмæ Къохаты хъæуты цæрджытæ дæр. Фæлæ, цæмæй ахæм тыллæг æркæной, уый тыххæй сæ хъæуы донхæры дон.

Бирæ азты дæргъы мелиорацийы фадыгмæ йæ хъус ничи дардта æмæ-иу цæрджыты бахъуыд сæхи къапеччытæй сæрмагонд донцъирæнтæ балхæнын, уыдон ‘руаджы сæ тыллæг донцух нæ уыди. Фæлæ донцъирæнтæ дæр кусынц электроны рухсæй æмæ хъæууон цæрджытæм ацы хъуыддаджы фæкаст районы разамынад. «Электросеть»-ы руаджы сын ныссагътой электроадæттæн цæджындзтæ. Гъе, афтæмæй сабыргай, фæлæ уæндон къахдзæфтæй хъæууон фæллойгæнæг куыста,  рагæй фæстæмæ дæр зæрæстон чи уыд, ахæм зæххытæ æмæ сæ ныр пайда цæуы нысанмæздæхтæй. Уымæй та пайда исынц сæхæдæг дæр æмæ горæты цæрæг фæлхасгæнджытæ дæр.

 

Цы уавæры сты районы скъолатæ, клубтæ æмæ  библиотекæтæ

Районы хъæуты скъолатæ раздæр се ‘ппæт дæр кæд нæргæ скъолатæ уыдысты, уæддæр азæй-азмæ къаддæр кæны ахуыргæнинæгты нымæц. Фаронимæ абаргæйæ ацы аз ахуыргæнинæгты нымæц дзæвгар фæкъаддæр у. Уый мæгуырауæрдæм æндавы ахуыргæнджытыл дæр. Æцæг, уый, хъæуты цъус адæм кæй цæры, кæннод сывæллæттæ дзы кæй нал гуыры, уый аххос нæу. Ацы хъуыддаг, бирæбæрцæй, баст у хъæуы цæрджытæ сæ скъоладзау сывæллæтты горæтмæ кæй кæнынц, уыимæ. Ныййарджытæ уый афтæ æмбарын кæнынц, зæгъгæ, горæты скъолаты, дам, ис алыхуызон кружоктæ.

Æнæуый Цхинвалы районы скъолатæ се ‘ппæт дæр ифтонг сты хъармгæнæн системæтæй. Электроны рухс мыййаг куы ахуысса, уый ныхмæ та сæ районы администраци сифтонг кæны сугæй. Скъолатæй алкæмæдæр ис æмбæлон хъусдард. Алы аз дæр косметикон цалцæг æрцæуынц. Ацы азы райдианы районы стырдæр хъæутæй сæ иу – Дменисы цы æртæуæладзыгон скъола ис, уым фыццаг æмæ дыккаг уæладзгуыты районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ бакодтой цалцæггæнæн куыстытæ.

Скъолаты директортæ аразынц æппæтдæр, цæмæй сæм цы рæзгæ фæсивæд ис, уыдон ахуыры процессы макæмæй фæстæдæр лæууой. Ахуыргæнинæгтæй чидæртæ хайад райсынц канд районы нæ, фæлæ республикæйы æмвæзадыл уагъдцæуæг предметон олимпиадæты. Ахуыргæнинæгтæ бацахсынц призон бынæттæ дæр.

Районы разамынад та архайы, цæмæй хъæууон сывæллæттæн дæр фадат уа æмбæлон здæхты йæ сæрибар рæстæг æрвитынæн. Уый тыххæй хъæуты цы клубтæ ис, уым æппæт уавæртæ ис, цæмæй сывæллæттæ архайой националон кæфтытæ æмæ зарджыты кружокты. Хъæуты бирæ рæтты ис библиотекæтæ. Уым чингуытæ фæрсынæй дарддæр организаци цæуынц алыхуызон конкурстæ, кружоктæ. Ауадзынц бæрæгбонон мадзæлттæ, фæхонынц ныййарджыты дæр. Клуб æмæ библиотекæты ис Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ ирон зындгонд фысджытæн сæрмагонд къуымтæ. Стæй ма 1992-2008 азты хъæуты фæсивæдæй Гуырдзыстоны фашизмы аххосæй чи фæмард, уыдоны нывтæ дæр конд сты къултыл. Библиотекæтæ се ‘ппæт дæр ифтонг сты ирон æмæ уырыссаг фысджыты чингуытæй. Районы разамынады руаджы сæ фонд рæстæгæй-рæстæгмæ баххæст вæййы нырыккон фысджыты чингуытæй дæр. Чиныгкæсджытæ фылдæр сты ацæргæ адæм. Фæлæ  сæрдыгон улæфтыты рæстæджы чиныгкæсджыты нымæц фылдæр вæййы, хъæутæм уазджытæ чи æрцæуы, уыдон бынæттон цæрджытимæ абаргæйæ арæх фæагурынц ирон чиныг.

 

Фæндæгтæ æмæ нуазыны дон  

Цхинвалы районы къухдариуæгад æрвылаз дæр архайы, цæмæй йæ дæлбар хъæутæ ифтонг уой донæй, фæндæгтæ уой лæгъз æмæ æнцонвадат.

Ахæм куыстытæ кодтой уый размæ азты дæр, фæлæ, хъыгагæн, кæронмæ æмæ капиталонæй арæзт никуы æрцыдысты. Стæй ма рох кæнын нæ хъæуы, суадæттæ сæрды тæвд бонты арæх кæй басур вæййынц æмæ та ногæй кæй бахъæуы æндæр суадон агурын. Сæрдыгон бонты хъæуты иуæй-иу цæрджытæ сæ цæхæрадæттæ фæдонхæр кæнынц суадоны донæй. Уымæ гæсгæ дон нал фæфаг кæны хъæуы иу хайы цæрджытæн. Ацы аз аскъуыддзаг уыдзæн Къостайыхъæуы æмæ уый алфæмблай хъæуты цæрджыты доны проблемæ. Доны хæтæл, кæцы уагъд цæуы Едысы сæйраг магистралы донæмбырдгæнæнæй, хъуамæ сифтонг кæна ацы хъæуты цæрджыты бæллиц. Хъæуы сæрмæ та сырæздзæн донæмбырдгæнæн.

Ивгъуыд азы ахæм куыстытæ районы коммуналон хæдзарад бакодта Присы хъæуы дæр. Донæй ифтонггæнæн куыстытæ бакодтой Арцеу, Икъорта, Рустау, Гром, Бихъар, Сарабукъы хъæуты. Къæвда бон иуæй-иу хъæуты дон змæстæй фæцæуы, уымæ гæсгæ сыгъдæг кодтой суадæтты гуырæнты арæзт донæмбырдгæнæнтæ дæр.

Проблемæтæ

Районы разамынадæн ноджы фылдæр саразын бантыстаид, техникон æгъдауæй ифтонг куы уыдаиккой, уæд. Фæлæ сæ дæлбар цы техникæ ис, уый арæх фехæлы. Цалынмæ Уæрæсейы Федерацийы хæйттæ фæагурынц, уæдмæ дзæвгар рæстæг ацæуы æмæ цыдæр куыстытæ фæфæстæ вæййынц.

Цæрджытимæ фембæлдтытæ

Бæззаты Инал арæх фембæлы хъæуты цæрджытимæ. Уыдонæй алкæмæндæр ис йæхи проблемæтæ. Гуырдзиаг арæнмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджытæй абоны онг дæр кæцыдæртæн сæ сыгъд хæдзæрттæ нæма сæндидзын кодтой, æмæ уый аххосæй хъæутæ æдзæрæг кæнынц. Районы сæргълæууæджы нысан та у, цæрджытæй чи фæлыгъд, уыдон фæстæмæ раздахын. Администрацийæн, хъыгагæн, нæй уыцы фæрæзтæ, цæмæй адæ-мæн хæдзæрттæ саразой. Фæлæ алы хатт дæр тырны, цæмæй республикæйы сæргълæууæджы æххуысæй ацы фарстыл бакусынмæ. Бирæ ис районы аварион хæдзæрттæ, кæцытæн раивинаг сты сæ æмбæрзтытæ. Уыдонæн æрцæуы чысыл æххуыс, фæлæ уæддæр районы къухдариуæгад уый фагыл нæ нымайы.

«Ацы аз дæр архайдзыстæм, лæмбынæг æмæ бæстон бакусыныл, нæ уавæртæ нæ цæйбæрц амоной, афтæ», – загъта Бæззаты Инал.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.