Хæдзарон фосы æнæниздзинадыл æдзухдæр тыхсы сæ хицау, уый кæддæриддæр агуры фæрæзтæ, цæмæй йæ фос æрвитой æдыхст зымæгиуат, афтæ сæрды та хизой сойджын сæрвæты. Æппæт уыдæттæ ахъаз сты сæ продуктивондзинад рæзын кæнынæн, уыимæ ма хорзæрдæм æндавы се ‘нæниздзинадыл дæр. Фæлæ зæгъын хъæуы, æрмæст уыдон фаг не сты, цæмæй фос уой æнæниз, хызт уой æндæр æмæ æндæр низтæй. Низтæ ма парахат кæнын, стæй  сæ ныхмæ сæйрагдæр у специалисты æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ æххæст кæнын. Ацы хъуыддаджы ахадæн у сæ куыст Цхинвалы районы ветеринарийы (ветдохтыр Дудайты Леонид)  фельдшертæн. Ацафон æнæмæнгхъæуæг у стуртæн эмкары ныхмæ хос кæнын. Уый у тынг тæссаг низ æмæ дзы сæйраджыдæр рынчын кæнынц стуртæ, схизы йæ тæвд, тагъд рæстæджы буары хай барæсийы, райдианы уыцы рæсыды бынæттæ вæййынц тынг тæвд рыстытимæ, фæлæ уыдон чысыл фæстæдæр нал вæййынц. Иугæр дзы стур фæрынчын, уæд нал фервæзы. Цæмæй ахæм тæссаг низæй хызт уой цæрджыты стуртæ, уый тыххæй сын районы ветфельдшертæ бынаты аразынц судзинтæ. Ацы куыстмæ рæстæгыл бавнæлдта Къостайыхъæуы ветфельдшер Козаты Бабули дæр æмæ æнæмæнгхъæуæг хос скодта 117 стурæн, уыцы нымæцы Мæлдзыгаты Ирбегы 9 стурæн, Хуыбиаты Алиханæн – 12, Тегкаты Геннадийæн – 5, Лохты Славикæн – 4, Хуыбиаты Ирбегæн – 2, Лохты Юрийы цыппар стурæн æмæ æндæртæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.