БИТАРТЫ ВЯЧЕСЛАВ БАЛÆВАР

КОДТА ФАТЕР ПЛИТЫ НОДАРÆН

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав балæвар кодта фатер Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, паддзахадон ансамбльтæ “Алан” æмæ “Симд”-ы раздæры солист Плиты Нодарæн. Цæгат Ирыстоны адæмон артист ахæм  лæвар  райста йæ 70 азы юбилейы цытæн.

Битарты Вячеслав бафиппайдта, Плиты Нодар цы æвæрæн бахаста хореографион аивад парахат кæнынмæ, уымæн кæй хъæуы æмбæлгæ аргъ скæнын.

Республикæйы сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ загъта артистæн, бирæ азты ахсджиаг сфæлдыстадон куыст кæй фæкодта, уый тыххæй. Хореограф дæр Битарты Вячеславæн загъта бузныджы ныхæстæ йæ ног фатеры фæдыл æмæ ма загъта, зæгъгæ, ахæм лæвæрттæ адæй-маджы разæнгард кæй кæнынц ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæм.

«ИРАН-ИРЫСТОН»

Уæрæхдæр кæнынц Цæгат Ирыстон æмæ Ираны ‘хсæн ахастдзинæдтæ. Се ‘мгуыстады фарстатыл ацы бонты æрдзырдтой Дзæуджы-хъæуы. Мадзалы архайдтой республикæйы нациты ‘хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Ас-лан, Уæрæсейы фæсарæй-наг хъуыддæгты регионалон хайады разамонæг Хетæгкаты Алан, Хæлардзинады хæдзары директор Кочиты Георги, зонадон æмæ æхсæнадон кусджытæ. Æмбырды кадджын уазæг уыд  Иртæстыты центры зонадон советы уæнг, профессор Мортеза Резванфан. Уыимæ ныхас кодтой Иран æмæ Цæгат Кавказы культурæты иудзинады тыххæй. Уыцы хъуыддаджы уæлдай ахсджиаг у Иран æмæ Цæгат Ирыстоны æмгуыстад. Ныридæгæн дæр ацы хъуыддаджы стыр куыст кæнынц. Зæгъæм, ацы аз байгом кодтой æхсæнадон организаци «Иран-Ирыстон». Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты байгом кодтой Ирайнаг культурæйы центр. Студенттæ æнтыстджынæй ахуыр кæнынц персаг æвзаг – фарси.  Уыимæ  ма æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл бæстонæй кусынц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.