Цард фидауы куыстуарзаг, намысджын ӕмӕ парахатзӕрдӕ адӕймӕгтӕй, уыдон сты йӕ сӕйраг рахӕцӕн, йӕ фидауц ӕмӕ бындур. Ахӕм ӕмбӕстӕгтӕ ӕрмӕст сӕхи пайдайы тыххӕй нӕ фыдӕбон кӕнынц ӕмӕ нӕ архайынц. Уыдонӕн сӕ зӕрдӕ цины уылӕнтӕй байдзаг вӕййы,сӕ хӕрзиуӕгон фыдӕбонӕй ӕндӕртӕ дӕр куы фӕхайджын вӕййынц, уӕд. Ахӕмты нымӕцмӕ ахӕссын хъӕуы Знауыры районы Тедеты хъӕуы цӕрӕг Тедеты Вася ӕмӕ йӕ фырт Тамазы дӕр. Уыдон сфӕнд кодтой Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы цадмӕ базилын, фӕткмӕ йӕ ӕркӕнын, цӕмӕй суа ӕмбӕстӕгты фӕлладуадзӕн ӕмӕ уарзон бынат, ӕмӕ йӕ ныр хъуыддагӕй ӕвдисгӕ дӕр кӕнынц. Дардӕй акӕсгӕйӕ дӕр бӕрӕг у, зылд ӕм кæй ис, йӕ уындӕй кӕй рухс кӕны адӕймаджы зӕрдӕ, чи йӕм рабалц кӕны, уыдон кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнынц, сӕ сӕрибар рӕстӕг зӕрдӕйы фӕндиаг кӕй арвитдзысты, кӕй суадздзысты сӕ фӕллад.

Цад ӕрбынат кодта хъӕуӕн хуссарварс. Йӕ фӕзуат фæфылдæр æмæ ныртæккæ  ахсы 11 гектары. Уый та уыд, ӕмбӕлон органтӕ йӕм бӕстон аразынмӕ куы ӕрӕвнӕлдтой, йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныныл куы бацархайдтой, уӕд. Бирӕ цыдӕртӕ дзы арӕзт ӕрцыд уӕды рӕстӕджы, сӕйраджыдæр та, йӕ былгӕрӕттӕ къӕйдуртӕй астӕрд ӕрцыдысты. Ӕрмӕст æм, фаг хъусдард кӕй нал уыд, уый аххосӕй сӕ фылдӕр хай ныппаплой сты, афтæмæй бонӕй бонмӕ раууатмӕ цыд. Фӕлӕ хорз адӕймӕгтӕ бирӕ ис, ӕмӕ Тедеты бинонтӕ дӕр бауынаффӕ кодтой, цад сӕ бӕрны бакӕнын ӕмӕ йӕм бӕстон базилын. Уый сӕ къухты ӕфтгӕ дӕр бакодта, сӕ иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд фӕллойы фӕстиуӕгӕн цады уавӕр бӕрӕг фӕ-хуыздӕр. Уыд бынтон антисанитарон уавӕры, йедзаг уыд алыгъуызон брæттæй æмæ йӕм зивӕгӕй цыдысты ӕмбӕстӕгтӕ дӕр. Хи найӕн дзы нал уыд. Уымӕ гӕсгӕ йӕ сыгъдӕг кӕныныл бахъуыдысты дзӕвгар рӕстӕг, хи цӕнгты тыхӕй уый фӕткмӕ ӕркӕнын ӕнцон нӕ уыд. Уый фӕстӕ та ӕрӕвнӕлдтой, ӕмбӕстӕгтӕ найыны фӕстӕ сӕхи кӕм аирхӕфстаиккой, ахæм фадæттæ саразыныл. Уый нысанæн самал кодтой æртæ катамараны. Сахаты дӕргъы зӕрдæйы фӕндиагыл хи аирхæфсын лæууы 300 сомы. Бафӕлладтӕ, сур зӕхмӕ рахызтӕ, уӕд та дӕ суазӕг кӕндзысты, цы чысыл сӕрдыгон хӕрӕндӕттӕ дзы ис, уыдон. Ӕрмӕст карз нозтӕн ам бынат нӕй, табуафси, ацаход, дӕхимӕ цы хӕлц, адджын дӕттӕ ӕмӕ бӕгӕны ис, уыдонӕй, кӕннод та дын хорз лӕггад бакӕндзӕн фысым йӕхӕдӕг физонӕг ӕмӕ ӕндӕр алыгъуызон продукттӕй.

Ӕндӕртӕн та сӕ цымыдис у, ам кӕсаг ахсын ӕмӕ уымӕй дӕр цух не сты. Ис дзы кӕсаджы ахӕм хуызтӕ, куыд карп, сазан ӕмӕ ӕндӕртӕ. Куы фӕуазӕлттӕ кӕна, уӕд ма ӕрласдзысты, урс амур кӕй хонынц, уыцы кӕсаджы мыггаг дӕр. Уый тыххӕй бадзырдтой Ростовы кӕсагдарджытимӕ ӕмӕ дзы ауадздзысты иу тоннӕйы бӕрц. Ис ма дзы арӕзт, чысыл сабитӕ кӕм хъазой, ахӕм бынӕттӕ дӕр ӕмӕ сӕм фӕцӕуынц райзӕрдӕйӕ. Ӕрластой йӕм   Къуыдаргомæй къӕдзӕхдуртӕ ӕмӕ сӕ хицӕн бынӕтты сӕвӕрдтой ӕртыгӕйттӕй. Уый та, зӕгъ, рӕсугъддзинады тыххӕй у, ардӕм чи ӕрбацӕуы, уыдон сыл тынг фӕцин кӕнынц, стӕй сӕ фарсмӕ сисынц сӕ къамтӕ. Цады былтыл зайы иуӕй-иу дыргъбӕлӕстӕ, фӕлӕ уыдон фаг не сты ӕмӕ ма дзы ноджыдӕр ацы уалдзӕг ныссагътой бӕрзы талатӕ 100 иуӕджы ӕмӕ мохъотӕ та 10. Уыдон куы сзайой, уӕд  сӕ уынд ӕмӕ уӕлдӕфӕй ӕхцондзинад хӕсдзысты, ардӕм чи ӕрбацӕуа, уыдонӕн.

Бинонтӕм ноджы фылдӕр фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ис фидӕны. Цӕвиттон, хъуамӕ дзы ӕркалой сырх сыджыт, уыдзӕн дзы згъорӕн фӕзуат, ӕмӕ уым се спортивон дӕсныйад хуыздӕр кӕндзысты рог атлетикӕйӕ архайӕг спортсментӕ. Сараздзысты дзы футболон, баскетболон ӕмӕ волейболон фӕзуӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕвзонг чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ архайдзысты спорты ацы хуызтæй. Арӕзт дзы ӕрцӕудзӕн фысымуат дӕр купетимӕ. Цадмæ æмхиц сты мӕргътӕ ӕмӕ уыдон дӕр фидыц дӕттынц цады иумиаг хуызӕн. Уалдзӕджы къӕсӕрыл та йӕм дардӕй ӕртӕхынц хърихъуппытӕ æмæ иуӕй-иу цуангӕнджытӕ уыдонӕн нӕ батӕригъӕд кӕнынц  æмæ сӕ ӕгъатырӕй цӕгъдын райдайынц. Хорз хъуыддаг у уый, ӕмӕ цады кусджытæ уыдон кӕй хъахъхъӕндзысты куынӕг кӕнынӕй. Ӕрмӕст зӕгъын хъӕуы, ацы диссаджы фӕлладуадзӕн бынат цух кӕй у нуазыны донӕй, нӕй йӕм рӕстмӕ фӕндаг дӕр ӕмӕ уыдӕтты аххосӕй ӕмбӕстӕгтӕ ӕвзарынц зындзинӕдтӕ. Фӕлӕ уыдон сомбоны иуварс кӕй ӕрцӕудзысты, уымӕй сын ныфс ӕвӕрынц ӕмбӕлон органтӕ. Ӕнӕуый та сӕм ноджыдӕр бирӕ рӕсугъд фӕндтӕ ис ӕмӕ сын ӕххӕст кӕнӕт сӕхи ӕмӕ ӕмбӕстӕгты хӕрзиуӕгӕн.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.