Бирæ ныхас цæуы нæ мадæлон æвзаг, фыдæлтæй баззайгæ рæсугъд æмæ фæзминаг æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл. Сывæллонæн  мадæлон æвзаджы рæсугъддзинад, фыццаджыдæр, ахъары йæ буары мады æхсыримæ, уырдыгæй равзæрынц ирон æфсарм æмæ ирон æгъдау. Мадæлон æвзаджы рæзт цасдæрбæрцæй баст у национ дзыллон информацийы фæрæзтыл. Уыдонæн та кадртæ цæттæ кæны нæ паддзахадон университет.

Дыууæ мæйы ма баззад æмæ  нæ фыццагкурсонтæй журналисты дæс-ныйад чи равзæрста, уыдон дæр æрæвналдзысты сæ ахуырмæ.

Фæнды мæ, журналистикæйы дæсныйад чи равзæрста æмæ студент чи суыдзæн, уыдонæн радзурын журналистикæйы факультеты тыххæй мæ хъуыдытæ, уымæн æмæ мæхæдæг дæр равзæрстон уыцы дæсныйад. Фыццаджы-фыццагдæр курдиат хъуамæ мады гуыбынæй рахæссай. Фæлæ хорз фыссæг æмæ журналист суæвынæн уый фаг нæу. Хъæуы зонындзинæдтæ исынмæ тырнындзинад, хи журналистикæйы фæлварын. Царды ахсджиаг цы у, адæмы хъуыдытыл цы  бафтаудзæн,  ахæм темæтæ хъуамæ æвзарын зона æмæ сæ ирд фæлгонцты фæрцы æвдисын фæраза. Адæймагæн йæ зæрдæйы бынæй цы цæуы, искæй зæрдæмæ дæр уый хъары, уымæ гæсгæ суинаг журналистæн хъуамæ уа æнкъараг æмæ сыгъдæг зæрдæ. Журналисты хъуыдытæ хъуамæ æдзухдæр йе ‘рмæгимæ баст уой. Хъуамæ дзы тыхсгæ ма кæна, фæлæ дзы  æхсызгондзинад иса. Цас ыл фылдæр фыдæбон кæна, уыйас ын хъуамæ фылдæр цин хæсса æмæ йæ кусынмæ ноджы тынгдæр разæнгард кæна. Уымæй уæлдай ма йын хъуамæ агура цымыдисгæнæн фæрæзтæ. Журналист хъуамӕ ӕвдиса, адӕмы цард куыд у, афтӕ, ма хъуамæ тæрса æхсæнады уæвæг проблемæтæ æвдисын æмæ сыл дзурынæй.

Нæхи университеты ис бæрзондквалификациджын журналистикæйы фадыджы кадртæ. Уыдонæн ацы бынат у сæхи хæдзары хуызæн. Студенттæн амонынц  фидæны царды фæндагмæ фыццаг къахдзæфтæ.

Нæ сомбоны журналисттæн æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцы-дысты, цæмæй се ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыст цæуа нывыл. Ахуыры хъуыддаджы та адон сты æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ ахуыргæнæг æмæ студент лекцийы рæстæджы хъуамæ пайда кæной алыгъуызон техникон фæрæзтæй. Архайынц ууыл, цæмæй се ‘рвылбонон цард уа цымыдисон, фидæны та сæ аккаг адæймæгтæ рауайа. Хъомылгæнджытæ æмбарынц, сæ разы цы стыр хæстæ æвæрд ис, уый, сомбоны фæлтæр цавæр уыдзæн, уый уыдонæй аразгæ кæй у. Уымæ гæсгæ архайынц студенттæн уавæртæ саразыныл.

Университеты ректор Тедеты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй фæсивæд журналисты дæсныйад райсынмæ цæуынц æхсызгонæй. Фæнды сæ мыхуырон дзырды æмæ ныхасы фæрцы адæмæн æхсызгондзинад хæссын, республикæйы иумæйаг хæрзæбоныл кусын. Ууыл та дзурæг у уый, æмæ журналистикæйы факультеты студенттæй бирæтæ ахуыр нæма фæвæййынц, афтæмæй кусын кæй райдайынц республикæйы радиойы, телеуынынады, газетты редакциты. Алы аз дæр университеты журналистикæйы факультетмæ райсынц 15 студенты. ХИПУ-йы журналистикæйы факультеты ахуыргæнджытæн фидар зонадон æмæ ахуырадон бастдзинæдтæ  ис нæ бæстæйы  Ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны институт, журналистикæйы фадыджы ахуыргæнджытимæ æмæ дзыллон информацийы  фæрæзты минæвæрттимæ.

Журналистикæйы ахуыр кæнынц æндæр æмæ æндæр предметтæ. Стыр хъусдард здæхт цæуы ирон литературæмæ. Уый у ныхас кæныны, хъуыдытæ æргом кæныны, нæ адæмы царды тыххæй зонындзинæдтæ кæрæдзийæн дæттыны фæрæз. Ранымад уавæртæ амонынц предметы хицæндзинад: ирон литературæ хъæздыгдæр æмæ мидисджындæр кæны студентты миддуне, сæ дунембарынад; ирон литературæйы фæрцы уыдон ба-зонгæ вæййынц сæ рагфыдæлты историимæ, нæ адæмы культурæ æмæ царды уагимæ. Æмæ уый та журналистæн у æнæмæнгхъæуæг.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.