Сыгъдæг кувæн бынæттæ нæ республикæйы бирæ ис. Æнусты дæргъы сæм адæм цæуынц кувынмæ. Уæдæ дины кусджытæ дæр архайынц ууыл, цæмæй аргъуантæ дæр арæзт цæуой сыгъдæг рæтты.

ХИПУ-йы ирон филологи æмæ журналистикæйы студенттæ Тыбылты Ингæ æмæ Плиты Сергойы сæргълæудæй бафснайдтой Джеры коммæ фæндагыл Сау Дзуары алфæмблай. Студенттæй алчи дæр архайдта нæ æрдзы сыгъдæгдзинадмæ йæ хайбавæрд бахæссыныл. Рахастой æфснайæн кусæнгæрзтæ æмæ йын иумиаг тыхтæй, хорз зæрдæйыуагимæ йæ хуыз скалдтой.

 О, фæлæ æрмæст кувæндоны   мидæг сыгъдæг æмæ аив ма хъуамæ уа. Хъуамæ йæ бацæуæн, йæ алфæмблайы сыгъдæг, аивдзинадæй зæрдæ рухс кæна. Хуыцау та ацы диссаджы рæсугъд, зæдты бадæн бынат уый тыххæй сфæлдыста, йе ‘рвыст зæды дзы кæддæр уый тыххæй æрбадын кодта æмæ дзы кæрæдзийы уарзгæйæ, сыгъдæг зæрдæйæ Хуыцау æмæ зæдтæм кувой, сыгъдæг æй дарой. Фæлæ, хъыгагæн, ацы домæнтæ алчи не ‘ххæст кæны. Рауайы дзы быцæу æмæ æнæуаг ныхас дæр. Куыд æмбæлы, афтæ сыгъдæг нæ дарæм ацы зæдбадæн бынаты алфæмблай. Адæм сæм фылдæр цæуынц сæ нывондæгтимæ, ам æй кусарт кæнынц, ам дзы скувынц, ам фæцæл кæнынц. Фæлæ нывондагæн йæ царм æмæ хуылфыдзаумæттæ, стыр хъыгагæн, æфснайд нæ цæуынц, фæлæ сæ дæлбылмæ, хъæдрæбынмæ асхойынц.

Фæсивæд зиу ракодтой, æрæмбырд кодтой брон æмæ сæ раластой. Уый хорз хъæппæрис у, ныхас дæр ыл нæй, фæлæ иутæ сæ комкоммæ хæстæ не ‘ххæст кæнынц, бæрнондзинад сæ ферох вæййы, иумæйаг кувæндон, иумæйагæй сыгъдæг дарын хъæуы, æндæра дæсæй чъизи куы кæной, иу та æфснайгæ куы кæна, уæддæр чъизи уыдзæн.

Фылдæр хатт афтид хæрд æмæ нуæзтыл хицæн кæны нæ бæ-рæгбон, айрох нæ вæййы нæ сæйраг хæс: сыгъдæг зæрдæйæ кувын, сыгъдæгдзинад кувæндоны уый у, нæ ирон, нæ рагфыдæлтæй нæм чи æрхæццæ, уыцы рæсугъд æгъдау. Æгъдау та, кувæндоны нæ, хъæдбын дæр фидауы.

Хъуамæ аздахæм не ‘ргом нæ кувæндæттæм, базилæм сæм. Радзурæм æмæ хъуыддагæй равдисæм нæ кæстæртæн нæ сыгъдæг табугæнæн бынæтты ахадындзинад, ирон лæджы царды цы бынат ахсынц, уый. Бафиппаинаг у, абон не ‘гъдæуттæм бирæ ивындзинæдтæ кæй æрцыд хаст, уый. Уый нын ивы нæ цæсгом.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.