Уæрæсейаг  делегаци ногæй хайад исын райдыдта Европæйы Советы Парламентон ассамблеяйы. Ацы аз 28 июны Уæрæсе æрбаздæхт Европæйы Советы Парламентон ассамблеямæ,  йе ‘ххæстбартæ йын æххæст гуырахстæй раздахгæйæ. Ахæм уынаффæ ист æрцыд пленарон рабадты хъæлæсæппæрсты рæстæджы. Ассамблеяйы Уæрæсейы уæнгад сæндидзын кæныны тыххæй схъæлæс кодтой 116 депутаты, йæ ныхмæ рацыдысты 62 депутаты.  Делегациты æххæстбартæ ратификаци æрцæуынц январы, фæлæ Уæрæсейы æххæстбартæ фидар æрцыдысты азы æмбисы.

Уæрæсейаг фарс Ассамблеямæ æрбаздæхыны тыххæй раразмæ кодта йæ домæн, йæ ныхмæ æппæт санкцитæ дæр сисын. Резолюцийы тыххæй иууыл фылдæр хъæлæстæ радтой Францы депутаттæ (16), Итали (12), Герман (11), Турк (10) æмæ Азербайджан (6) æмæ афтæ дарддæр.    

Уæрæсе организацимæ кæй æрбаздæхт, уый æнæразыдзинад расайдта Украинæмæ æмæ фехъусын кодта организацийæ рахизыны тыххæй, афтæ ма ацыд рабадтæй дæр. Украинæйы президент Владимир Зеленский банысан кодта, зæгъгæ, фыдæнхъæл фæцис ахæм уынаффæйæ, афтæ ма нæ «нæ европæйаг партнертæ кæй нæ фехъуыстой», уымæй дæр. Украинæйы раздæры президент Петр Порошенко та фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг делегацийы фæстæмæ кæй фæхуыдтой, уыцы уынаффæ ахъаззаг цæф у «еврпæйаг бындурон æргъадтæн».

Уæрæсе æмæ Ассамблеяйы ахастыты кризис райдыдта 2014 азы Хъырым Уæрæсейы Федерацимæ куы æрбаиу, уый фæстæ. Уæд организаци райста резолюци, цыран карзæй стæрхон кодта «уæрæсейаг хæстон агрессийæн æмæ Хъырымы аннексийæн». Фæстæдæр Уæрæсейы делегаттæн бар нал лæвæрдтой ассамблеяйы къухдариуæггæнæг бынæтты кусынæн æмæ мониторингон мисситы хайад исынæн. 2015 азы январы мæйы Уæрæсейы рацух кодтой хъæлæс кæныны барæй, «Украинæйы территориалон æнæхъæндзинад дарддæр дæр хæлд кæй цæуы, уый тыххæй». 2017 азы Уæрæсе фæсидт йæ делегацимæ æмæ нал фыста Европæйы советы бюджетмæ фиддонтæ, уыцы рæстæджы 60 милуан евройы нæ бафидгæйæ. Ассамблеяйы уæнгады тыххæй Уæрæсе æрвылаз дæр фыста 32 милуан евройы. Эксперттæ уынаффæ кодтой, æгæрыстæмæй, организацийæ рахизыны тыххæй дæр. Фæлæ Европæйы Советы рацыдысты йæ ныхмæ, зæгъгæ, хуымæтæджы уæрæсейæгтæн нал уыдзæн фадат Европæйаг тæрхондоны фæрцы сæ бартæ бахъахъхъæнынæн.  

Уый размæ, 2000 азы апрелы дæр Ассамблея рацух кодта Уæрæсейы йæ хъæлæсы барæй Цæцæны Республикæ-йы «æнæпропорционалонæй хæстон ты-хæй спайда кæныны тыххæй». Уæд делегацийы сæргъ лæууыд Дмитрий Рогозин, кæцы организацийы делегатты фæаххосджын кодта цæцæйнаг экстремистты фарсхæцынадæй. Уæрæсейæн йæ хъæ-лæс раздæхтой 2001 азы январы. 2009 азы январы та Ассамблея фæаххосджын кодта Уæрæсейы, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы кæй банымадта, уый тыххæй.

Æмæ æхсæз азы фæстæ 2019 азы 24 октябры Организацийы трибунæйæ раныхас кодта Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин. Вячеслав Володин йæ раныхасы æрсидт Ассамблеяйы хайадисджытæм, цæмæй сæхи бахизой дывæр политикæйы стандарттæй. Йæ ныхæс-тæм гæсгæ, организацийы фæлгæтты алыхатт къухты нæ бафты консенсус, кæнæ диалогмæ æрцæуын. «Уый нæ къухты не ‘фты, уый аххосæй æмæ иуæрды-гæй мах дзурæм æмбарады тыххæй, æмæ иннæрдыгæй та уæвынад кæнынц дывæр стандарттæ. Уымæн æруадзæн нæй. Ацы трибунæйæ пайда кæнгæйæ, мæ фæнды сымахмæ æрсидын, цæмæй хъахъхъæд цæуой бындурон принциптæ, дывæр стандарттæ нын халынц нæ иумиаг европæйаг хæдзар. Иуæй-иу бæстæты ахасты бавдыст æрцæуынц бæрæг до-мæнтæ, æмæ иннæты ахасты та – нæ. Ахæм цаутæ та сты дывæр стандарттæ», – загъта Вячеслав Володин.

Словакийы парламенты спикер рахæцыд йæ уæрæсейаг коллегæйы æвварс. Фæлæ та Литва, Латви, Эстони, Гуырдзыстон, Польшæ æмæ Украинæ  радон хатт уыдысты къаддæр хайы, кæцытæн сæ раныхæстæ уыдысты протестон, Ассамблеямæ Уæрæсейы æрбаздæхыны ныхмæ. Украинæйаг делегаци демонстративонæй ацыд залæй Володины ныхасы рæстæджы.

Европæйы Советы Парламентон ассамблея кæд Европæйы Советы сæйраг органтæй сæ иу у, уæддæр йæ мидисмæ гæсгæ у консультацигæнæн орган, кæцыйы сконды сты Европæйы Советы 47 хайадисæг бæстæты парламенты минæ-вæрттæ. Ассамблея арæзт æрцыд 1949 азы 5 майы. Организацийы ис 636 депутаты, кæцыты бæстæтæ нысан кæнынц сæхæдæг национ парламентты депутаттæй. Фондз паддзахады – Стырбритани, Герман, Итали, Уæрæсе æмæ Фран-цæн ассамблеяйы ис 18 уæнджы, иууыл чысылдæр паддзахадтæн та – фæйнæ дыууæ минæвары. Делегациты сконды хъуамæ уой куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр, афтæ ма бæстæйы æппæт парламентон партиты минæ-вæрттæ. Организацийы ахсджиагдæр функцитæй иу у, адæймаджы барты фæ-дыл Европæйаг тæрхондоны тæрхонгæнджыты фидар кæнын, алы бæстæйæ дæр – иу адæймаг. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ ныртæккæ Уæрæсе æмæ Страсбургы ‘хсæн ахастытæ сты сабыр, фæлæ дарддæр куыд уыдзысты, уый та рæстæг фенын кæндзæн, уымæй дæр бритайнаг делегаци фæнд кæны хъаст бадæттын Уæрæсейы æххæстбартæ азы райдианы нæ, фæлæ азы æмбисы фидар кæй æрцыдысты, уый фæдыл.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.