Кондад æмæ транспорты цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Хицауады æмæ мæхи номæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Цы фадыджы фæллой кæнут, уый цыфæнды паддзахады социалон-экономикон рæзты дæр ахсы стыр бынат. Хæстæг ивгъуыды афтæ дæр уыди. 90-æм азы гуырдзыйы агрессийы æмæ уый фæстæ экономикон къуылымпыты агъоммæ, Хуссар Ирыстоны кондадон уагдæттæ уыдысты хорз æфтиагхъом, фæлæ уый фæстæ æндзыгдзинады дуджы раууатмæ æрцыдысты.

Нæ хъизæмаргæнæг зæххыл цы сабырдзинадмæ бæллыдыстæм, уый куы æрлæууыди, уæд нæ къухдариуæгад рахастой фæндон, цæмæй ахсджиагдæр бынаты æвæрд æрцæуой кондад æмæ транспорты хъомыс сæндидзын кæныны фарстытæ, цæмæй ацы фадыджы кусджытæн сæ кад фæбæрзонддæр уа.

Ныртæккæ Республикæйы Кондады, транспорт æмæ энергетикæйы комитет кæны гуырахстджын куыст ацы фадыджы рæзты паддзахадон политикæ сæххæст кæныны сæраппонд, кæцыйы сконды ис куыд транспортон инф-раструктурæйы, афтæ ма ног кондадон уагдæттæ байгом кæныны хъуыддаг.

Ацы фадыджы кусджытæн се ‘ппæтæн дæр мæн фæнды бузныг зæгъын сæ удуæлдай куысты, сæ хъуыддагыл æмæ профессионалон хæстыл æнувыддзинады тыххæй.

Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ æмæ уæ разы лæууæг хæстæ сæххæст кæныны фæндиæгтæ! Уадз æмæ æнтыст кæддæриддæр уæд уе ‘мбæлццон! Фидар æнæниздзинад, амонд æмæ бинонты хæрзиуджытæй хайджын ут!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.