РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд зындгонд æхсæнадон архайæг, публицист æмæ Изборгаг клубы бындурæвæрæг  Александр Прохановимæ, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд Уæрæсейы тыххæй фильмты цикл «Русская мечта» саразыны фæлгæтты, кæцыйы сконды уыдзæн Хуссар Ирыстоны тыххæй сюжет.

«Ды цы æхсæнадон-политикон куыст кæныс, уый дзурæг у дæ æнæивгæ принциптыл. Хуссар Ирыстонæн ды нысаниуæгджын гоймаг дæ. Мах дын хорз хъуыды кæнæм æмæ зонæм глобалон æмæ регионалон политикæйы дæ позици, æмæ дæ ныхæстæ се ‘ппæт дæр сæххæст сты – мах æрмæст æвдисæнтæ не стæм, фæлæ стæм, Европæ ам æмæ Гуырдзыстоны  цы сарæзта, уыцы архайдтыты хайадисджытæ», – загъта Президент.

Уый ныфс бавæрдта, уазæг республикæйы цы рæстæг арвита, уый пайдайаг кæй уыдзæн, уымæй.

«Кæд Хуссар Ирыстоны тыххæй æппæт дæр зоныс, уæддæр бирæ цыдæртæ базондзынæ, цæрджытимæ куы аныхас кæнай, уæд», – загъта уый.

Александр Проханов бузныг загъта Президентæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон зындгонд аххосæгтæм гæсгæ ис дунеон политикæйы тæккæ астæу.

«2008 азæй фæстæмæ Ирыстон æмæ Уæрæсейы историйы райдыдта ног дуг. 2008 азæй фæстæмæ цы уавæр сæвзæрд, уый бындур æрæвæрдта уæрæсейаг грандиозон процессæн – уæйгæнджытæ æмæ æнæзондтæ Уæрæсейы цы геополитикон тыгъдадæй рарæцыгътой, уырдæм баздæ-хынæн», – загъта Александр Проханов.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, бирæ азты фæстæ Уæрæсемæ разынд æнкъараг æмæ арæхстджын реваншы тыххæй тыхтæ.

«Абон Хуссар Ирыстон у ахæм хъомысджын плацдарм, кæцы Уæрæсейæн ратдзæн геостратегимæ баздæхыны фадат. 2008 азы онг Уæрæсе æрмæстдæр йæхи хъахъхъæныны куыст кодта. Фæлæ 2008 фæсæттæн азы, Уæрæсе йæхи æрæмбæрста æмæ райдыдта хуссар геостратегион флангы хъомысджын æндидзынгæнæн процесс, уый фæстæ раздæхта Хъырымы æмæ Севастополы, кæцы Уæрæсейæн фадат радта  Сау денджызыл контроль кæнынæн. Мах ахызтыстæм Зæххастæуы денджызмæ, сириаг базæтæ æмæ Сирийы уæлахизхæссæг хæст та йын уыцы фадат радтой, æмæ Æввахс Скæсæны уый ссис раззагон бæстæ», – банысан кодта политолог.

Хуссарирыстойнаг бæстæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй Советон Цæдисы ныппырхæй 2008 азы онг Уæрæсе архайдта æрмæстдæр мидпаддзахадон хъуыддæгтыл, фæлæ 2008 азæй Ручъы тъунелыл Уæрæсе раздæхт дунеон геополитикæмæ.

«Адæмы фидар удыхъæд æмæ хъæбатырдзинад баххуыс сты Хуссар Ирыстонæн, цæмæй бафæрæзтаид, цалынмæ Уæрæсе ногæй йæ сæрыл не схæцыд, уæдмæ», – загъта Президент.

Дарддæр Президент æмæ Проханов ныхас кодтой интервьйы фæлгæтты Уæрæсейы тыххæй фильм «Русская мечта»-йыл.

Публицисты цымыдис кодта ирон бæллиц, ирон идеологийы тыххæй цæстæнгас.

Бибылты Анатоли йын загъта, зæгъгæ, ирæтты бæллиц у дыууæ Ирыстоны баиу кæнын.

Бибылты Анатоли æмæ Александр Проханов уынаффæ кодтой Изборгаг клубы (Уæрæсейы экспертты авторитетон æмæх-сæнад) филиал Хуссар Ирыстоны бакæныны перспективæйыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты  пресс-службæ     

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.