«Цæрæнуатон-комуналон хæдзарады фиддонтæ рæстæгыл фыст кæй нæ цæуынц, уый паддзахадон бюджетыл æвзæрæрдæм æндавы», – ахæм хъуыдыйыл хæст у РХИ-йы Хицауад.

Экономикон райрæзты министр Кокойты Геннади, горæт æмæ районты администрациты къухдариуæггæнджытæ, паддзахадон-унитарон куыстуаты сæргълæуджытæ, афтæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады бæрнон кусджытæ хицауады хæдзары ауагътой иумæйаг æмбырд. Лæмбынæг уынаффæ кодтой ацы æмæ æндæр фарстытыл. Æмбырды Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик куыд загъта, афтæмæй: «Азы кæрон хъуамæ балхынцъ уой æппæт цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты хæстæ дæр. Сусæггаг нæу, стыр хæстæ ныл кæй ис коммуналон лæггæдтæ нын чи кæны, уыдон раз. Домын уæ, цæмæй лæмбынæгæй æркæсат ацы фарстатæм. Райст æрцæуæт æппæт мадзæлттæ; организацион, информацион, закъонон. Цæмæй цæрджытæ, коммерцион æмæ бюджетон организацитæ бафидой сæ коммуналон хæстæ. Мæн ныфс ис хъуыддаг тæрхондонмæ кæй нæ ахаудзæнис. Уе ‘нтыстджын архайдыл баст у нæ паддзахады социалон-экономикон рæзт, æхсæнады стабилондзинад, цæрджыты фæрныгад, загъта  Хицауады Сæрдар.

Уый ма загъта паддзахадон бюджетæн стыр зиантæ кæй хастæуы æрвыл мæй дæр коммуналон фиддонтæ фидгæйæ, энергоресурстæй нæ чи ифтонг кæны, уыцы организацитæн милуантæ фидгæйæ. Кæд æмæ уыцы æфтиæгтæ сæрибарæй нæ бон у спайда кæнын æндæр социалон хъуагдзинæдты тыххæй цæрджыты фæрныгадæн.

Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоæнæн ООО «Интер РАО»-йы раз электроэнергийæ йæ хæстæ сты 320 милуан сомы.

Экономикон райрæзты министр цы аналитикон хъæугæ гæххæтт бавдыста, уымæ гæсгæ 10 мæйы æмгъуыдмæ электроэнергийæ цы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырдчындæуыд, уыдон нымæц хъуамæ уыдаид 263,3 милуан сомы, фактон æгъдауæй та æрæмбырдæуыд 159,8 милуан сомы. Газæн фидын хъуыд 85,3 милуаны, æрæмбырдчындæуыд 55,5 милуан сомы.

Мæгуырау уавæры ма сты цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæ дæр. Уыцы сферæйы дæр ис стыр хæстæ.

Хицауады сæрдар лæмбынæг байхъуыста ацы уæззау уавæрæй паддзахад куыд хъуамæ рахиза уыцы фарстатæм. Экономикон рай-рæзты министры хæдивæг Вера Деню æрбавдыста проект 2017-2018 азты РХИ цæрæнуатон-комму-налон лæггæдты фиддонтæ æм-бырд кæныны системæйы ахадындзинад фæхуыздæр кæнынмæ здæхт мадзæлтты нывæзт сфидар кæныны тыххæй».

Ныртæккæ уыцы проект лæвæрд æрцыд профилон организацитæм, цæмæй йæ сахуыр кæной лæмбынæг, уый фæстæ лæвæрд æрцæудзæнис РХИ-йы хицауадмæ, цæмæй радтой сæ разыдзинад, йæ сæххæст кæныны сæраппонд.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.