Дӕсны кадӕггӕнӕг уыд Гатуты Дабег, уый райгуырд Цӕгат Ирыстоны Чырыстоныхъӕуы. Ацы адӕймаджы цардвӕндаг у цымыдисон: хуымӕтӕджы зӕхкусӕг уæвгæйæ цардагур ӕрзылд Уӕрӕсейы бирӕ къуымты, уыд Бакойы, Тбилисы, Батумы; куыста ӕфсӕнвӕндагон ӕрмадзы, уый фӕстӕ та йӕ хайбавӕрд бахаста Астӕуккаг Азийы горӕттӕ Ташкент, Ашхабад ӕмӕ Самарканды горӕтты хидты арӕзтадмæ куыста хуымӕтӕг кусӕгӕй, Дард Скӕсӕны та куыста сыгъзӕрин къахæнты. Революцион змæлды хайад кæй иста, уымӕ гӕсгӕ йӕ Дард Хурыскӕсӕны куыстӕй рарвыстой ӕмӕ йӕ райгуырӕн къуыммӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, аныгъуылд хъӕууон хӕдзарадон архайды. Уый уыд Февралы революцийы активон хайадисӕг, йӕ къухмæ райста ӕхсӕнгарз ӕмӕ тох кодта Октябры револю-цийы фӕуӕлахизы сӕраппонд. Æмбæстагон хӕсты рӕстӕджы, сырх партизан уӕвгӕйӕ, хайад иста контрреволюцион бандӕты ныхмӕ тохы. Иугӕр Советон хицауад куы ӕрфидар Терчы, уӕд Дабег сси Чырыстонхъӕуы колхозон арӕзтады инициатортӕй сӕ иу.

Гатуты Дабег йӕ царды кӕронмӕ никуы фӕхицӕн йӕ хъисфӕндырӕй, аразгӕ та йӕ скодта йӕхи къухтӕй. Стыр ӕхсызгонæй ӕххӕст кодта цӕгътытӕ. Дабег арӕх марды уӕлхъус ӕхсӕвбадӕнты суанг бонмӕ, ӕххӕст кодта кадджытӕ «Иунӕджы кадӕг», «Нарты Сослан мӕрдтыбӕстӕм куыд бахауд» ӕмӕ ӕндӕртӕ. 1924 ӕмӕ 1930-ӕм азты Дзагуырты Г. Гатуты Дабегӕй Нарты кадджытӕ ныффыста фараст, 12 кадӕджы та уыдысты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр темӕты фӕдыл. Гатуты Дабегӕй ма 1940 азы кадджытӕ ныффыста Хъазбегты Хъ.

Дабег цӕгъдыны аивадыл фӕцайдагъ йӕ фыдыфсымӕртӕ Гула, Челемет ӕмӕ Тугъаны руаджы. Уыдон уыдысты зындгонд адӕмон таурӕгъгӕнджытӕ-кадӕггӕнджытӕ ӕмӕ ӕххӕст кодтой алыгъуызон уацмыстӕ хъисфӕндырыл цӕгъдгӕйӕ. Дабегы сыхаг 90-аздзыд Колыты Бӕзза, дæр уыд зындгонд зарӕггӕнӕг, йӕ ахуыр-гӕнджытыл ма ноджыдӕр нымадта 85-аздзыд фыййау Махческы хъӕуккаг Цӕукъаты Тугъан ӕмӕ 110-аздзыд Малиты Саукуыйы. Дабег стыр нысаниуӕг лæвæрдта адӕмон сфӕлдыстадӕн, цӕмӕй йӕ репертуар ноджы фӕхъӕздыгдӕр уыдаид, йӕ цагъд та аивдӕрӕй зӕлланг кодтаид, уый тыххӕй зылд Ирыстоны кӕмтты. Гатуты Дабегӕй фыст ӕрцыд дзӕвгар кадджытæ ӕмӕ уый фæрцы, аккаг бавæрд бахаста ирон адæмон сфæлдыстады къӕбицмӕ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.