Хуыцау дыууæ цардæмбалæн сывæллон куы ратты, уæд алы ныййарæг дæр йæ кæстæрæн амонд фæкуры. Бафæдзæхсынц æй Хуыцау æмæ йе скæнгæ зæдтæн, цæмæй байрæза æмæ адæмы рæгъы рацæуа.

Хорз адæймаджы ном æнустæм цæры, зæгъы ирон æмбисонд. Цардæн, куыд зонæм, афтæмæй райдиан дæр ис æмæ кæрон дæр. Фæлæ, хъыгагæн, алчи йæ царды кæронмæ нæ батоны йæ бонтæ.

Ацы уалдзыгон райдзаст бонтæй та иуы, 9 марты, Ирыстонмæ æнæнхъæлæджы айхъуыст фыдуацы хабар – автомобилон аварийы фæстиуæгæн  трагикон æгъдауæй æнæрæстæджы фæмард нæ фæсивæды хуыздæр минæвæрттæй сæ иу – æвзонг зарæггæнæг рэпер Цхуырбаты Сæрмæт.

Къаннæг лæппуйæ фæбæрæг, æрдз Сæрмæтæн кæй схæлар кодта зарæггæнæджы арфæйаг курдиат. Фæбæрæг сты музыкæмæ, зарды аивадмæ йе ‘взыгъд-дзинæдтæ. Зарæг йæ чысылæй фæстæмæ ссис йе ‘мбæлццон,   агайдта йæ цардуарзаг зæрдæйы, æнæ зарæг ын цард ад нæ кодта.  Зæрдæйæ куы нæ цæуа зарæг, уæд, уыцы зарæг зарæг нæу, цыфæнды хъæлæс дын куы уа, уæддæр. Фæлæ уый зæрдæйæ зарыдис æмæ афтæ хъардта адæймаджы зæрдæмæ дæр.

Арæх иста хайад алыгъуызон концертты, лæвæрдта концерттæ йæхæдæг. Йæ концерт уыдзæнис,  уый-иу куы фехъуыстой фæсивæд, уæд-иу тагъд кодтой йемæ фембæлынмæ,  къухбакæнæн-иу нал уыдис залы…

Чи йæм хъуыста, уыдон æмбæрстой,  Сæрмæт зарæггæнæджы табуйаг курдиатæй хайджын кæй у æмæ йæхиуыл куы куса, уæд бирæ хæрзты кæй бацæудзæнис зарды аивадæн. Стыр ныфс дзы æвæрдтой, фæлæ сæ фыдæнхъæл фæкодта…

Бирæ сфæлдыстадон плæнттæ уыдис Сæрмæтмæ. Фæлæ Ирыстоны булæмæргъ йæ базыртæ æххæстæй нæма айтыгъта, афтæмæй æрхауд, æгъатыр мæлæт æй аскъуыдта не ‘хсæнæй.

Абон не ‘хсæн нал дæ æмæ азтæ куыд цæуой, афтæ йæ тынгæй тынгдæр æнкъардзыстæм, цы диссаджы æмгарæй фæцух стæм, уый. Цардбæллон æмæ хæларзæрдæ лæппуйы ном нæ ферох уыдзæн нæ фæсивæдæй, йе ‘мбæлттæй, хиуæттæй,  цы дыууæ хъæбул ын баззад, уыдонæй.

Рухсаг у, Сæрмæт!..

Дриаты Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.