Адæймаг рæз кæм схæссы, царды ад кæм банкъары, уыцы райгуырæн къуым ын адджын æмæ зынаргъ у æмæ дзы уый тыххæй æдзухдæр райгонд æмæ буц вæййæм, нæ сæртæ дзы бæрзонд фæхæссæм. Уыцы-иу рæстæджы мах, йæ хъæбултæ, йæ иузæрдион фырттæ дæр хæсджын стæм уымæн нæ лæггады хай бакæнын, сæрбахъуыды рæстæджы йæ уæлхъус æрбалæууын, тыхст æмæ зын рæстæджы йын ныфсы гуырдтæ уæвын.

Ирон адæм сæ хъæбатыр гуырдтыл, сæ фыдыбæстæ, сæ адæмы амондджын царды сæрвæлтау чи тох кодта, уыдоныл скодтой кады зарджытæ, мысынц сын сæ рухс нæмттæ Уыдон та сты «Бæтæйы фырттæ», «Куырттаты зарæг», «Хазбийы зарæг», «Томайты Тæтæрхъан», «Гаглойты Салайы зарæг», «Тотиты Акимы зарæг», «Хъæстуаты Хъазыбегы зарæг», «Пухаты Иликъойы зарæг», «Антъоны зарæг», «Исахъы зарæг, «Нартыхты Сосойы зарæг», «Берозты Тотрадзы зарæг» æмæ æндæртæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фашистты ныхмæ хъæбатырæй чи тох кодта, уыцы легендарон хæстон раздзæуджытæ Плиты Иссæ, Мамсыраты Хаджумар æмæ æндæртæ, стæй ма сæ тохы цаутæ æнусты кæмæн хъуыды кæндзысты, уыцы æхсарджынтæ та сты Сæлбиты Верæ, Æхсараты Энвер, Ботъоты Гæмæт æмæ иннæтæ. Зæгъæм, Плиты Иссæйы кады зарæджы дзырдæуы:

   «Плиты сахъ Иссæ сæ тæккæ хæдразæй

   Берлины не знæгты æхсаргардæй  цæгъды,

   Æхсаргардæй цæгъды, гъей!».

Мамсыраты Хаджумарыл йæ раттæг адæм цы зарæг скодтой, уым ис ахæм рæнхъытæ:

 «Æхст уари фæмысы йæ сæнтты фæстаг хатт

   Цъæх арвы, фæтындзы йæ рухсмæ

   Хъæбатыр Хаджумар цы хæтæнты ахатт,

   Уым баззад йæ намыс æнусмæ.»

 Кæнæ ма райсæм Хъалæгаты фондз æфсымæры зарæджы рæнхъытæ:

 «Фыййагдоны былыл сау пысыратæ…

  Æрыдонæй горæтмæ фæндагыл

  Тæтæрийы фондз фыртæн ныссагътам

  Сæ сау тырысатæ!

   Ой, тох!».

Ирон поэттæ сæ тохвæллад хæстонты мысыдысты, се сгуыхтдзинæдтыл нывæзтой сæ уацмыстæ, æвдыстой сын сæ хъайтардзинад. Æрыгон поэт, хæсты хайадисæг Ходты Хазби йе ‘мдзæвгæ  «Æртхутæг фестдзæни йæ зынг»-ы фыссы:

   «Бырсы, бырсы, фæлæ уæддæр

   Нæ цыргъ кардыл фæкалди ныр.

   Йæ цæфæн исы цæф дывæр,

   Йæ туггарз фестад фурд, быдыр!»

 Хъамбердиаты Мысост «Чызгимæ ныхас»-ы сиды:

   «Æз цæуын нæ тохы ‘фсадмæ,

    Циу, цы у фæсмон?

    Бæхæй адзырдтон мæ мадмæ:

   – Цæй, æна, хæрзбон!».

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохтæ йæхиуыл чи бавзæрста, уыдонæй уыд курдиатджын ирон поэт Плиты Грис æмæ йе сфæлдыстады дзуры  хæстонты сгуыхтдзинæдты тыххæй. Поэтæн зынаргъ сты Фыдыбæстæ æмæ сæрибар æмæ уый тыххæй фыссы йе ‘мдзæвгæ «Уæлахизы кадæг»-ы:

 « Фыдыбæстæ æмæ сæрибар, –

  Циу цард æнæ сымах? – Ингæн».

   Æмæ дарддæр:

  «Мæ бæстаг, ма ауæрд дæхиуыл!

   Нæ тох – уæлахизæн куырдадз, –

   Лæгæргæвдæг фыдгулы риуы

   Дæ кард йæ фистонмæ ныссадз!».

Хæсты тыххæй ма сты йе ‘мдзæвгæтæ «Цом, фæцæуæм», «Фæраз, салдат», «Акъоп-пы», «Хæцæны», «Фондз азы» æмæ æндæртæ.

Хæсты хайадисæг уыд поэт Дзугаты Георги æмæ йæ кадæг «Бындзыг»-ы нывæнды Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон цæрынхъуаг хæстоны тыххæй. Хæстон темæйæн йæ иувæрсты нæ ахызт поэт Плиты Илья дæр, уыдон сты «Салдат», «Иссæйы зарæг», «Денджызы бæгъатыр» æмæ æндæртæ. Хуссар Ирыстонмæ ивгъуыд æнусы гуырдзиаг лæгсырдтæ куы æрбабырстой, нæ сабыруарзаг адæмы нын сухты цагъд кæнынмæ куы æрхъавыдысты, уæд сæ ныхмæ аккагæй фæлæууыдысты Ирыстоны æнувыд хъахъхъæнджытæ æмæ аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой знагæн. Уыдонæй иутæ уæлахизы боныл сæмбæлдысты сæрæгасæй æмæ абоны бон сыгъдæг арвы бын райзæрдæйæ амондджынæй æрвитынц сæ рæстæг. Фæлæ хæст хæст у, уый никæуыл ауæрды, нæ кæны тæригъæд æмæ нæ хæстонтæй бирæтæ нывондæн æрхастой сæ сæртæ рухс царды сæрвæлтау. Ирыстоны хъæбатыр лæппуты æнæмсæр тохы фæндæгтæ ирдæй равдыстой се сфæлдыстады ирон фысджытæ. Хъазиты Мелитонæн 1996 азы цы æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ публицистикæйы чиныг «Хæстарыд Ирыстон» федта рухс, уым дзырд цæуы нæ хъайтар адæмы сгуыхтдзинæдтыл. Поэт Плиты Феликс дæр дзæвгар æмдзæвгæтæй ссардта сæ рухс нæмттæ нæ хъайтар зынгхуысттæн, куыд Галуанты Таймураз, Уалыты Виталик, Джиоты Эльбрус, Къæбулты Ацæмæз æмæ æндæртæн. Дзæвгар уацтæ ныммыхуыр кодтой æдзард хъæбулты, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты тыххæй журналисттæ Джиоты Екатеринæ, Тыджыты Сослан æмæ æндæртæ дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.