Мысинæгтæ

 

Хацырты Сергейыл, ирон адæмæн сæ уарзондæр фысджытæй иуыл, 1 мартъы сæххæст уыдаид 100 азы. Кæд ма æгас Ирыстоны дæр йæ рæстæджы ахæм хæдзар баззад Сергейы тетралоги «Хæхты фæдисон» («Тревога») кæм нæ бакастысты, кæнæ йын йæ пьесæты лæвæрд спектаклтæ чи нæ федта, ахæмтæ, уæд ын йæ зарджытæ «Горæты фембæлдтæн чызгыл», «Удæнцой», «О, мæ хур», «Бадын æз Терчы был» чи нæ фехъуыстаид, ахæм нæ разындзæн абон дæр. Сергейы зарджытæ абоны онг дæр кæны Мамсыраты Тасолтан. Тасолтаны дæр цы ирон нæ зоны, ахæм нæй. Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады диктор, зарæггæнæг, театры актер. 19-аздзыдæй йæ Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ æрбахуыдта Хуссар Ирыстоны драмон театры сæйраг режиссер Хъайырты Владимир. Хуссары ма Тасолтан куыста радиойы дикторæй дæр. Æртæ азы бæрц фæци Хуссар Иры æмæ уæд схæлар Сергеимæ, кæд дзы дзæвгар кæстæр уыд, уæддæр.

Мамсыраты Тасолтан нын радзырдта, Хацырты Сергейы куыдæй бахъуыды кодта, уыцы хабæрттæ.

«Тæмæнкалгæ лæг»

Сергейыл куы дзурæм, уæд дзы æппæты фыццаг фæмысын, цы хуызæн лæг уыд, уый. Сергей уыд тæмæнкалгæ лæг, зæрдæрай лæг æдзухдæр. Цыфæнды æнкъард куы уыдаид, уæддæр ын æй йæ цæсгомыл нæ раиртастаис. Æртæ аз æмæ ’рдæг фæдæн Чъребайы æмæ æз Сергейы ’нкъардæй никуы федтон.

Æнгом ахастытæ мын уыд фысджытимæ. Бирæты-иу дзы фæндыд, цæмæй сын сæ уацмыстæй исты бакæсон, чи мæм æмдзæвгæтæ хаста, чи радзырдтæ, чи скъуыддзæгтæ сæ уацмыстæй.

«Ахæм рæсугъд ныхæстæ чи фыссы, уый фен»

Алы изæр дæр-иу Цхинвалы Театралон фæзуаты бирæ адæм уыд, актертæй дæр-иу дзы уыдаид чидæртæ. Иу ахæмы Таугазты Гаврилимæ рацæйцыдтæн иу изæр æмæ Сергей нæ размæ фæци. Хъусгæ йæ кодтон, Сергей чи у. Дзæуджыхъæуы кæй цард раздæр, уый дæр зыдтон. Цæгаты ма куы уыдтæн, уæд дæр æй хъуыстон, ахæм фыссæг и, зæгъгæ. Баллаты Володя-иу ын йæ зарджытæ куы зарыд, уæд-иу фехъусын кодтой авторы ном дæр. Æмæ-иу афтæ загътон «уыцы Сергейы фен, ахæм рæсугъд ныхæстæ чи фыссы, уый». Æмæ уыцы изæр базонгæ дæн йемæ.

«Заргæ йæ кæныс, судзгæ йæ кæныс — дæ бар дæхи»

Сергей, алы спектаклмæ дæр цыд æмæ йæм каст. Иу изæр мын, спектакль «Сæниат»-ы фæстæ, афтæ: цом ма, Тасолтан, нæхимæ, бацыдыстæм æмæ уыцы дæргъæй-дæргъмæ залы æрбадтыстæм. Йæ бандон сæрæй уыд, уым ничи бадт Сергейы йедтæмæ. Æз та-иу иннæрдыгæй æрбадтæн. Бадын дæр-иу бæргæ нæ куымдтон æфсæрмы дзы кодтон æмæ-иу мæ йæхæдæг æрбадын кодта… Фыццаг цы спектаклы рацыдтæн — «Усгур»-ы — уым заргæ кодтон, «Сæниат»-ы дæр мын зарæг уыди, Атарбеджы зарæг. Сергей зыдта, зарынмæ рæвдз кæй дæн æмæ мын афтæ зæгъы: «Тасолтан, мæнæ ацы æмдзæвгæ кæддæр ныффыстон Баллаты Володяйæн æмæ дзы цæмæдæр гæс-гæ зарæг нæ рауад. Мæнæ дын йæ текст, заргæ йæ кæныс, судзгæ йæ кæныс — дæ бар дæхи». Йæ рæнхъытæм гæсгæ йæ бамбæрстон цавæр мелоди йын уыд Хонгæ кафт. Афтæмæй фæзынд мæнæ ацы зарæг:

Цæмæн фехъуыстон хъæубæсты хъазты

Ирон фæндыры æвзаргæ зæлтæ?

Цæмæн ссыгътай дæ судзгæ уарзтæй,

Æнæзонгæ чызг, мæнæн мæ зæрдæ?

Цæмæн фæуайыс æхсæвæй, бонæй

Дæ фæндыримæ æдзух мæ цæстыл?

Фыдбоны рæсугъд, зæгъ-ма æргомæй,

Кæм дæ агурон, уæд та цы бæсты?

Мæймæ дзуры, хæхтæм, быдыртæм дзуры, урсбарц æхсæрдзæнмæ — чызджы агурæг æрзылди бæстыл йæ фæндыримæ.

«Уымæй фæлмæндæр ныхæстæ ссарæн ис цымæ?»

Уырыссаг драматурджы пьесæйы хъазыдтæн, колхозон царды тыххæй уыд, музыкæ йын ныффыста Плиты Васили, Христофоры ’фсымæр. 1959 азы уыд уый. Æз спектаклы хъазыдтæн авторы номæй æмæ мын дзы уыд зарæг дæр. Текст уадиссаг йæхæдæг ницы уыд — пьесæйы сюжетмæ гæсгæ. Мелоди та тынг рæсугъд мелоди уыд, лирикон, фæлмæн. Æмæ куы фестæм, уæд ыл хъуыды кæнын. Сергейæн зæгъын: сценæйы зарæджы ныхæстæ спектаклæн бæззынц, фæлæ зарæг искуы азарон уымæн нæ бæззы, хуыцауы дзæгъæлы фесæфдзæн мелоди. Иу æртæ сахаты фæстæ, дам, нæм бауай, Тасолтан, дæгъæл кæм æвæрд вæййы, уый зоныс, уым дын стъолыл гæххæтт уыдзæн. Бацыдтæн æмæ Сергей мæ разæй фæци. Гæххæтт мæм йæхæдæг радта — мæнæ, дам, дын текст. «Удæнцой» хуыйны зарæг.

Арф кæмтты Леуахи зары,

Уылæнтæй хъазы фæрнæй.

Йе ’взист фæлурс тынтæ луары

Уалæ бæрзонд хæхтыл мæй.

Бадын ыз донгæрон, бадын

Де ’нгас мæм донæй кæсы.

Курын дæ æмæ дæм хатын:

Рахиз, мæ цурмæ фæзын.

Уарзын фылдæр дæу мæ удæй,

Зæрдæ дæу домы æрмæст.

Цардау дæ мидбылты худтæй

Де ’нгасæй не ’фсæды цæст,

Сабыр, фæлладæй фæтулы

Арвыл йæ хуыссæнмæ мæй,

Рауай ма, рауай, мæ цурмæ,

Науæд мын удæнцой нæй.

 

Уымæй фæлмæндæр ныхæстæ ссарæн ис цымæ? Зарæгыл зын кусæн нæ уыд, фæлæ дзы фæндырцæгъдæг ссарын хъуыдис. Хуыме дзы уыд, æмæ уый æрмæст ансамблæн цагъта. Лирикон цагъд дын акæна, ахæм фæндырдзæгъдæг дзы нæ уыд. Цæгатмæ куы раздæхтæн, уæд мын Гæздæнты Булат ацагъта Сергейы ацы дыууæ зарæджы дæр.

 

«Æз кæм вæййын концерты, уым уыцы дыууæ зарæджы ма уой, уый гæнæн нæй».

Абон дæр концертты тынг зæрдиагæй сæмбæлынц адæм Сергейы зарджытыл. Рæсугъд зарджытæ сты тынг. Æз сæ зарын, уый тыххæй нæ зæгъын.

Кæддæр мæ Джихаты Роман бацагуырдта «Кæм дæ агурон»-ы текст. Æз ын æй радзырдтон æмæ йæ, ныффыста. Ног зарæггæнджытæ ныртæккæ партизантæ сты — зарæг уыцы иу бон афыссынц, ацæттæ кæнынц, телестудимæ йæ фæкуысси кæнынц, радиомæ йæ бадавынц тæвдæй, куыд нæ ’руазал уа, афтæмæй. Æмæ йæм телевизоры кæсын — куплеттæ аппæрста зарæгæй, цыдæр ныхæстæ дзы фæтъыста. Æмæ йæм барвыстон: зарæг дын куыд радтон, афтæмæй йæ ныффысс. Ды авторæй дæсны дæр дæ? Æмæ йæ аивта.

Абоны онг дæр зилынц ацы дыууæ зарæджы — «Кæм дæ агурон?» æмæ «Удæнцой». Кæм вæййын концертты — уым æдзухдæр вæййынц.

 

«Театралон фæзуаты концерттæ»

Сергей Театралон фæзуаты цур цард. Уалыты Гульнарæ, Сергейæн йе ’фсины хо, ансамблы куыста, диссаджы рæсуъд цагъта балалайкæйыл. Бадтыстæм-иу Сергейтæм, Гульнара иуæрдыгæй, æз — иннæрдыгæй, æмæ зарыдыстæм. Сергей та иуварс бадт æмæ йæ мидбылты худт. Рудзгуытæ гом. Стæй мын иухатт афтæ зæгъы: «Тасолтан, мæнæ ма рудзынгæй акæс, цыдæр уынæр дзы хъуысы». Акастæн æмæ фæзуат адæмæй йедзаг. Хъуыстой нæ зардмæ. Фæкуыддæр дæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн, мæнæ цыма концертон залы уыдтæн. Уый фæстæ-иу ахæм «концерттæ» арæх уыд.

 

«Нæ йæ зыдтон!»

Иу зымæгон бон Таугазты, Гаврилимæ спектаклы фæстæ, рацæуæм театрæй. Сергей лæууы нæ разы: сымахмæ кæсын, цомут ма нæхимæ, бирæ уæ нæ бауромдзынæн. Ацыдыстæм. Фынг — рæсугъд æвæрд. Гаврил æй фæрсы, цы хабар у, зæгъгæ. Сергей дзуапп нæ дæтты. Стæй нæ æрбадын кодта. Сидтытæ уадзы Сергей, Гаврил та йæ афæрсы, цы хабар у ай, цæй тыххæй у? Сергей Хуыцаумæ кувы, Уастырджийæн фæдзæхсы кæйдæр, ном нæ дзуры. Æз дæр ницы æмбарын. Æппынфæстаг, райста сæны агуывзæ æмæ расидт: «Гъе, Тасолтан, дæ цардамонд бирæ уæт, абон дæ райгуырæн бон у æмæ арфæйаг у». Æндзыгæй аззадтæн. Хъуырæй ауыгъд уыдтæн куыстæй, стæй мæ гуырæнбон дæр тынг нæ уарзтон. Ферох мæ. Гаврил дæр хæлиудзыхæй аззад. Зыдтай, дам, æй? Нæ йæ зыдтон!

Иу 12 сахатмæ фæбадтыстæм…

Искуы исчи искæй афтæ ’рхъуыды кодта? Йæ зæрдыл æй куыд бадардта, уый диссаг у. Чи уыдтæн æз, ничи — 20-аздзыд лæппу… Æмæ дзы ахæм хабæрттæ бирæ уыд.

 

Фондзæссæдз азы бон æмбæлы йæ ном ссарын

Ныртæккæ мардæрцыд уый мидæг ис, æмæ аивадæн Ирыстоны æмбæлон аргъ нал ис. Æрмæст цæстмæ ныхæстæ. Нæ радиомæ хъусын: иухуызон зарджытæ, тъæпп-тъæпп, дæнг-дæнг. Сергейæн та йæ зарджытæ бынтон æндæрхуызон сты сæ ныхасыгъæдмæ гæсгæ. Бирæ зарæггæнджытæ йын кæнынц йæ ныхæстыл фыст зарджытæ. Уыдонæй йæ бирæтæ зонгæ дæр нæ кæнынц ныхæстæ Сергейы кæй сты, уымæн æмæ адæмоны хуызæн систы…

Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр æмбæлы Сергейы ном ссарын йæ 100-азы бон.

Мамсыраты Тасолтаны ныхæстæ ныффыста Туаты Сæлимæт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.