Паддзахад Аланийы Æвзæнгтæ æмæ сывæллæтты спортивон скъолайы Созайты Владимиры хъомылгæнинæгтæ каратейы кекусин-каны хуызæй хайад райстой 10-12 марты Ставрополы уагъдцæуæг Цæгат Кавказы Федералон округы чемпионаты. Æдæппæт ерысты хайад райста 8 командæйы  Дагъыстанæй,    Ставрополæй,  Цæцæнæй   æмæ Хуссар Ирыстонæй.   Нæ республикæйы командæйы сконды уы-дысты 9 спортсмены. Уыдон   равдыстой хорз цæттæдзинад æмæ райстой 2 сызгъæрин, 3 æвзист æмæ 1 та бронзæ майданы.

12-13 азы кары 45 кг уæзы категорийы спортсменты ‘хсæн Дудайты Доннæ акодта дыууæ тохы æмæ дыууæйы дæр йæ ныхмæлæуджыты рамбылдта нокаутæй, афтæмæй ссис сызгъæрин майданы хицау.  14-15 азы кары 50-кг уæзы категорийы та сызгъæрин майдан рамбылдта Тадтаты Софья.

Ерысты æвзист майдантæ рамбылдтой Пухаты Михаил – 75 кг уæзы категорийы, Сиукъаты Скиф – 70 кг уæзы категорийы æмæ Гаглойты Дианæ – 50 кг уæзы категорийы.  Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Пухаты Михаил финалы агъоммæйы тохы йæ ныхмæлæууæг Дунейы æмæ Европæйы 2017 азы чемпион Швец Александры 8-æм секунды кæй арвыста нокауты. Финалон тохы рæстæджы фембылд дагъыстайнаг спортсменæн. Сиукъаты Скиф та финалон тохы фембылд цæцæйнаг спортсменæн.  Бронзæ майданты хицæуттæ та  систы12-13 азы кары 50 кг уæзы категорийы  Гаглойты Дианæ æмæ  14-15 азы кары 55 кг уæзы категорийы спортсменкæ Гайаты Аннæ.

«Æз бузныг зæгъын ЗАО Остелеком “Мегафон-Хуссар Ирыстон”-ы Генералон директор Роман Кавригайæн, финансон æххуыс нын кæй бакодта, уый тыххæй, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимæн, микроавтобус нын кæй радта, уый тыххæй æмæ шофыртæ Дудайты Вадим æмæ Джергаты Булатæн», – банысан кодта Созайты Владимир.

Хуыгаты Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.