Цард размæ цæуы. Техникон прогрессы фæрцы размæ цæуы ахуырад æмæ наукæ. Интернетæй пайда кæнын ссис царды сæйраг домæн. О, хъæугæ хуызы дзы куы пайда кæной, уæд. Фæлæ диссаг у, æмæ царды иу чиныг дæр чи нæ бакаст, уыцы адæм Интернетæй сæхи атонын куыд нæ фæразынц, уый.

Зæххыл адæймагæн иууыл стырдæр лæ-вар хъæбул у. Йæ худтæй хурты-хуры чи æмбæрзы, зæрдæйы уидаг кæй хонæм, нæ сомбоны стыр ныфсытæ нæхицæй кæмæн æвæрæм. Дунейы хорздзинæдтæ дæр абарæн кæимæ нæй, уый. Куыд ис уымæн гæнæн, дæ сывæллон лæууы дæ разы, ставд цæссыг згъалы дæ цуры, хъæуы йæ мады фæлмæн ныхас, йæ баузæлд. Мадæн та йæ телефон зынаргъдæр у, æмæ йæм йæ хъæбулы хъæр нæ хъуысы. Цал æмæ цал хатты вæййын æвдисæн ахæм нывæн: мад цæуы разæй йæ телефонимæ, æмæ дзы цыма цыдæр фесæфти æмæ йæ уым ссарынмæ фæхъавы, афтæ йæм ныдздзагъыр. Йæ фæстæ йæ сывæллон тыхцыд кæны æмæ йæм фæстæмæ иу каст дæр нæ ракæндзæн. Цы не ‘рцыди, ахæм куы нæ уал ис, уæд дæ хъæбулы æрмæст Хуыцауы бар куыд кæныс. Фæндæгтыл уыйас машинæты змæлд, сывæллонæн та йæ сæры цы минут цы фæмидæг уыдзæн, уый бæрæг куы нæ у. Хъуамæ йын йæ къухыл ма хæцай?

Иу ахæмы мæ комкоммæ æрбацæуы æрыгон сылгоймаг йе ‘ртæ сывæллонимæ. Гыццыл – йæ хъæбысы, иннæ, цыдаид ыл 5 азы, галиуæрдыгæй хæцы йæ мады къабайыл, æртыккаг, цыдаид ыл дыууæ азы, разæй згъоры, хидæй донмæ бынмæ ныккæс-ныккæс кæны, афтæмæй. Мадæн йæ цæстытæ цыма телефоныл исчи ныхасгæ бакодта, афтæмæй æнæмæтæй цæуы. Тынг рамæсты дæн, иу уысм афтæ дæр ахъуыды кодтон, йæ телефон ын йæ къухæй фелвасон æмæ йын æй фехсон, зæгъгæ. Йæ размæ куы æрбахæццæ дæн, уæд фæлæууыдтæн æмæ йæм уыцы æнæуынон каст бакодтон. Фæлæ мæ уый уынгæ дæр нæ фæкодта.

Фæлæууыдтæн хидыл, цалынмæ сывæллæттæ æнæфыдбылызæй фæндагæн йæ иннæ фарсмæ бахызтысты, уæдмæ. Бирæ рæстæг мын ацы цау æнцой нæ лæвæрдта æмæ афтæ дæр ахъуыды кодтон, кæд, зæгъын, мæ нуæрттæ слæмæгъ сты, æндæр ацы хабарыл дзурæг æмæ тыхсæг куыд нæ ис, зæгъгæ.

Царды ивддзинæдтæ æдзух пайда нæ хæссынц. Æппæты фыццаг нæм фæзынди наркомани. Уымæй фыццаг стæмтæ пайда кодтой, фæлæ йæ уацары чи бахауд, уыцы хъæбулты ныййарджыты рисæн ницæимæ уыд абарæн. Уа-лынмæ фæзынди играмани. Уый дæр сагъæссаг æмæ мæтаг. Иннæ ахæм та разынд банкомани. Уым та бахаудтой, йæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ чи хъавыд, ахæм адæм. Уыдонæн сæ бон сæ хæстæ бафидын нæ уыд, æмæ уыцы банкоманийы азары уымæн фесты. Инфарктты æмæ инсультты уацары уымæн бахаудтой. Сывæллæттæ дæр бахаудтой ацы планшетты æмæ телефонты уацары. Уыдоны “æвджид” сæ бирæ ныййарджытæ бакодтой. Сæ цæстыты, сæ удварны, се ‘нæниздзинадæн уый цас зиан у, ууыл ма уæ исчи лæмбынæг ахъуыды кæнæд. Афтæмæй ныртæккæ цас ис мадзæлттæ Интернетæй уæлдай, сывæллонимæ хъомыладон куыст бакæнынæн, уый та.

Ныййарджытæ, уæ сывæллæтты æрмæст Интернеты уацары цы бакæнут? Ацы фарст хауы канд горæты цæрæг ныййарджытæм нæ, фæлæ хъæуты цы сабитæ хъомыл кæнынц, уыдонмæ дæр. Æнахъом саби чырæг телефон байгом кæнын æмæ сæхгæнын кæй зоны, уый йæ ныййарæгæн стыр циндзинад æрхæссы. Афтæмæй та, скъолайы агъоммæйы кары цы сывæллæттæ ис, уыдонæй бирæтæ иу æмдзæвгæ дæр нæ радзурдзысты – сæ ныййарджытæ сæ сæхи бар ауагътой. Нæ хистæртæ-иу дзæгъæлы нæ загътой, сывæллон хæдзары айдæн у, зæгъгæ. Йæ удыхъæды хорзæй цы ныффидар вæййы, уый бинонтæй рахæссы. Ма æвгъау кæнут уæ зæрдæйы хъарм сабитæн. Сæхи æмæ уæхи сыгъзæрин рæстæг чырæг телефонтыл ма хардз кæнут, фæлæ сæ аразут царды раст фæндагыл. Рох уæ ма уæд, ныййарæгæн, хъомылгæнæгæн йæ бæрнондзинад æнæкæрон кæй у, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.