Зымæг йæ фæстаг бонты фæхъуынтъыз ис æмæ тынг бирæ мит æруарыд, уæлдайдæр та хæхбæсты. Иуæй-иу хъæутæм сæхгæдтой фæндæгтæ…

Дзауы районы Синагур, Карзман æмæ Теделеты хъæуты цæрджытæ дæр бахаудысты митæруарды уацары æмæ дзæвгар рæстæг æййæфтой зындзинæдтæ. «Февралы мæйы райдайæнæй нырмæ ам, æруарыд дыууæ метрмæ æввахс мит, æгæрытæмæй, сыхаг хæдзæрттæм дæр нал уыдис бацæуæнтæ. Хъæуы мидæг нæй техникæ, уыйбæрц мит асыгъдæг кæнынæн, фæлæ бынæттон цæрæгмæ цы чысыл трактор ис, уымæй рафæд кодта уынгты æмæ бынаты уавæр фæрогдæр», – радзырдта Синагуры хъæуы цæрæг Бестауты Мери.

Бахаудысты миты уацары

Хъæутæй горæтмæ фæндагон бастдзинад дæр нал уыд цæрджытæн, бынаты цы иу хæлцадон магазин ис, уым дæр продукт сцъус ис. Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг сын куыд загъта, афтæмæй районы нæй, уыйбæрц мит чи асыгъдæг кодтаид, ахæм хъомысджын техникæ. «Дорэкспострой»-мæ бахатыдысты æмæ йæ дректор Гæбæраты Алан куыд загъта, афтæмæй управленийы кусджытæ Бæззаты Гарик, Джиоты Авто, Æлборты Валик, Наниты Хъамбол, Хуыгаты Казик къуырисæры асыгъдæг кодтой фæндæгтæ.

Ацы хъæуты цæрджыты номæй Синагуры астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Бестауты Мери бузныг зæгъы, фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны управленийы кусджытæн, сæ уавæрмæ сын сæ хъус кæй æрдарынц æрвыл хатхæй.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.