«Уæрæсейы Федераци цы сæрмагонд æфсæддон операци уадзы, уый хайадисджытæн æххуыс бакæныны мадзæлтты тыххæй»

Уæрæсейы Федераци цы сæрмагонд æфсæддон операци (дарддæр-СÆО) уадзы, уым не ‘мбæстæгтæй хайад чи исы, уыдонæн æмæ сæ бинонтæн æххуыс бакæныны нысæнттæн уынаффæ кæнын:

  1. СÆО-йы хайадисджытæм ахасты Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхондоны приставты службæ сифтонг кæнæд æххæстгæнæн хъуыддæгтæ æруромын.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады минæвæрттæ Национ бангы советы сифтонг кæнæд СÆО-йы хайадисджытæм ахасты Республикæ Хуссар Ирыстоны бангтæ ахæм мадзæлттæ райсын:

2.1. Фæлхасадон кредиты бадзырды фæдыл иварты, пениты бафыстытæ æру-ромыны тыххæй.

2.2. Афоныл кæй нæ бафыстæуыд, уыцы хæсы фæдыл архайдтытæ æруромыны тыххæй.

2.3. Фæлхасадон кредиты бадзырды фæдыл хæстæ æмгъуыдæй раздæр сæх-хæст кæныны тыххæй домæнтæ æруромыны тыххæй.

2.4. Хæс сфыссыны процедурæ æруромын.

2.5. Кредиты бадзырдты фæлгæтты æндæр хæстæ æххæст кæнын æруромыны тыххæй.

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет баххуыс бакæнæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Тæрхондоны приставты службæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны бангтæн СÆО-йы хайадисджытæн баххуыс кæныны тыххæй чи бахатыд, уыдон сбæрæг кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан
г. Цхинвал, 2023 азы 20 февраль

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.