Республикæйы боны цытæн Ирыстоны алы къуымы дæр уагъд æрцыдысты алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ. Цхинвалы районы Дампъалеты хъæууон библиотекæйы дæр бацæттæ кодтой бæрæгбонон мадзал. Мадзалмæ æрбацыдысты районы культурæйы хайады кусджытæ, хъæуы цæрджытæ, скъоладзаутæ.

Мадзал бацæттæ кодта библиотекæйы кусæг Тъехты Оксанæ.

Библиотекæйы агъуыст уыд бæрæгбонон фæлыст, бацæттæ кодтой къулын газет дæр. Сарæзтой равдыст рагон ирон дзаумæттæн, раджыйы рæстæджы адæм цы кусæнгæрзтæй пайда кодтой, уыдонæн.

Республикæйы бæрæгбоны тыххæй æрæмбырдуæвджытæн цыбыртæй æрдзырдта Тъехты Оксанæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  ацы бон у ахсджиаг, ис ын историон нысаниуæг. 20 сентябрь æрмæст Хуссар Ирыстоны цæрджыты бæрæгбон нæу, фæлæ  мах ацы бон нымайæм ирон адæмы иумæйаг стыр бæрæгбоныл. Ирон адæм 1990 азы цы уынаффæ райстой, уый уыд раст æмæ бирæ азты дæргъы нæ адæм цы тох фæкодтой, уый нын æрхаста 2008 азы 26 августы Уæрæсейы ʻрдыгæй хæдбардзинад банымайын.

Республикæйы боны цытæн æмдзæвгæтæ аив бакастысты Багаты Азæмæт, Хетæг, Тъехты Хетæг æмæ æндæртæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.