Не ‘гъдау  – нæ удварн. Ацы дзырдтæ зæрдæйæн уæлдай æхцон æмæ адджындæр сты. Цас рæсугъд æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнынц адæймаджы зæрдæйы ацы дыууæ цыбыр дзырды. Не ‘гъдæуттæ цæстыгагуыйау чи хъахъхъæны, уыдоны æмрæнхъ лæууынц 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ сæ ахуырдзаутæ.

Скъолайы директор Туаты Мадинæ æмæ ахуыргæнджытæ хорз æмбарынц нæ фыдæлты æгъдæутты нысаниуæг царды æмæ сæ уд хъарынц, цæмæй не ‘гъдау бæрзонд æмвæзадыл æвæрд уа. Уымæ гæсгæ алыгъуызон цымыдисон мадзæлтты руаджы, уыдон сæ ахуырдзауты зæрдæты, æвзæрын кæнынц уарзондзинад нæ фы-дæлты æгъдæуттæм, мадæлон æвзагмæ. Цымыдисон  æмæ мидисджын рауад ацы ног азмæ цы мадзалмæ банысан кодтой «Ногбон», зæгъгæ, уый.

Мадзал бацæттæ кодтой 5-æм астæуккаг скъолайы 6 «б» къласы ахуырдзаутæ, сæ къласгæс Бежанты Мананæ, музыкæйы ахуыргæнæг Джиоты Ингæ æмæ скъолайы кафджыты ахуыргæнæг Тедеты Аланæ.

Аив фæлгонцгонд залмæ æрбамбырд сты скъолайы иннæ ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ сывæллæтты ныййарджытæ. Ам фенæн уыд рагон ирон хæдзары бинонты цардыуаг æмæ куыд нысан кодтой сæ бæрæгбон ууыл дзурæг атрибуттæн.

Бæрæгбон Ногазон арфæтимæ æрбайгом кодта Бежанты Мананæ. Уый фæстæ 6 «б» къласы ахуырдзаутæ ног азы тыххæй дзургæйæ, афтæ сырæхстысты æмæ сæхимæ æркæсын кодтой мадзалмæ æрбацæуджыты се ‘ппæты дæр. Ацы æвзонг фæсивæды арæхстджын фезмæлдмæ кæсгæйæ, сæ зæрдæскъæфгæ дзырдмæ хъусгæйæ, адæймаджы зæрдæ æнкъардта æхцондзинад. Бæрæгæй зынд, нæ фыдæлты фарнæй æмæ аивады курдиæттæй хайджын кæй сты, уый.

Ногазон бæрæгбонон мадзалы ахуыргæнинæгтæ кæрæдзи ивгæйæ дзырдтой:

– Ногбон у ирон адæмы уарзондæр бæрæгбон. Ногбонмæ ирон адæм æн-хъæлмæ кастысты ног хорздзинæдтæ æрхæссынмæ. Зæронд азæн та æрвыстой сæ фыдбылызтæ, æппæт фыдæхдзи-нæдтæ. Цыфæнды дард балцæй дæр уыдон тырныдтой сæ хæдзармæ, уыцы æхсæв. Уæд бинонты æхсæн нæ уæвын нымадтой фыдбылызы нысаныл æмæ цыфæнды хъызт куы уыдаид, уæддæр иу никуы ныллæууыдаид.

– Ногбонмæ иу ирон бинонтæ архайдтой фæйнæ фæлысты ног дзаума ссарынмæ. Алкæд уый сæ къухты не ‘фтыд æмæ-иу сæ зæронд дзаума  бæстон хуыдтой, сыгъдæг æхсадтой.

Кусартæн ногбонмæ хастой тохъхъылтæ сæгътæ æмæ фыстæй. Урсагæй та ахстой сæрмагонд гуымбыл. Ногбоны фынгмæ бинонтæ сæхи развæлгъау цæттæ кодтой. Фынг цас бæркадджындæр уа, уыййас бæркадджындæр уыдзæн, уыцы аз. Ногбоны кувинагæн сæйрагдæрыл ны-мадтой æртхурон, æртхуроны æртæ æртæдзыхоны, уыдонимæ та фыхтой æртæ зæды номыл æртыгай уæливыхтæ. Ногбон æхсæв ма-иу сылгоймæгтæ скодтой басылтæ: адæмы, фосы æмæ сырды хуызтæ. Ногбон æхсæв хæдзарæй хæдзармæ нæ хуыдтой, æрмæст-иу фæсивæд зылдысты хæдзæрттыл, кафыдысты, зарыдысты. Нæлгоймæгтæ-иу скодтой кæлмæрзæнтæ, къабатæ æмæ фæзмыдтой адæмы, фосы.

Ахуыргæнинæгтæ ма сæ раныхæсты æрдзырдтой уыцы райсомы донæн стыр магион тых кæй уыд, уый тыххæй. Уыцы райсомы дон, зæгъгæ, вæййы сыгъдæгдæр æмæ сæ уырныдта уый æвдадзы хос кæй уыд.

Дон  æрбахæссæджы размæ-иу бинонтæ рæвдзæй лæууыдысты, сæхи-иу дзы ахсадтой, анозтаиккой дзы, къуымты дзы пырх кодтой. Уый фæстæ цыдысты холлагдæттæм арфæтæгæнгæ. Хос æмæ хор арæхæн бинонты цард, зæгъгæ. Уый фæстæ-иу æрцæттæ кодтой кувинаджы фынг. Æмæ-иу хистæр скуывта æмæ ныффæдзæхста бинонты Хуыцау æмæ Уастырджийæн, тыллæджы æрзад Уациллайæн. Рæстæджы хорзæх куырдта Дунейы фарнæй. Уый фæстæ-иу кувæггæгтæй ацаходыны фæстæ бавнæлдтаид æртхурон лыгкæнынмæ. Уыцы рæстæджы бинонтæй уæлдай хъыпп-сыпп нæ хъуыст. Æртхуронæй хæрæфыртæй дарддæр никæцы хæстæгæн нæ фæтччыдис. Хæргæ-хæрын дзы зæхмæ ма хъуамæ æрхаудаид.

Ногбоны райсомы æгъдау-иу аххæссыди хуры скастмæ, стæй иу уæд цæуын рай-дытой кæрæдзимæ арфæтæ кæнынмæ.

Ахуыргæнинæгтæ ацы ролтæ афтæ аив сæххæст кодтой æмæ йæ мадзалмæ æрбацæуджытæ равдыстой тыхджын къухæмдзæгъдæй.

Ахуыргæнинæгтæ ма стыр цымыдисимæ радзырдтой, Ногбон райсом-иу фыццаг хæдзармæ чи æрбацыд, уый-иу кæй бахъуыды кодтой. Æмæ-иу кæд бинонтыл исты фыдбылыз æрцыдаид, уæд-иу æй уый æфсон фæкодтой.

Ногбоны æртытæ кæй кодтой æмæ арты цæхæртæй æппæты цыбырдæр æмæ растдæр фæндаг уæлæрвтæм Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм кæй ардтой, уый сæххæст кæнын дæр ахуыргæнинæгты къухты бафтыд æнцонæй. Уыдон  æрхæцыдысты кæрæдзийы цæнгтыл æмæ арты алыварс зарыдысты, кафыдысты æмæ хъæр кодтой: «Сой, сой!». Хистæртæ дæр сæ разæнгард кодтой: «Цы курут, цы? Цы уæ хъæуы, цы?». Æмæ уыдон дæр дзуапп лæвæрдтой: «Сой курæм, сой! Амонд курæм амонд!»

Уæдæ ирон бæрæгбон æнæ нæр-тон симдæй дæр кæм фидауы æмæ ам тынг сарæхстысты ахуыргæ-нинæгтæ, акафыдысты йæ тынг аив. Уыдон ма сæххæст кодтой æн-дæр ирон кæфтытæ дæр.

Иудзырдæй, ацы ма-дзалы ахсджиаг бынат бацахста хъомыладон куыст. Уый тыххæй скъолайы директор Туаты Мадинæ раарфæ кодта ахуыргæнинæгтæн, сæ къласгæс Бежанты Мананæ æмæ ныййарджытæн дæр. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ скъолайы директор йæхæдæг дæр уæлдай тынгдæр йæ хъус кæй дары фыдæлты æгъдæуттæм, цæмæй лæвæрд цæуой фæлтæрæй-фæлтæрмæ.

Зæрдæбынæй уыдысты йæ арфæтæ РХИ-йы Ахуырады министр Гаглойты Элисайæн ахуыргæнинæгтæ æмæ мадзал чи бацæттæ кодтой, уыцы ахуыргæнджы-тæн.

«Арфæ уын кæнын æрбалæугæ ног азы цытæн, фæнды мæ, цæмæй уат æнæниз, æмæ хъомыл кæнат сыгъдæг арвы бын. Сымах махæн стут иууыл хуыздæр æмæ курдиатджындæр кæстæртæ. Ут нын кæддæриддæр æнæниз æмæ амондджын, уæ фыдæлты фарнæй та хайджын», – загъта йæ раныхасы Гаглойты чызг.

«Абоны цы мадзал федтам, уый æхцондзинад æрхаста махæй алкæмæн дæр. Адæм се ‘гъдæуттæй фидауынц, уыдонæй хицæн кæнынц æндæр æмæ æндæр нацитæ дæр кæрæдзийæ. Æмæ сæм абон нæ иумиагахуырадон скъолатæ се ‘ргом кæй раздæхтой, кæй сæ ахуыр кæнынц уый тынг хорз хъуыддаг у. Мах хъуамæ уарзæм не ‘взаг, не ‘гъдæутты, уарзæм нæ райгуы-рæн бæстæ æмæ нын уæд тыхгæнæг тых нæ ракæндзæн. Ацы æгъдæутты тыххæй бирæ дзырд цæуы нæ Парламенты дæр æмæ уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, царды хорздзинæдтæ æмæ æнтысгæ ахуыр», – дзырдта РХИ-йы Парламенты депутат Уалыты Розæ йæ раныхасы.

Зæрдæбын арфæтæ ракодта ахуыргæ-нинæгтæн скъолайы биологийы ахуыргæнæг Бестауты Азæ дæр. Йæ раныхасы уый банысан кодта не ‘гъдæутты ахсджиагдзинад æмæ ахуыргæнинæгтæн йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, ахуырфæзарондзинад, се ‘гъдæуттыл æнувыд уæвын.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.