5-æм июнь нымад цæуы Экологийы боныл. Уый цытæн Мыхуыр æмæ информацийы хæдзары уагъд æрцыд пресс-конференци. Хуынд æм æрцыдысты РХИ Геологи, экологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитеты сæрдары хæдивæг Харебаты Алан æмæ Æхсæнадæмон организаци «Земная Алания»-йы сæргълæууæг Габайты Зæлинæ.

«Нæ комитет архайы, цæмæй Хуссар Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад, хæхты æмæ кæмтты хъæздыгдзинæдтæ хъахъхъæд цæуой. Хъæд цæмæй рæсугъд вæййы – бæлæстæй, мæргътæй æмæ алыгъуызон цæрæгойтæй. Фæлæ йæ нæ хъахъхъæнæм, фыдаудæн ын кæнæм. Комитет архайы æнæзакъонон дурцъæлгæнæнты ныхмæ. Æдæппæт нæ республикæйы территорийыл уыд 26 ахæм куыстуаты. Уыдонæн сæ рæстæджы лæвæрд æрцыд лицензитæ. Мах комитеты руаджы уыцы баргæххæттытæ урæд æрцыдысты, баззад ма дзы æрмæст дыууæ. Иннæты номхыгъд алæвæрдтам барадхъахъхъæнæг органтæм. Ныр уыдонæн сæ бон у æруромой, æнæлицензийæ чи кусы, уыцы дурцъæлгæнæн заводты», – дзырдта Харебаты Алан.

Уымæй дарддæр ма æрдзырдта, комитет Генералон прокуратурæйы кусджытимæ иумæ æппынæдзух рейдтæ кæй уадзынц, уый тыххæй æрдзæн фыдаудæн чи кæны, йæ хъæздыгдзинæдтæ йын æнæзакъонæй чи къахы, ахæм адæймæгты ныхмæ. Зæгъæм нæ хъæздыгдзинадыл цы суадæттæ æмæ цæугæдæттæ нымад цæуынц, уыдон чъизи кæныны бар нæй. Хъыгагæн, кæддæры сыгъдæг Стыр Леуахийы дон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Йæ былгæрæтты йын фенæн ис арæзтад æмæ цардуагон броны обаутæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæ цымыдис кодтой ахæм фарстатæм куыд зæгъæм, Геологи, экологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитет цæмæн бауагътой Дзауы районы цы Æфсæддон базæ арæзт æрцыд, уыдон канализацион хæтæлтæ цæугæдонмæ баиу кæнын. Ацы  фарстæн Харебаты Алан афтæ сдзуапп кодта: «Фарст махæн дæр риссаг у. Мах бирæ хæтыты бахатыдыстæм компетентон органтæм. Куыд зонæм, афтæмæй ног канализацион хæтæлтыл арæзт æрцыд сыгъдæггæнæн ифтонгæдтæ, фæлæ зæронд хæтæлтæй абон онг дæр цæуы пайдагонд æмæ уыдон æцæгдæр арæзт сты цæугæдонмæ. Ныртæккæ ацы фарстыл кусы Санэпидстанц, уыдонæн Хицауадæй ис хæслæвæрд, цæмæй ацы фарст скъуыддзаг æрцæуа. Мах комитет йæ хъус дардзæнис, цæмæй проблемæ аиварс уа æмæ, йæ æхсæнады размæ рахæссат сымах.  Уымæн æмæ уый у нæ иумæйаг рис».

Харебаты Алан ма æрдзырдта нæ республикæйы территорийыл цы цæугæдæттæ цæуы, уыдон цæмæй хъæздыг сты, уыдæттыл. Махмæ, дам, ис потенциал, цæмæй сæрибарæй æрхонæм инвесторты æмæ саразæм экологон æгъдауæй сыгъдæг куыстуæттæ, кæцытæ пайда хæсдзысты паддзахады бюджетæн дæр æмæ инвесторæн дæр. Махмæ цы суадæттæ ис, уыдон сконды Менделеевы таблицæйæ ис алы элемент дæр. Куыд зонæм, афтæмæй сыгъдæг дон проблемон у канд УФ нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Ирыстоны цы суадæттæ ис, уыдон та лæдæрсынц æнæхъуаджы.

Æхсæнадон-экологон организаци «Зеленая Алания»-йы сæргълæууæг Габайты Зæлинæ дæр лæмбынæг æрдзырдта сæ организацийы архайды тыххæй. «Ныртæккæ мах брон сортировкæгæнæн куыстуат «Чистый мир»-имæ иумæ бакуыстам иумæйаг программæйыл. Сентябры мæйæ горæт æмæ районты стырдæр скъолаты сæвæрдзыстæм хицæн сæрмагонд брондæттæ – пластик, авг æмæ гæххæттæн. «Ацы нывæзтыл рагæй кусæм. Нæ фарсмæ, куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр æрбалæууыд «Чистый мир». Раст уыдон фæрцы æвæрд æрцæудзæн бронæн хицæн асыччытæ. Ахæм контейнертæ æдæппæт уыдзысты 24. Кæд ацы архайдæн хорз фæстиуæг уа, уæд уый фæстæ ацы асыччыты нымæц фæфылдæр уыдзæнис».

Уый куыд загъта, афтæмæй УФ экологтæ амонынц, æрдзæн тынг зиан кæй хæссынц зæронд батарейкæтæ. Уыдон æмбырд кæнын хъæуы хицæнæй. Цæмæй ацы проблемæмæ хуыздæр хъусдард здæхт æрцæуа, уый тыххæй скъолатæм бахизæнты дæр æвæрд ис асыччытæ. Сывæллæттæй чи фылдæр батарейкæтæ ныппара уыцы ран, уыдонæн лæвæрд цæуы сюрпризтæ. Ацы метод хорз кусы æмæ фидæны йæ бакусыныл хъавы «Зеленая Алания» дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.