Бангы фадыджы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Бангон фадыджы стабилон рæзт у не ’мбæстæгты финансон стабилондзинад æмæ фæрныгады бындур, бæстæйы социалон-экономикон æнтыстджын рæзты гаранти.

Æппæт райсгæ æнтыстыты бындуры ис цæсгомджын куыст æмæ зонындзинæдтæ. Уæ бæрндзинад æмæ компетентондзинадыл бирæ бæрцæй баст у Республикæ Хуссар Ирыстоны уавæр.

Ныфс мæ ис, уæ фæлтæрддзинад æмæ профессионализм дарддæр дæр лæггад кæндзысты Райгуырæн зæххы хæрзиуæгæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы æнтыстджын куыст æмæ дарддæры æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан

 ***

Бангон фадыджы цытджын кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын профессионалон бæрæгбон — Бангон кусæджы боны цытæн.

Бангон системæйæн ис ахсджиаг нысаниуæг бæстæйы социалон-экономикон рæзты, у финансон стабилондзинады бындур, ахъаз кæны бизнес сфидар кæнын æмæ нæ адæмы фæрныгадæн. Уæ цæсгомдзинад æмæ профессионализмæй бирæ бæрцæй баст у экономи-кæйы æппæт фадгуыты хорз куыст. Ныфс мæ ис, бирæ азты дæргъы фæлтæрддзинад æмæ хъуыддагмæ бæрнон ахаст дарддæр дæр лæггад кæндзысты бангон системæйы рæзтæн нæ республикæйы хæрзиуæгæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, амонд, бинонты фæрныгад æмæ æнтыстытæ профессионалон архайды.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан