Фӕстиуджытӕ арӕзт ӕрцыд, Цхинвалы районы фермерон хӕдзарадты фосдарджытӕ цы куыст бакодтой, уыдонӕн. Статистикон хайады фӕстаг зонӕнтӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй фосдарды куыст чи кӕны, уыцы хӕдзарадты нымӕц у 13. Ӕдӕппӕт хӕдзарадты стуртӕ нымадӕуы 331, уыцы нымӕцы хъуццытӕ та сты 154. Иууыл фылдӕр стуртӕ чи дары, уыдон нымӕцмӕ хауынц: «Арцеу» – 116, уыцы нымӕцы сӕм хъуццытӕ ис 44, «Алан» – 65, уыцы нымӕцы хъуццытӕ та – 32, фӕйнӕ 26 стуры дарынц «Тъбет» ӕмӕ «Цъунар» Лохы фырт, «Фат» – 22, «Тын» – 20 ӕмӕ ӕндӕртӕ. Районы хӕдзарадтӕй фысдарды куыст кӕны ӕрмӕстдӕр иу – «Алан»-ы фермерон хӕдзарад ӕмӕ йӕ фысты нымӕц у 250, ацы хӕдзарад уӕрыччытӕ та хъомыл кӕны 150. Бӕхтӕ дарынц цыппар хӕдзарады ӕмӕ сӕ нымӕц иууыл иумӕ у 10.

Зӕгъын хъӕуы, иуӕй-иу хӕдзарадты куысты фӕстиуджытӕ кӕй сты бынтон мӕгуырау. Ахӕмтӕ, куыд «Фӕллой» ӕмӕ «Циндзинад», уыцы хӕдзарадты разамонджытӕ нырӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ ӕвдисой фылдӕр фердӕхтдзинад, цӕмӕй слӕууой раззагдӕр хӕдзарадты ӕмрӕнхъ. Кӕсагдарды куыст та кӕнынц «Форель» ӕмӕ «Океан».

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.