18-æм сентябры РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фæуазæг республикæйы фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы æнæниздзинад хъахъхъæнын комитетмæ.

Йемæ ма уыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан.

Президенты бацыды нысан уыд ног малекулярон диагностикæйы лаборатори байгом кæныны цытджын церемонийы хайад райсын.

Уазджытыл цытджын æгъдауæй сæмбæлд республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, мадзал уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны расидыны боныл 28 азы сæххæсты цытæн. «Молекулярон иртæстыты лаборатори мах бакодтам республикæйы къухдариуæгад æмæ Уæрæсейы Федерацийы коллегæты æххуысы руаджы, афтæ ма нæхи кусджыты тырнындзинады руаджы дæр.

Коцты Маринæ ма банысан кодта ацы лабораторийы фæрцы кæй уыдзæн инфекцион низтæ хæссæг бактериты раг стадийыл сбæрæг кæныны фадат. «Нырмæ анализты тыххæй дзуаппмæ кæд 4-5 бон æнхъæлмæ кæсын хъуыд, уæд ныр ног лабораторийы фæрцы та дзуапп лæвæрд цæудзæнис суткæйы мидæг. Нæ бон ма суыдзæн генетикон æмвæзадыл ДНК æмæ РНК-йы ананлизтæ саразын дæр. Нæ хуссайраг сыхæгтæм дæр ис ахæм лаборатори, фæлæ уыдонæн кусы адæймагады ныхмæ, махæн та кусдзæн  адæймагады хæрзиуæгæн».

Президент Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, лабораторийы баконд у тынг ахсджиаг цау. Комитеты кусджытæм йæ ныхас аздахгæйæ банысан кодта, зæгъгæ, сымах аргъ кæнут продукты æмæ доны гъæдæн. Сымах къæрццхъусдзинад æмæ цæстдардæй кæнгæ у бирæ адæймæгты хъысмæт. Ныр ацы лабораторийы баконд ратдзæн ноджы фылдæр низтæ бæрæг кæныны фадат. Алчидæр зоны инфекцион низтæ хæссæг бактеритæн развæлгъау хос кæнын æнцондæр кæй у. Цæмæй не ‘мбæстæгты ахæм анализтæ аразынмæ дард ранмæ цæуын мауал хъæуа, уыцы нысанæн арæзт æрцыд ацы лаборатори. Бузныг зæгъын ацы стыр хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн, зæгъгæ, балхынцъ кодта йæ ныхас Бибылты Анатоли..

Уый фæстæ Президент æмæ йе ‘мбæлццонтæ азылдысты æмæ федтой ног лаборатори.

Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы æнæниздзинад хъахъхъæныны комитеты кусджытæн президент ноджыдæр раарфæ кодта сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Цалдæр кусæджы та схорзæхджын кодта майдантæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.