Адæймаг æрвылбон дæр цы хæрзиуджытæй пайда кæны, æрдзы уыцы лæвæртты ахсджиагдæртæй иу нуазыны дон у. Кæй зæгъын æй хъæуы, махыл нæхæдæг хъуамæ аудæм, хъахъхъæнæм æй алыхуызон знаггадæй. Уыцы хъуыддаг æмбарынц æмбæстæгты фылдæр хай æмæ сæ алыварс  суадæтты сыгъдæгдзинадыл кусын кæддæриддæр  нымайынц сæ сæйрагдæр хæсыл.

Фыдæлтыккон у Цхинвалы районы Къостайыхъæуы суадон æмæ йын йæ хæрзгъæддзинадæй пайда кæнынц канд бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ ма нæ горæт æмæ ауылты цæуæг бæлццæттæй дæр бирæтæ. Фæлæ зæгъын хъæуы, алы чысыл хъуыддагмæ дæр хъæуы лæмбынæг ахаст дарын. Ацы суадоны алыварс дæр нæ уыд зæрдæйы фæндиаг, уыд антисанитарон уавæры æмæ домдта уый фæткмæ æркæнын, цæмæй йæ сыгъдæгдзинадæй рухс кодтаид адæймаджы зæрдæ. Уавæр бахынцыд æрцыд хъæууон администрацийы сæргълæууæг Бигъуылаты Олегы комкоммæ разамынд æмæ фæндонмæ гæсгæ. Уый æрæджы бахæс кодта бынæттон цæрджытæй Саулохты Нодар, Хъабанты Ацæмæз æмæ Батойæн, цæмæй æркæсой æмæ аиуварс кæной уæлдæр æрхæсгæ згъуыдтæ. Уыдон сыгъдæггæнæн куыстытæм рацыдысты æд кусæнгæрзтæ, асыгъдæг æй кодтой алыхуызон къутæртæй æмæ йын æркарстой  йæ хæмпæлгæрдæг дæр. Суадоны сыгъдæггæнæн куыстыты хайад райста бынæттон администрацийы сæргълæууæг Бигъуылайы-фырт йæхæдæг дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.