Уæлахизы бон — цæссыгимæ бæрæгбон. Ацы ахсджиаг бæрæгбон æрвылаз дæр уæрæхæй банысан кæнынц куыд Уæрæсейы Федерацийы, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дæр. Уæлахизы боны цытæн уагъд æрцыд бирæ мадзæлттæ. Нæ республикæйы скъолаты уагъд æрцыдысты хъайтардзинады уроктæ. Уый æддейæ ма, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад сорганизаци кодта акци «Радость фронтовику». Ацы акцийы фæлгæтты нæ республикæйы ахуыргæнинæгтæ хæдзæрттæм бацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæм æмæ сын арфæйы ныхæстимæ бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Скъоладзаутæ ма сын бацæттæ кодтой фыстæджытæ, цыран уыдон хæсты ветерантæн равдыстой сæ бузныгдзинад, абон уыдоны руаджы сыгъдæг арвы бын кæй цæрынц, уый тыххæй.

Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы уæвынад кæны организаци «Ногдзау». 9-æм майы ацы организацийы уæнгтæ — 6-æм къласы ахуыргæнинæгтæ хæдзары бабæрæг кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Къусраты Ильяйы æмæ йын раарфæ кодтой Стыр Уæлахизы боны цытæн, афтæ ма йын бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.

Ацы акци сорганизаци кодта 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыр-хъомыладон фарстаты фæдыл хайады сæргълæууæг Тедеты Ноннæ. Къусрайы фырт йæ чысыл æмæ иннæ уазджытыл сæмбæлд зæрдæрайæ. Йæ цæсгомыл зынд тынг æхсызгон ын кæй уыд, кæй йæ æрхъуыды кодтой, уый. Уый ахуыргæнинæгтæн радзырдта йæ хæстон царды хабæрттæ. «Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд æз уыдтæн хæрз æвзонг лæппу. Мæнмæ æрсидтысты ме ’мбæстагон хæс бафидынмæ, фæлæ уæдмæ советон адæмыл айхъуыст фыдохы хабар — фашистон Герман гадзрахатæй æрбабырста Советон Цæдисмæ. Адæм, ацы сау хабар фехъусгæйæ, зæрдæхъæрмттæ кодтой, фæлæ карды бын уæууытæй нал вæййы. Адæм растадысты Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Мæн арвыстой Азербайджанмæ. Мæнмæ дæр æрсидтысты æфсадмæ. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстам уæззау хæстон азты рæстæджы, фæлæ бафæрæзтам æмæ рæстдзинад фæуæлахиз. Знаг састы бынаты баззад йæ лæгæты. Сымахæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй макуыуал фенат хæст. Ахуыр кæнут хорз, цæмæй сомбоны пайда æрхæссат нæ республикæйæн».

Уый фæстæ скъоладзаутæ Стыр Уæлахизы бонмæ арфæ кæнынмæ бацыдысты Дзеранты Шотамæ æмæ йын бакодтой зæрдылдарæн лæвар. Уый бузныджы ныхæстæ загъта скъоладзаутæн.

Нæ горæты иннæ скъолаты ахуыргæнинæгтæ ма бабæрæг кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты нæ горæты цæрæг æндæр ветеранты дæр.

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.